Матфейы Евангели

Апрель 25, 2010

1 Сæр

Йесойы хæдзарвæндаг

1 Йесо Чырыстийы – Авраам æмæ Давиды байзæддаджы – хæдзарвæндаг.

2 Авраамæй райгуырд Исаак; Исаакæй райгуырд Иаков; Иаковæй райгуырдысты Иудæ æмæ йе ‘фсымæртæ;

3 Иудæйæн Фамарæй райгуырдысты Фарес æмæ Зара; Фаресæй райгуырд Есром; Есромæй райгуырд Арам;

4 Арамæй райгуырд Аминадав; Аминадавæй райгуырди Наассон; Наассонæй райгуырди Салмон;

5 Салмонæн Рахавæй райгуырд Вооз; Воозæн Руфæй райгуырд Овид; Овидæй райгуырд Иессей;

6 Иессейæ райгуырди паддзах Давид; Давидæн Урийы усæй райгуырди Соломон;

7 Соломонæй райгуырди Ровоам; Ровоамæй райгуырд Ави; Авийæ райгуырд Аса;

8 Асайæ райгуырд Иосафат; Иосафатæй райгуырд Иорам; Иорамæй райгуырд Ози;

9 Озийæ райгуырд Иоафам; Иоафамæй райгуырд Ахаз; Ахазæй райгуырд Езеки;

10 Езекийæ райгуырди Манасси; Манассийæ райгуырд Амон; Амонæй райгуырд Иоси;

11 Иосийæ райгуырдысты Иехони æмæ йе ‘фсымæртæ. Уыцы рæстæг иудейты сыстын кодтой æмæ сæ арвыстой Вавилонмæ.

12 Вавилонмæ арвитыны фæстæ Иехонийæ райгуырди Салафиил; Салафиилæй райгуырди Зоровавел;

13 Зоровавелæй райгуырд Авиуд; Авиудæй райгуырд Элиаким; Элиакимæй райгуырд Азор;

14 Азорæй райгуырди Садок; Садокæй райгуырд Ахим; Ахимæй райгуырд Элиуд;

15 Элиудæй райгуырд Элеазар; Элеазарæй райгуырди Матфан; Матфанæй райгуырд Иаков;

16 Иаковæй райгуырди Мариайы мой Иосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кæй хонынц, уыцы Йесойы.

17 Афтæмæй Авраамæй Давиды онг æдæппæт уыди цыппæрдæс фæлтæры; Давидæй Вавилонмæ арвитыны онг – цыппæрдæс фæлтæры; Вавилонмæ арвитыны заманæй Чырыстийы онг – цыппæрдæс фæлтæры.

Йесо Чырыстийы райгуырд

18 Йесо Чырыстийы райгуырд уыди афтæ. Йæ Мад Мариа куырдуаты бадт Иосифæн, æмæ нæма баиу сты, афтæмæй рабæрæг, Мариа Сыгъдæг Уды хъаруйæ кæй банхъæлцау.

19 Йæ мой Иосиф раст адæймаг уыди, фæлæ йæ Мариайы адæмы цæсты бафтауын кæй нæ фæндыд, уымæ гæсгæ сфæнд кодта сусæгæй Йæ ауадзын.

20 Ахæм хъуыды йæм куы сæвзæрд, уæд æм фыны фæзынд Хуыцауы зæд æмæ йын загъта: «Давиды байзæддаг Иосиф! Ма тæрс дæ ус Мариайы дæ хæдзармæ æрбахонынæй — Йæ гуыбыны Чи сæвзæрди, Уый Сыгъдæг Удæй у.

21 Ныййардзæни Фырт æмæ Йæ схондзынæ Йесо, уымæн æмæ Йæ адæмы фервæзын кæндзæни сæ тæригъæдтæй»*.

22 Æппæт уыдæттæ æрцыдысты, цæмæй сæххæст уа, Хуыцау пехуымпары дзыхæй цы загъта, уый:

23 «Æнæцыд Чызг банхъæлцау уыдзæни, ныййардзæни Фырт, æмæ Йæ схондзысты Эммануил» (ома, «Хуыцау немæ ис»).

24 Иосиф куы райхъал, уæд бакодта, Хуыцауы зæд ын куыд бафæдзæхста, афтæ — йæ усы æрбахуыдта йæ хæдзармæ.

25 Æмæ Йæм æмгæрон нæ бацыд, афтæмæй Мариа ныййардта Фырт; æмæ Йæ Иосиф схуыдта Йесо.

  • 1:21 Ном Йесо (дзуттагау «Йегъошуа») амоны «Хицау ирвæзын кæны»

2 Сæр

Стъалыдæсныты æрцыд

1 Йесо райгуырд иудейаг Вифлеемы, Ирод паддзахиуæг куы кодта, уæд. Уыцы рæстæг Иерусалиммæ скæсæнæй æрцыдысты стъалыдæснытæ æмæ бафарстой:

2 «Кæм ис иудейаг ноггуырд Паддзах? Мах ын Йе стъалы федтам скæсæнæй ссæугæ, æмæ æрцыдыстæм, цæмæй Йæм бакувæм».

3 Паддзах Ирод уый куы фехъуыста, уæд скатай, йемæ скатай æппæт Иерусалим дæр.

4 Уæд æрæмбырд кодта æппæт иудейаг алчерты æмæ динамонджыты, æмæ сæ бафарста: «Чырысти кæм хъуамæ райгуыра?»

5 Уыдон ын дзуапп радтой: «Иудейаг Вифлеемы, уымæн æмæ афтæ фыст у пехуымпармæ:

6 «Ды дæр, Вифлеем, Иудæйы зæхх, ницæмæй къаддæр дæ Иудæйы сæйраг сахартæй, уымæн æмæ дæуæй рацæудзæни Фæтæг æмæ хиздзæни Мæ адæмы — Израилы»».

7 Ирод сусæгæй басидти стъалыдæснытæм æмæ уыдонæй базыдта, стъалы кæд фæзынд, уыцы афон.

8 Уæд сæ арвыста Вифлееммæ æмæ сын бафæдзæхстæ «Ацæут æмæ бæлвырд базонут Сывæллоны тыххæй, æмæ Йæ куы ссарат, уæд мын фехъусын кæнут, æз дæр ацæуон æмæ Йæм бакувон».

9 Уыдон байхъуыстой паддзахмæ æмæ ацыдысты. Скæсæны цы стъалы федтой, уый цыди сæ разæй, æппынфæстаг æрбахæццæ æмæ æрлæууыди, Сывæллон кæм уыди, уыцы бынаты сæрмæ.

10 Стъалы куы федтой, уæд сæ цинæн кæрон нал уыди.

11 Хæдзармæ куы бацыдысты, уæд федтой Сывæллоны Йæ Мад Мариаимæ, æрзоныг сты æмæ Йæм бакуывтой. Стæй систой сæ хæзнатæ æмæ Йын ракодтой лæвæрттæ: сызгъæрин, буд æмæ смирнæ.

12 Æмæ уырдыгæй æндæр фæндагыл ацыдысты сæхи бæстæмæ, уымæн æмæ сын фыны загъдæуыд, цæмæй мауал аздæхой Иродмæ.

Алыгъдысты Мысырмæ

13 Уыдон куы ацыдысты, уæд Хуыцауы зæд фыны фæзынд Иосифмæ æмæ йын загъта: «Сыст, ракæн Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ алидз Мысырмæ, æмæ дын цалынмæ зæгъон, уæдмæ уым цæр, уымæн æмæ Иродæн йæ зæрды ис Сывæллоны ссарын æмæ Йæ амарын».

14 Иосиф сыстади, уыцы æхсæв ракодта Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ ацыд Мысырмæ.

15 Æмæ уым фæци Ироды амæлæтмæ. Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, пехуымпары дзыхæй Хуыцау цы загъта, уый: «Æз Мæ Фырты ракодтон Мысырæй».

Ирод мары сывæллæтты

16 Стъалыдæснытæ йыл сайдæй кæй рацыдысты, уый Ирод куы бамбæрста, уæд тынг смæсты, Вифлееммæ æмæ йæ алфамбылаймæ арвыста, дыууæ азæй къаддæр кæуыл цыд, æппæт уыцы лæппуты амарынмæ. Ирод стъалыдæснытæй куыд базыдта, афтæмæй Ноггуырд уыди ахæм кары.

17 Уæд сæххæст, Иереми-пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый:

18 «Рамæйы хъуысы дзыназын, кæуын æмæ зæрдæхалæн хъарæг. Рахил кæуы йæ хъæбултыл, æмæ йæм ныфсæвæрæнтæ нæ хъарынц, уымæн æмæ йæ хъæбултæ æгас нал сты».

Æрцыдысты Назаретмæ

19 Ироды амæлæты фæстæ Хуыцауы зæд фыны фæзынд Иосифмæ Мысыры,

20 Æмæ йын загъта: «Сыст, ракæн Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ ацу Израилы зæхмæ — Сывæллоны амарынмæ чи хъавыди, уыдон амардысты».

21 Иосиф сыстади, ракодта Сывæллоны Йæ Мадимæ æмæ æрцыд Израилы зæхмæ.

22 Фæлæ Архелай йæ фыд Ироды бæсты Иудейæйы паддзахиуæг кæй кæны, Иосиф уый куы фехъуыста, уæд уырдæм цæуын нал бауæндыди. Фыны йын загъдæуыд, æмæ ацыди Галилейы зæхмæ.

23 Æрцыд æмæ æрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, пехуымпарты дзыхæй цы загъдæуыд, уый: «Схондзысты Йæ Назорей».

3 Сæр

Аргъауæг Иоанн сиды фæсмонмæ

1 Уыцы рæстæг Аргъауæг Иоанн Иудейаг æдзæрæг бæстæйы райдыдта адæмæн дзурын:

2 «Æрфæсмон кæнут, уымæн æмæ æрхæстæг Уæларвон Паддзахад».

3 Иоанн уыди, Исай-пехуымпар рагагъоммæ афтæ кæй тыххæй загъта: «Æдзæрæг ран хъуысы фидиуæджы хъæлæс: „Æрцæттæ кæнут Хицауæн фæндаг, æмраст Ын скæнут Йæ цæуæнтæ».

4 Иоанн дардта теуайы хъуынæй дарæс, йæ астæуыл та уыди гæрзæй рон; йæ хойраг уыдысты мæтыхтæ æмæ хъæддаг мыд.

5 Иерусалимæй, æгас Иудейæйæ, Иорданы алфамбылайæ æппæт адæм дæр цыдысты Иоаннмæ,

6 Æргом кодтой сæ тæригъæдтæ, æмæ сыл Иоанн аргъуыдта Иорданы цæугæдоны.

7 Фарисейтæ æмæ йæм саддукейтæй бирæтæ саргъауынмæ кæй цæуынц, уый куы федта, уæд сын загъта: «Калмы цот! Чи уын бафтыдта уæ зæрдæты æрцæуинаг азарæй лидзыны хъуыды?

8 Зæрдиагæй кæй æрфæсмон кодтат, уый равдисут хъуыддагæй.

9 Ахæм хъуыды уæм ма æрцæуæд, æмæ зæгъат уæхицæн: „Нæ фыдæл Авраам у». Зæгъын уын, Хуыцауæн Йæ бон у ацы дуртæй дæр Авраамæн цот скæнын.

10 Фæрæт ныридæгæн бæлæстæ бындзарæй акалынмæ цæттæ у: хорз дыргъ цы бæласыл нæ зайы, уый акалынц æмæ йæ баппарынц арты.

11 Уæ фæсмоны тыххæй уыл æз донæй аргъауын, фæлæ мæ фæстæ Чи æрбацæуы, Уый мæнæй тыхджындæр у – æз Ын Йæ дзабыртæ хæссыны аккаг дæр нæ дæн. Уый уыл аргъаудзæни Сыгъдæг Удæй æмæ артæй.

12 Йæ фыййаг Йæ къухы ис, æмæ ссыгъдæг кæндзæн Йæ мус. Мæнæу бафснайдзæн Йæ хордоны, зыгуым та басудздзæн æнæхуысгæ арты».

Иоанн саргъуыдта Йесойыл

13 Уæд Йесо Галилейæ æрцыд Иорданмæ, цæмæй Йыл Иоанн саргъауа.

14 Иоанн та Йæ урæдта æмæ Йын дзырдта: «Хъуамæ Ды саргъауай мæныл, Ды та мæнмæ æрцыдтæ?»

15 Фæлæ йын Йесо дзуапп радта: «Ныртæккæ Мæ бауадз. Уымæн æмæ мах Хуыцауы алы домæн дæр афтæ хъуамæ сæххæст кæнæм». Æмæ Йæ уæд Иоанн бауагъта.

16 Йесо куы саргъуыдта æмæ уайтæккæ донæй куы рахызт, уæд Йæ сæрмæ фегом арвы дуар, æмæ федта Хуыцауы Уды бæлонау æрцæйцæугæ æмæ Йыл æрцæйбадгæ.

17 Æмæ уæлæрвтæй æрыхъуысти хъæлæс: «Ай, Кæуыл аудын, Мæ уыцы уарзон Фырт у».

4 Сæр

Хæйрæг къахы Йесойы

1 Уæд Сыгъдæг Уд Йесойы акодта æдзæрæг бæстæмæ, цæмæй Йæ ракъаха хæйрæг.

2 Уым Йесо дыууиссæдз боны æмæ дыууиссæдз æхсæвы дардта ком, æмæ фæстагмæ сыстонг.

3 Уæд Æм æрбацыди хæйрæг æмæ Йын загъта: «Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд зæгъ, цæмæй ацы дуртæ фестой дзултæ».

4 Йесо йын дзуапп радта: «Фыст у: „Айдагъ дзулæй нæ цæрдзæн адæймаг, фæлæ Хуыцауы дзыхæй рацæугæ алы дзырдæй»».

5 Уæд Æй хæйрæг акодта сыгъдæг сахармæ, æрлæууын Æй кодта Кувæндоны уæлхæдзарыл,

6 Æмæ Йын загъта: «Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд Дæхи аппар. Уымæн æмæ фыст у: „Йæ зæдтæн бафæдзæхсдзæни Дæу тыххæй, хæсдзысты Дæ сæ къухтыл, æмæ Дæ къах дурыл дæр нæ ныццæвдзынæ»».

7 Йесо йын загъта: «Фыст у афтæ дæр: „Ма къах дæ Хицау Хуыцауы»».

8 Уый фæстæ Йæ хæйрæг акодта тынг бæрзонд хохмæ, равдыста Йæм дунейы æппæт паддзахæдтæ сæ намысимæ,

9 Æмæ Йын загъта: «Дæ зонгуытыл куы æрхауай æмæ мын куы бакувай, уæд сæ иууылдæр ратдзынæн дæуæн».

10 Йесо йын дзуапп радта: «Фесæф Мæ цурæй, хæйрæг! Фыст у: „Кув дæ Хицау Хуыцаумæ, æмæ кус æрмæстдæр Уымæн»».

11 Уæд Æй хæйрæг ныууагъта. Уайтæккæ Йæм æрцыдысты зæдтæ æмæ Йын кæстæриуæг кодтой.

Йесо хъусын кæны фарны уац

12 Иоанны кæй æрцахстой, уый Йесо куы фехъуыста, уæд ацыди Галилеймæ.

13 Назарет ныууагъта, ацыд æмæ æрцарди денджызы былгæрон, Капернаумы сахары, Завулон æмæ Неффалимы зæххыл.

14 Афтæ хъуамæ сæххæст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхæй Хуыцау цы загъта, уый:

15 «Денджызмæ фæндагыл Иорданы иннæ фарс чи ис, Завулоны æмæ Неффалимы уыцы зæхх, муртаттаг Галилей —

16 Талынджы цæрæг адæм федтой стыр рухс, мæлæты талынг бæстæйы цæрæг адæмæн сæрттывта рухс».

17 Уæдæй фæстæмæ Йесо райдыдта фарны уац хъусын кæнын: «Æрфæсмон кæнут, уымæн æмæ æрхæстæг Уæларвон Паддзахад».

Фыццаг ахуыргæнинæгтæ

18 Йесо Галилейы денджызы былгæрæтты куы фæцæйцыди, уæд федта дыууæ æфсымæры – фæсномыгæй Петр кæй хуыдтой, уыцы Симоны, æмæ йе ‘фсымæр Андрейы. Уыдон сæ хызтæ æппæрстой денджызмæ, уымæн æмæ кæсагахсджытæ уыдысты.

19 Йесо сын загъта: «Рацæут Мæ фæдыл, æмæ уæ скæндзынæн адæмахсджытæ».

20 Уыдон уайтæккæ ныууагътой сæ хызтæ æмæ ацыдысты Йæ фæдыл.

21 Йесо уырдыгæй куы рацæйцыд, уæд федта иннæ дыууæ æфсымæры – Зеведейы фырттæ Иаков æмæ Иоанны. Уыдон сæ фыд Зеведеимæ уыдысты бæлæгъы æмæ æмпъызтой сæ хызтæ. Йесо сæм басидт.

22 Уыдон уайтæккæ ныууагътой сæ бæлæгъ æмæ сæ фыды, æмæ ацыдысты Йæ фæдыл.

Йесойы лæггад адæмæн

23 Йесо зылдис æгас Галилейыл, адæмæн амыдта синагогæты, хаста сæм фарны уац Уæларвон Паддзахады тыххæй, дзæбæх кодта æппæт рынчынты æмæ æнæфæразонты.

24 Йæ кой айхъуыст æгас Сирийыл, хуыдтой Йæм æппæт рынчынты: алы низтæй сæйджыты, хæйрæджджынты, суртæгæнджыты, уæнгмæрдты, æмæ сæ Йесо дзæбæх кодта.

25 Йæ фæдыл цыди бирæ адæм Галилейæ, Дæссахарæй, Иерусалимæй, Иудейæйæ æмæ Иорданы фаллаг фарсæй.

5 Сæр

Æцæг амонд

1 Йесо адæмы куы федта, уæд ссыди хохмæ. Куы æрбадт, уæд Ыл æрæмбырд сты Йæ ахуыргæнинæгтæ,

2 Æмæ сæ райдыдта ахуыр кæнын:

3 «Тæхудиаг сты, йе скаст æрмæст Хуыцаумæ кæмæн у – Уæларвон Паддзахад уыдоны у.

4 Тæхудиаг сты кæуджытæ – уыдон баййафдзысты рæвдыд.

5 Тæхудиаг сты æвæлмастæ – зæхх уыдоны хай бауыдзæн.

6 Тæхудиаг сты, стонгау æмæ дойныйау Хуыцауы рæстдзинадæй бафсæдынмæ чи бæллы, уыдон – Хуыцау сæ бафсаддзæн.

7 Тæхудиаг сты хатыргæнджытæ – уыдон уыдзысты хатыргонд.

8 Тæхудиаг сты сыгъдæгзæрдæтæ – уыдон фендзысты Хуыцауы.

9 Тæхудиаг сты фидауынгæнджытæ – Хуыцау сæ схондзæн Йæ хъæбултæ.

10 Тæхудиаг сты рæстдзинады тыххæй æфхæрд æййафджытæ – Уæларвон Паддзахад уыдоны у.

11 Тæхудиаг уыдзыстут, Мæн тыххæй уын фидис куы кæной æмæ уæ куы æфхæрой, алы æвзæртæ уыл куы мысой, уæд.

12 Цин кæнут æмæ райут – уæлæрвты уæм æнхъæлмæ кæсы стыр хорзæх. Афтæ æфхæрдтой, уæ размæ цы пехуымпартæ уыди, уыдоны дæр.

Цæхх æмæ рухс

13 Сымах стут дунейы цæхх. Фæлæ цæххæн йæ ад куы фесæфа, уæд ма йæ цæмæй сцæхджын кæндзынæ? Адæмы къæхты бынмæ аппарыны йеддæмæ ницæмæнуал бæззы.

14 Сымах стут дунейы рухс. Хохы сæрыл цы сахар ис, уымæн бамбæхсæн нæй.

15 Æмæ цырагъ куы ссудзынц, уæд æй дурыны бын не ‘вæрынц, фæлæ цырагъдарæныл, æмæ хæдзары алкæмæн дæр рухс кæны.

16 Афтæ æрттивæд уæ рухс адæмы раз, цæмæй уыной уæ хорз хъуыддæгтæ æмæ кад кæной уæ Уæларвон Фыдæн.

Моисейы Æгъдауы тыххæй

17 Сымах афтæ æнхъæл ма ут, æмæ Æз Моисейы Æгъдау кæнæ пехуымпарты ахуырад аивынмæ æрцыдтæн. Æз сæ аивынмæ не ‘рцыдтæн, фæлæ сæ сæххæст кæнынмæ.

18 Æцæг уын зæгъын: цалынмæ арв æмæ зæхх сты, уæдмæ Æгъдауæй тæккæ къаддæр дамгъæ кæнæ иу хахх дæр нæ фæхъæудзæн – æппæт дæр сæххæст уыдзæни.

19 Уæдæ ацы тæккæ къаддæр фæдзæхстытæн сæ иуы дæр чи фехала æмæ адæмы дæр афтæ бакæныныл чи сардауа, уый къаддæрыл нымад уыдзæн Уæларвон Паддзахады. Фæлæ сæ чи сæххæст кæна æмæ сæ адæмæн дæр чи бацамона, уый Уæларвон Падцзахады нымад уыдзæни стырыл.

20 Зæгъын уын: динамонджытæ æмæ фарисейтæй коммæгæсдæр куы нæ уат Хуыцауæн, уæд Уæларвон Паддзахадмæ нæ бацæудзыстут.

Саузæрдæ ма у

21 Сымах фехъуыстат, рагон адæмæн цы загъд уыди, уый: „Ма амар; чи амара, уый дзуапп дæтдзæн тæрхоны раз».

22 Æз та уын зæгъын: йе ‘фсымæрмæ [æнæхъуаджы] чидæриддæр мæсты кæна, уый дзуапп дæтдзæни тæрхоны раз; йе ‘фсымæрæн „ницæйаг» чи зæгъа, уый дзуапп дæтдзæни синедрионы раз; „æнæзонд» ын чи зæгъа, уымæ та æнхъæлмæ кæсы зындоны арт.

23 Уæдæ ды дæ нывондимæ нывондхæссæнмæ куы æрцæуай, æмæ дæм де ‘фсымæр цæйдæр тыххæй кæй фæхъыг, уый дæ зæрдыл куы æрлæууа,

24 Уæд дæ нывонд ныууадз нывондхæссæны раз, ацу, бафидау уал де ‘фсымæримæ, стæй раздæх æмæ æрхæсс дæ нывонд.

25 Бафидау æвæстиатæй дæ зылынгæнæгимæ, цалынмæ йемæ тæрхондонмæ цæуыс, уæдмæ; науæд дæ бакæндзæн тæрхонгæнæгмæ, тæрхонгæнæг дæ ратдзæн хъахъхъæнæгмæ, æмæ дæ баппардзысты ахæстоны.

26 Æцæг дын зæгъын: цы бафидын дæ хъæуы, уый фæстаг кодранты онг цалынмæ раттай, уæдмæ нæ рацæудзынæ уырдыгæй.

Хиуыл хæцыны тыххæй

27 Сымах фехъуыстат, [рагон адæмæн] цы загъд уыди, уый: „Ма хæт».

28 Æз та уын зæгъын: сылгоймагмæ мондаджы цæстæй чидæриддæр кæсы, уый ныридæгæн йæ мидзæрдæйы фæхæтыд йемæ.

29 Дæ рахиз цæст дын тæригъæды хос куы уа, уæд æй фелвас æмæ йæ аппар – хуыздæр дын у дæ уæнгтæй иу фесафын, цæйнæфæлтау дын дæ буар æгасæй дæр зындонмæ баппæрстæуа.

30 Æмæ дын дæ рахиз къух тæригъæды хос куы уа, уæд æй акъуыр æмæ йæ аппар – хуыздæр дын у дæ уæнгтæй иу фесафын, цæйнæфæлтау дæ буар æгасæй дæр зындонмæ бацæуа.

Ус ауадзыны тыххæй

31 Ноджыдæр загъд у: „Йæ усы чи ауадза, уый йын раттæд уагъды æвдисæндар».

32 Æз та уын зæгъын: хæтыны азым æм ма уæд, уымæй дарддæр йæ усы чидæриддæр ауадза, уый йæ хæтыныл æфтауы. Уагъд усы чи ракура, уый дæр хæтгæ кæны.

Сомыйы тыххæй

33 Сымах ноджыдæр фехъуыстат, рагон адæмæн ма цы загъд уыди, уый: „Дæ сомы ма басæтт, фæлæ Хуыцауæн цæй тыххæй расомы кодтай, уый бакæн».

34 Æз та уын зæгъын: æппындæр сомы ма кæнут – нæдæр арвæй, уымæн æмæ уый Хуыцауы бадæн у;

35 Нæдæр зæххæй, уымæн æмæ уый Йæ къæхты æнцой у; нæдæр Иерусалимæй, уымæн æмæ уый стыр Паддзахы сахар у.

36 Дæ сæрæй дæр ма сомы кæн, уымæн æмæ дæ сæрыхъуынтæй иу æрду дæр урс кæнæ сау скæнын дæ бон нæу.

37 Фæлæ уæ „о” хъуамæ уа „о”, уæ „нæ” та – „нæ”; уымæй уæлдай цы уа, уый та хæйрæгæй у.

Фыдæхыл уарзт тых кæны

38 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыди, уый: „Цæст къахæгæн йæ цæст къахинаг у æмæ дæндаг сæттæгæн йæ дæндаг сæттинаг у».

39 Æз та уын зæгъын: дæ бафхæрæджы ныхмæ ма рацу. Фæлæ дын дæ рахиз æхсæрфарс чи ныццæва, уымæ бадар иннæ дæр.

40 Дæ хæдон байсыны тыххæй дыл тæрхондонмæ чи бахъаст кæна, уымæн ратт дæ пæлæз дæр.

41 Фæндагыл дæ йемæ æвæндонæй чи акæна, уыимæ дыууæ хатты фыддæр ацу.

42 Чи дæ кура, уымæн ратт, æмæ дæуæй æфстау райсын кæй фæнды, ууыл дæхи ма атигъ кæн.

Уарз де знæгты

43 Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд, уый: „Уарз хионы æмæ де сæфт уын де знагæй».

44 Æз та уын зæгъын: уарзут уе знæгты, [уе 'лгъитджытæн хорзæх курут Хуыцауæй, хорз кæнут, сымахæй йе сæфт чи уыны, уыдонæн,] кувут уе ‘фхæрджыты тыххæй.

45 Æмæ уæд уыдзыстут уæ Уæларвон Фыды хъæбултæ – Уый хур скæсын кæны хæрзтыл дæр æмæ æвзæртыл дæр, къæвда рауадзы рæстытыл дæр æмæ тæригъæдджынтыл дæр.

46 Уымæн æмæ сымах чи уарзы, уыдоны куы уарзат, уæд уын уый тыххæй цавæр хæрзиуæг уыдзæни? Хъалонисджытæ дæр афтæ нæ кæнынц, æви?

47 Æмæ кæд æрмæстдæр уе ‘фсымæртæн салам дæттут, уæд цы уадиссаг аразут? Муртаттæ дæр афтæ нæ кæнынц, æви?

48 Уæдæ ут æнаипп, уæ Уæларвон Фыд æнаипп куыд у, афтæ.

6 Сæр

Мæгуыртæн баххуыс кæныны тыххæй

1 Уæхи хизут, рæстгæнджытæ кæй стут, уый адæмы цæстмæ æвдисынæй, науæд уын хорзæх нæ уыдзæн уæ Уæларвон Фыдæй.

2 Уæдæ мæгуырæн куы æххуыс кæнай, уæд æй дæрдты ма ныхъхъæр кæн. Афтæ цæстмæхъустæ кæнынц синагогæты æмæ уынгты, цæмæй сын адæм кад кæной. Æцæг уын зæгъын: уыдон ныридæгæн райстой сæ хорзæх.

3 Ды та мæгуырæн куы æххуыс кæнай, уæд дæ галиу къух ма зонæд, дæ рахиз цы гæнæг у, уый.

4 Уæд де ‘ххуысы хай уыдзæни сусæг, æмæ дæ Фыд, сусæггаг уынæг, дæу схорзæхджын кæндзæн [æргомæй].

Куыд кувын хъæуы

5 Æмæ куы фæкувут, уæд цæстмæхъустау ма ут – уыдон уарзынц адæмы цæстмæ синагогæты æмæ тигътыл лæугæйæ кувын. Æцæг уын зæгъын: уыдон ныридæгæн райстой сæ хорзæх.

6 Ды та куы фæкувыс, уæд бацу дæ уатмæ, сæхгæн дæ дуар æмæ бакув, цæстæй Кæй нæ уыныс, дæ уыцы Фыдмæ. Æмæ дæ Фыд, сусæггаг уынæг, дæу схорзæхджын кæндзæн [æргомæй].

7 Кувгæйæ та муртаттау уæлдай ма дзурут – уыдон æнхъæл сты, зæгъгæ, бирæ куы дзурой, уæд сæ куывд фехъуысдзæни Хуыцаумæ.

8 Уыдоны ма бафæзмут, уымæн æмæ Дзы нæма ракурут, афтæ уæ Фыд фæзоны, цы хъуаг стут, уый.

9 Кувгæ та кæнут афтæ: „Нæ Уæларвон Фыд, сыгъдæг уæд Дæ ном.

10 Æрцæуæд Дæ Паддзахад. Уæларвы куыд у, афтæ зæххыл дæр уæд Дæ фæндон.

11 Абон дæр нын ратт цæрынваг къæбæр.

12 Ныббар нын нæ хæстæ, мах нæ хæсджынтæн куыд барæм, афтæ.

13 Ма нæ бафтау фæлварæны, фыдбылызæй нæ бахиз. [Уымæн æмæ Паддзахад, тых æмæ намыс мыггагмæ дæр Дæу сты. Амен.]»

14 Уымæн æмæ адæмæн сæ тæригъæдтæ куы ныббарат, уæд сымахæн дæр уæ Уæларвон Фыд ныббардзæн уæ тæригъæдтæ.

15 Фæлæ адæмæн сæ тæригъæдтæ куы нæ ныббарат, уæд уын уæ Фыд дæр уæ тæригъæдтæ нæ ныббардзæн.

Ком дарыны тыххæй

16 Ком куы фæдарут, уæд цæстмæхъустау уæхи ма хъуынтъыз кæнут – уыдон ныттар кæнынц сæ цæсгæмттæ, цæмæй адæм феной, ком кæй дарынц, уый. Æцæг уын зæгъын: уыдон ныридæгæн райстой сæ хорзæх.

17 Ды та ком куы дарай, уæд ныффас дæ сæр æмæ цæхс дæ цæсгом,

18 Цæмæй ком кæй дарыс, уый адæм ма феной, фæлæ йæ фена, цæстæй Кæй нæ уыныс, дæ уыцы Фыд, æмæ дæ Фыд, сусæг хъуыддæгтæ уынæг, дæу схорзæхджын кæндзæн [æргомæй].

Дæ хæзна уæларвы хъуамæ уа

19 Ма æмбырд кæнут уæхицæн хæзнатæ зæххыл – ам сæ хæрынц рæмпæг æмæ згæ, баирвæзынц сæм хуыснæджытæ æмæ сæ давынц.

20 Фæлæ уæхицæн хæзнатæ æмбырд кæнут уæларвы – уым сæ нæдæр рæмпæг хæры, нæдæр згæ, хуыснæджытæ дæр сæм нæ баирвæзынц æмæ сæ нæ давынц.

21 Уымæн æмæ уæ хæзна кæм ис, уым уыдзæн уæ зæрдæ дæр.

Рухсгæнæн буарæн

22 Буарæн йæ рухсгæнæн цæст у. Æмæ дæ цæст сыгъдæг куы уа, уæд дæ буар иууылдæр рухс уыдзæн.

23 Фæлæ дæ цæст чъизи куы уа, уæд дæ буар иууылдæр талынг уыдзæн. Уæдæ дæумæ цы рухс ис, уый талынг кæд у, уæд талынг цавæр у, цымæ!

Хуыцау æви мулк?

24 Никæй бон у дыууæ хицауæн кусын – сæ иуæй йе сæфт уындзæн, иннæйы та уарздзæни, кæнæ сæ иуыл иузæрдион уыдзæн, иннæйы та ницæмæ дардзæн. Уæ бон нæ бауыдзæни Хуыцауæн æмæ мулкæн кусын.

Æрвылбоны мæт

25 Уымæ гæсгæ уын зæгъын: ма мæт кæнут, фæцæрынæн уæ цы хойраг æмæ нозт хъæуы, нæдæр ууыл, нæдæр уæ буарæн дарæсыл. Мыййаг, цард хойрагæй ахсджиагдæр нæу, буар та – дарæсæй?

26 Акæсут-ма уæларвон мæргътæм: уыдон нæдæр тауынц, нæдæр кæрдынц, нæдæр хордæтты хор æфснайынц, æмæ сæ уæ Уæларвон Фыд хæссы. Сымах уыдонæй бирæ зынаргъдæр не стут, æви?

27 Стæй уæ йæ мæтæй йæ цардыл бирæ нæ, фæлæ иу сахат бафтауын дæр кæй бон бауыдзæн?

28 Дарæсыл дæр цы мæт кæнут? Акæсут-ма, быдираг дидинджытæ куыд рæзынц, уымæ: нæдæр кусынц, нæдæр æлвисынц.

29 Зæгъын уын: суанг Соломон, намысджын æмæ хъæздыг лæг, уыдонæй иуы хуызæн дæр нæ арæзта йæхи.

30 Абон чи ис, райсом та пецы æппæрст чи уыдзæн, уыцы быдираг кæрдæджы Хуыцау афтæ кæм фæлынды, уым сымах не сфæлынддзæн, æви, лæмæгъ уырнджытæ!

31 Уæдæ мæт ма кæнут æмæ ма дзурут: „Цы хæрæм?», „Цы нуа-зæм?», „Нæ уæлæ цы скæнæм?»

32 Æппæт уыдæттæ муртаттæ агурынц; сымахæн уæ Уæларвон Фыд зоны, æппæт уыдæттæ уæ кæй хъæуынц, уый.

33 Фыццаджыдæр агурут Хуыцауы Паддзахад æмæ рæстдзинад, æмæ уын лæвæрд уыдзысты æппæт уыдæттæ дæр.

34 Уæдæ мæт ма кæнут сомбоныл, уымæн æмæ сомбон йæхæдæг тыхсдзæн йæ хъуагыл. Алы бонæн дæр йæхи сагъæстæ æгъгъæд сты.

7 Сæр

Иннæтæн тæрхон ма кæнут

1 Иннæтæн тæрхон ма кæнут, æмæ тæрхонгонд нæ уыдзыстут.

2 Уымæн æмæ иннæтæн цы тæрхон рахæссут, ахæм тæрхон рахастæуыдзæн сымахæн дæр; æмæ цы барæнæй барут, ахæмæй сбарстæуыдзæн сымахæн дæр.

3 Цы кæсыс де ‘фсымæры цæсты æрдумæ, дæхи цæсты та къалабæлас нæ фиппайыс?

4 Кæнæ куыд зæгъдзынæ де ‘фсымæрæн: „Æри-ма, дæ цæстæй дын æрду сисон», дæхи цæсты къалабæлас куы ис, уæд?

5 Цæстмæхъус! Дæхи цæстæй уал къалабæлас сис, стæй уæд фендзынæ, де ‘фсымæры цæстæй æрду куыд сисын хъæуы, уый.

6 Куыйтæн ма дæттут, Хуыцауы цы у, уый, æмæ хуыты размæ ма æппарут уæ налхъуыт, цæмæй йæ уыдон сæ къæхты бын ма ныссæндой, стæй ма бавдæлой æмæ уын уæхи ма ныкъкъуыхтæ кæной.

Курут, агурут, хойут

7 Курут æмæ райсдзыстут, агурут æмæ ссардзыстут, хойут æмæ уын байгом уыдзæн.

8 Уымæн æмæ алы курæг дæр райсы, агурæг ссары æмæ хойæгæн дуар байгом вæййы.

9 Йæ фырт дзы дзул куы кура, уæд ын дур чи ратта, уе ‘хсæн ахæм исчи ис?

10 Кæнæ дзы кæсаг куы кура, уæд ын калм ратдзæн?

11 Сымах фыдзæрдæтæ куы стут, æмæ уæдцæр уæ зæнæгæн хорзы цæуын куы зонут, уæд уæ Уæларвон Фыд куыннæ ратдзæни фарн, чи Дзы кура, уыдонæн!

12 Уæдæ адæммæ цæмæдæриддæр æнхъæлмæ кæсут, уый сын аразут уæхæдæг дæр. Ацы ныхæсты ис Моисейы Æгъдауы æмæ пехуымпарты ахуырады мидис.

Дыууæ фæндаджы

13 Бацæут уынгæг дуарыл. Сæфтмæ цы дуар æмæ фæндаг кæнынц, уыдон уæрæх æмæ парахат сты, æмæ бирæтæ цæуынц уыдоныл;

14 Цардмæ цы дуар æмæ фæндаг кæнынц, уыдон та уынгæг æмæ нарæг сты, æмæ сæ чи ссары, уыдон бирæ не сты.

Бæлас æмæ йæ дыргътæ

15 Уæхи хизут, фысдзармы уæм чи æрцæуы, мидæгæй та тугдзых бирæгъ чи у, уыцы мæнгпехуымпартæй.

16 Сæ хъуыддæгтæй сæ базондзыстут. Какон сындзæй, мыййаг, сæнæфсир æртонынц, кæнæ ичъийæ – легъуи?

17 Афтæ алы хорз бæласыл дæр хорз дыргътæ æрзайы, низджын бæласыл та æвзæр дыргътæ æрзайы.

18 Хорз бæлас æвзæр дыргътæ не ‘рхæсдзæн, низджын бæлас та – хорз дыргътæ.

19 Хорз дыргъ цы бæласыл нæ зайы, уый акалынц æмæ йæ баппарынц арты.

20 Уæдæ мæнгпехуымпарты сæ хъуыддæгтæй базондзыстут.

«Æз уæ никуы зыдтон»

21 Мæнæн „Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонæй алчи нæ бацæудзæн Уæларвон Паддзахадмæ, фæлæ йæм Мæ Уæларвон Фыды фæндон æххæстгæнæг бацæудзæн.

22 Бирæтæ Мын уыцы бон зæгъдзысты: „Хицау, Хицау, мах Дæ номæй пехуымпариуæг нæ кодтам? Дæ номæй дæлимонты нæ сырдтам? Дæ номæй бирæ диссæгтæ не ‘вдыстам?»

23 Уæд сын цæхгæр зæгъдзынæн: „Æз уæ никуы зыдтон. Ацæут Мæ цурæй, тæригъæдджынтæ».

Дурыл амад хæдзар

24 Уæдæ Мæ ацы ныхæстæм чидæриддæр хъусы æмæ сæ æххæст кæны, уый у, йæ хæдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адæймаджы хуызæн.

25 Æрцыди уарын, раивылдысты цæугæдæттæ, сыстади дымгæ, æмæ ахæцыдысты уыцы хæдзарыл, фæлæ не ‘ркалд, уымæн æмæ дурыл æвæрд уыди.

26 Мæ ацы ныхæстæм чидæриддæр хъусы æмæ сæ не ‘ххæст кæны, уый та у, йæ хæдзар змисыл чи самадта, уыцы æнæзонд адæймаджы хуызæн.

27 Æрцыди уарын, раивылдысты цæугæдæттæ, сыстади дымгæ, æмæ сæхи ныццавтой уыцы хæдзарыл. Хæдзар æркалд æмæ ныппырх и бынтондæр».

28 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд адæмы дисы бафтыдта Йæ ахуырад,

29 Уымæн æмæ сын амыдта сæ динамоножытау нæ, фæлæ барджынæй.

8 Сæр

Хъотырджын сдзæбæх

1 Йесо хохæй куы æрхызт, уæд Йæ фæдыл ацыди бирæ адæм.

2 Æрбацыд Æм хъотырджын, æрзоныгыл Йæ разы æмæ Йын загъта: «Хицау, кæд Дæ фæнды, уæд Дæ бон у, æмæ мæ ссыгъдæг кæнай».

3 Йесо радардта Йæ къух, бандзæвыд ыл æмæ загъта: «Фæнды Мæ, ссыгъдæг у». Æмæ уыйадыл ссыгъдæг йæ хъотырæй.

4 Йесо йын загъта: «Хъусыс, макæмæн æй зæгъ, фæлæ ацу, дæхи фенын кæн сауджынæн, æмæ Моисей куыд бафæдзæхста, афтæ æрхæсс нывонд – кæй сдзæбæх дæ, уымæн æвдисæйнагæн».

Сæдæйыхицауы фæсдзæуин сдзæбæх

5 Йесо Капернауммæ куы бацыд, уæд Æм æрбацыди сæдæйыхицау æмæ Дзы куырдта:

6 «Хицау, мæ фæсдзæуин хæдзары хуыссы уæнгмардæй æмæ тынг удхар кæны».

7 Йесо йын загъта: «Æз бацæудзынæн æмæ йæ сдзæбæх кæндзынæн».

8 Сæдæйыхицау Ын зæгъы: «Хицау, æз уый аккаг нæ дæн, æмæ Ды мæ хæдзармæ бацæуай. Фæлæ æрмæст Дæ дзыхæй ныхас рацæуæд, æмæ мæ фæсдзæуин сдзæбæх уыдзæн.

9 Уымæн æмæ æз мæхæдæг дæр дæлбар лæг дæн, æмæ мæ дæлбар дæр ис æфсæддонтæ. Иуæн дзы фæзæгъын: „Ацу уырдæм», æмæ ацæуы; иннæмæн: „Ардæм рацу», æмæ æрбацæуы; мæ цагъарæн фæзæгъын: „Уый бакæн», æмæ йæ бакæны».

10 Йесо уый куы фехъуыста, уæд дисы бафтыд æмæ Йæ фæдыл цæуджытæн загъта: «Æцæг уын зæгъын: ахæм уырнындзинад Израилы Æз никæмæ федтон.

11 Зæгъын уын: бирæтæ æрцæудзысты скæсæн æмæ ныгуылæнæй, æмæ Уæларвон Паддзахады фынгыл æрбаддзысты Авраамимæ, Исаакимæ æмæ Иаковимæ.

12 Паддзахад нысангонд кæмæн уыди, уыдон та æппæрст æрцæудзысты æддæмæ, талынгмæ; уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс».

13 Йесо сæдæйыхицауæн загъта: «Ацу, æмæ дæ уырнындзинадмæ гæсгæ сæххæст уæд дæ фæндон». Æмæ уайтæккæ йæ фæсдзæуин сдзæбæ

Йесо сдзæбæх кодта Петры усы мады æмæ иннæты

14 Йесо Петры хæдзармæ куы бацыди, уæд ын йæ усы мады федта тæвднизæй сæйгæйæ.

15 Йесо йын бавнæлдта йæ къухмæ, æмæ йæ тæвд æрхауд; сылгоймаг сыстад æмæ Йын райдыдтæ кæстæриуæг кæнын.

16 Куы баизæр уæд Æм агрхуыдтой бирæ хæйрæджджынты, æмæ Йесо Йæ ныхасæй фæсырдта æнæзæгъинæгты æмæ сдзæбæх кодта æппæт рынчынты дæр.

17 Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый: «Айста нын нæ рынтæ æмæ ахаста нæ низтæ».

Куыд цæугæ у Йесойы фæдыл

18 Йесо Йæ алыварс бирæ адæм куы федта, уæд загъта Йæ ахуыргæнинæгтæн, цæмæй Йемæ ахизой денджызы фаллаг фарсмæ.

19 Уæд Æм бацыд иу динамонæг æмæ Йын загъта: «Ахуыргæнæг, Ды кæдæм цæуай, уырдæм æз дæр ацæудзынæн Дæ фæдыл».

20 Йесо йын дзуапп радта: «Рувæстæн ис хуыккæмттæ, уæларвон мæргътæн – ахстæттæ; Адæймаджы Фыртæн та, Йæ сæр кæм æркъул кæна, уый дæр нæй».

21 Йæ ахуыргæнинæгтæй Йын æндæр загъта: «Хицау, мæ фыды баныгæнынмæ уал мæ ауадз».

22 Фæлæ йын Йесо дзуапп радта: «Мæ фæдыл рацу, мæрдтæ сæхæдæг баныгæнæнт сæ мæрдты».

Уад байхъуыста Йесомæ

23 Æмæ Йесо бæлæгъмæ куы бахызт, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ дæр бахызтысты Йæ фæдыл.

24 Уалынмæ денджыз афтæ тынг сабухта, æмæ уылæнтæ калдысты бæлæгъы сæрты; Йесо та фынæй уыди.

25 Уæд Æм Йæ ахуыргæнинæгтæ бацыдысты, райхъал Æй кодтой æмæ Йын загътой: «Хицау, фервæзын нæ кæн, сæфæм!»

26 Йесо дзуапп радта: «Афтæ тæппуд цæмæн стут, лæмæгъ уырнджытæ?» Æмæ сыстади, уад æмæ денджызæн радта бардзырд, æмæ бæстæ ныссабыр.

27 Иууылдæр дисы бафтыдысты, æмæ дзырдтой: «Уый Чи уа, уад æмæ денджыз Кæй коммæ кæсынц?»

Йесо сдзæбæх кодта хæйрæджджынты

28 Йесо денджызы иннæ фарсмæ, Гадарæйы бæстæмæ, куы бахæццæ, уæд зæппæдзтæй Йæ размæ рацыди дыууæ хæйрæджджыны. Уыдон афтæ знæт уыдысты, æмæ уыцы фæндагыл рацæуынмæ йæ ныфс ничи хаста.

29 Хæйрæджджынтæ хъæр систой: «Цы Дæ хъæуы махæй, Хуыцауы Фырт? Æмгъуыдæй раздæр нæ ардæм хъизæмарæй марынмæ æрцыдтæ?»

30 Уыдонæй дæрддзæф ран хызти хуыты стыр дзуг,

31 Æмæ дæлимонтæ куырдтой Йесойæ: «Кæд нæ сургæ кæныс, уæд нæ хуыты дзуджы бауадз».

32 Йесо сын загъта: «Цæугæут». Уыдон рацыдысты уыцы дыууæ адæймагæй, æмæ бацыдысты хуыты. Æмæ хуыты дзуг æгасæй дæр къардиуæй денджызмæ аппæрста йæхи, æмæ фесæфт доны.

33 Хуыгæстæ азгъордтой, бацыдысты сахармæ æмæ радзырдтой алцæй тыххæй дæр, уыимæ, хæйрæджджынтыл цы æрцыд, уый тыххæй дæр.

34 Сахары æппæт цæрджытæ рацыдысты Йесойы размæ, æмæ Йæ куы федтой, уæд Дзы куырдтой, цæмæй ацæуа сæ зæххæй.

9 Сæр

Уæнгмард сдзæбæх

1 Уæд Йесо бахызти бæлæгъмæ, ахызт иннæ фарсмæ æмæ æрцыди Йæ сахармæ.

2 Хуыссæныл Æм æрбахастой уæнгмарды. Йесо сын федта сæ уырнындзинад æмæ уæнгмардæн загъта: «Ма тæрс, Мæ хъæбул, хатыр дын сты дæ тæригъæдтæ».

3 Уæд динамонджытæй чидæртæ хинымæр загътой: «Уый Хуыцауы фауы».

4 Йесо сын зыдта сæ хъуыдытæ, æмæ загъта: «Ахæм æвзæр хъуыдытæ уæм цæмæн сæвзæрд?

5 Цы æнцондæр у – зæгъын: „Хатыр дын сты дæ тæригъæдтæ», æви: „Рабад æмæ райдай цæуын»?

6 Фæлæ сымах хъуамæ зонат, Адæймаджы Фыртæн кæй ис зæххыл тæригъæдтæ хатыр кæныны бар». Æмæ загъта уæнгмардæн: «Рабад, сис дæ хуыссæн æмæ цу дæ хæдзармæ».

7 Уæнгмард рабадт æмæ ацыд йæ хæдзармæ.

8 Адæм уый куы федтой, уæд сæ тас бацыд, æмæ скад кодтой ахæм хъару адæмæн раттæг Хуыцауæн.

Матфей ацыди Йесоимæ

9 Йесо уырдыгæй куы фæцæйцыди, уæд хъалонисæн бынаты бадгæ федта иу лæджы, йæ ном – Матфей, æмæ йын загъта: «Рацу Мæ фæдыл». Уый сыстад æмæ ацыд Йæ фæдыл.

10 Йесо Матфейы хæдзары фынгыл куы бадти, уæд æрцыди бирæ хъалонисджытæ æмæ тæригъæдджынтæ, æмæ æрбадтысты Йесоимæ æмæ Йæ ахуыргæнинæгтимæ.

11 Фарисейтæ уый куы федтой, уæд Ын Йæ ахуыргæнинæгтæн дзырдтой: «Уæ Ахуыргæнæг хъалонисджытæ æмæ тæригъæдджынтимæ цæмæн хæры [æмæ нуазы]?»

12 Йесо уый куы фехъуыста, уæд сын загъта: «Дохтыр æнæнизты нæ, фæлæ рынчынты хъæуы.

13 Ацæут æмæ базонут, ацы ныхæстæ цы амонынц, уый: „Нывонд Мæ нæ хъæуы, фæлæ уарзæгой зæрдæ». Æз æрцыдтæн рæстыты нæ, фæлæ тæригъæдджынты æрхонынмæ».

Ком дарыны тыххæй

14 Уæд Æм æрцыдысты Иоанны ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Мах æмæ фарисейтæ бирæ ком куы дарæм, уæд Дæ ахуыргæнинæгтæ цæуылнæ дарынц ком?»

15 Йесо сын загъта: «Чындзхæсджытимæ сиахсаг цалынмæ вæййы, уæдмæ æнкъард фæкæнынц, мыййаг? Фæлæ ралæудзæни, сиахсаджы сын куы байсой, уыцы афон, æмæ уæд дардзысты ком.

16 Ног хъуымацæй зæронд дарæсыл ничи æвæры æмпъузæн, уымæн æмæ æмпъузæн ратондзæн дарæсæй, æмæ скъуыд фестырдæр уыдзæн.

17 Ногдыгъд сæн дæр зæронд лалымты нæ ныккæнынц, науæд лалымтæ аскъуыйынц, æмæ сæн дæр акæлы, лалымтæ дæр фесæфынц. Ногдыгъд сæн ныккæнынц ног лалымты, æмæ уæд дыууæ дæр баззайынц æнæхъæнæй».

Чызг райгас, сылгоймаг сдзæбæх

18 Йесо сын уыцы ныхæстæ куы кодта, уæд Æм æрбацыди хицæуттæй иу, æрзоныгыл Йæ разы æмæ Йын загъта: «Ныртæккæ амарди мæ чызг, фæлæ æрцу, Дæ къух ыл æрæвæр, æмæ райгас уыдзæн».

19 Йесо сыстад, æмæ Йæ ахуыргæнинæгтимæ ацыд йæ фæдыл.

20 Иу сылгоймагæн дыууадæс азы дæргъы йæ туг цæуынæй не ‘нцад. Уый чъылдымырдыгæй бацыд Йесомæ æмæ Йын бандзæвыд Йæ пæлæзы коцорайыл.

21 Уымæн æмæ хинымæр дзырдта: «Æрмæст Йæ дарæсыл Ын куы бандзæвон, уæд дæр сдзæбæх уыдзынæн».

22 Йесо акаст фæстæмæ, федта йæ æмæ загъта: «Ма тæрс, Мæ чызг, дæ уырнындзинад дæ фервæзын кодта». Æмæ сылгоймаг уайтæккæ сæнæниз.

23 Йесо уыцы хицауы хæдзармæ куы æрцыд, уадындзæй цæгъдджыты æмæ адæмы тыхстæй куы федта,

24 Уæд загъта: «Ацæут ардыгæй; чызг мард нæу, фынæй у». Æмæ Йыл худтысты.

25 Адæмы æддæмæ куы рарвыстæуыд, уæд Йесо бацыд, ныххæцыди чызджы къухыл, æмæ чызг рабадт.

26 Хабар айхъуыст æппæт уыцы бæстæйыл.

Дыууæ куырмы цæстæй ракастысты

27 Йесо уырдыгæй куы араст, уæд дыууæ куырмы цыдысты Йæ фæдыл æмæ хъæр кодтой: «Батæригьæд нын кæн, Давиды Фырт!»

28 Хæдзармæ куы бацыд, уæд Æм æрбацыдысты куырмытæ. Йесо сæ бафарста: «Мæ бон афтæ саразын кæй у, уый уæ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»

29 Уæд сын бавнæлдта сæ цæстытæм æмæ загъта: «Уæдæ уын уæ уырнындзинадмæ гæсгæ рардæуæд».

30 Æмæ ракастысты сæ цæстытæй. Йесо сын карзæй бафæдзæхста: «Хъусут, уый тыххæй мачи хъуамæ базона».

31 Уыдон та ацыдысты, æмæ Йын æппæт уыцы бæстæйыл айхъуысын кодтой Йæ кой.

Æгомыг хæйрæджджын сдзæбæх

32 Уыдон куы рацæйцыдысты, уæд Йесомæ æрбакодтой æгомыг хæйрæджджыны.

33 Æмæ Йесо дæлимоны куы фæсырдта, уæд æгомыг дзурын райдыдта. Адæм дисы бафтыдысты æмæ дзырдтой: «Ахæм хъуыддаг Израилы никуы æрцыди».

34 Фарисейтæ та дзырдтой: «Уый дæлимонты суры дæлимонты æлдары хъаруйæ».

Æнæфыййау фыстæ

35 Йесо зылди æппæт сахартæ æмæ хъæутыл, адæмæн амыдта синагогæты, хаста фарны уац Уæларвон Паддзахады тыххæй, дзæбæх кодта æппæт рынчынты æмæ æнæфæразонты.

36 Адæмы куы федта, уæд сын фæтæригъæд кодта, æнæфыййау фыстау фæлмæцыд æмæ æвæгæсæг кæй уыдысты, уый тыххæй.

37 Уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Кæрдинаг – бирæ, фæлæ хуымгæрдджытæ нæ фаг кæны.

38 Уæдæ курут хуымы Хицауæй, цæмæй рарвита хуымгæрдджытæ Йæ хуым кæрдынмæ».

10 Сæр

Дыууадæс апостолы

1 Йесо басидт Йæ дыууадæс ахуыргæнинагмæ æмæ сын радта тых, цæмæй сæ бар цæуа æнæзæгъинæгтыл æмæ сæ сурой, дзæбæх кæной æппæт рынчынты æмæ æнæфæразонты.

2 Мæнæ уыцы дыууадæс апостолы нæмттæ: уыдонæй фыццаг – фæсномыгæй Петр кæй хуыдтой, уыцы Симон, æмæ йе ‘фсымæр Андрей, Зеведейы фырт Иаков æмæ йе ‘фсымæр Иоанн,

3 Филипп æмæ Варфоломей, Фома æмæ хъалонисæг Матфей, Алфейы фырт Иаков æмæ [фæсномыгæй Леввей кæй хуыдтой, уыцы) Фаддей,

4 Симон Кананит æмæ Йесойыл гадзрахатæй рацæуæг Иудæ Искариот.

Йесо фæдзæхсы апостолтæн

5 Уыцы дыууадæсы Йесо арвыста ахæм фæдзæхстимæ: «Ма бацæут нæдæр муртаттæм, нæдæр искæцы самариаг сахармæ,

6 Фæлæ ацæут сæфт фыстæм – Израилы адæммæ.

7 Цæугæут æмæ хæссут, Уæларвон Паддзахад кæй æрхæстæг, уыцы уац.

8 Дзæбæх кæнут рынчынты, æгас кæнут мæрдты, сыгъдæг кæнут хъотырджынты, сурут дæлимонты. Лæвар райстат – лæвар дæттут.

9 Уемæ ма райсут нæдæр сызгъæрин, нæдæр æвзист, нæдæр æрхуы уæ рæтты,

10 Нæдæр хордзен, нæдæр дыууæ хæдоны, нæдæр дзабыртæ, нæдæр лæдзæг. Уымæн æмæ фæллойгæнæг у йæ фæдарыны аккаг.

11 Кæцыфæнды сахар кæнæ хъæумæ дæр куы бацæуат, уæд-иу дзы ссарут аккаг адæймаг, æмæ-иу æм баззайут, цалынмæ уырдыгæй рацæуат, уæдмæ.

12 Хæдзармæ куы бацæуат, уæд-иу арфæ ракæнут.

13 Æмæ хæдзар аккаг куы уа, уад ыл уæ арфæ æрцæудзæни. Кæд аккаг нæ уа, уæд уæ арфæ раздæхдзæн уæхимæ.

14 Исчи уæ куы не суазæг кæна æмæ уын уæ ныхасмæ куы нæ байхъуса, уæд-иу, уыцы хæдзарæй кæнæ уыцы сахарæй рацæугæйæ, ацæгъдут уæ къæхты рыг.

15 Æцæг уын зæгъын: Содом æмæ Гоморрæйæн тæрхоны бон уыцы сахарæй æнцондæр уыдзæни.

Уырнджытæ æййафдзысты æфхæрд

16 Мæнæ уæ Æз æрвитын, фысты бирæгъты æхсæнмæ æрвитæгау. Уæдæ кæлмытау ут зондджын æмæ бæлæттау æнæхин.

17 Уæхи хизуг адæмæй: уыдон уæ дæтдзысты тæрхондæттæм æмæ уæ нæмдзысты ехсæй сæ синагогæты;

18 Мæн тыххæй уæ кæндзысты хицæуттæм æмæ паддзæхтæм, цæмæй Мын уыдоны æмæ муртатты раз уат æвдисæнтæ.

19 Куы уæ æрцахсой, уæд-иу ма мæт кæнут, куыд кæнæ цы зæгъын хъæуы, ууыл: цы зæгъын уæ хъæуа, уый уын рардæуыдзæн уайсахат.

20 Уымæн æмæ сымах нæ дзурдзыстут, фæлæ уæ дзыхæй дзурдзæн уæ Фыды Уд.

21 Ратдзæн æфсымæр æфсымæры æмæ фыд хъæбулы мæлæтмæ; сыстдзысты зæнæг сæ ныййарджыты ныхмæ æмæ сæ амарын кæндзысты.

22 Мæ номы тыххæй алкæмæн дæр уыдзыстут æнæуынон; фæлæ кæронмæ чи бафæраза, уый фервæздзæн.

23 Иу сахары уæ куы æфхæрой, уæд лидзут иннæмæ. Æцæг уын зæгъын: Израилы сахартыл зылд нæма фæуыдзыстут, афтæ æрцæудзæн Адæймаджы Фырт.

24 Ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæгæй уæлдæр нæу, æмæ цагъар йæ хицауæй уæлдæр нæу.

25 Ахуыргæнинаг йæ ахуыргæнæджы хуызæн куы суа, уæд ын æгъгъæд у. Цагъар дæр йæ хицауы хуызæн куы суа, уæд уымæн дæр æгъгъæд у. Кæд хæдзары хицауы веелзевул схуыдтой, уæд ын йæ хæдзаронты ноджы цыфыддæртæ не схондзысты, æви?

Кæмæй у тæссаг?

26 Уадæ ма тæрсут уе 'фхæрджытæй. Уымæн æмæ цы нæ раргом уа, ахæм сусæггаг нæй, æмæ цы нæ рахъæр уа, ахæм сусæгдзинад нæ вæййы.

27 Талынджы уын цы дзурын, уый зæгъут боны рухсмæ; æмæ уын уæ хъусы цы бацагъдæуа, уый дзурут уæлхæдзæрттæй.

28 Æмæ ма тæрсут, буар чи мары, уды амарын та кæй бон нæу, уыдонæй. Фæлæ тæрсут, уд дæр æмæ буар дæр зындоны фесафын Кæй бон у, Уымæй.

29 Дыууæ сырддонцъиуы ассарийыл нæ уæй кæнынц, æви? Æмæ дзы уæ Фыды æвастæй иу дæр не 'рхаудзæни зæхмæ.

30 Сымахæн та уæ сæрыхъуынтæ дæр æрдуйы онг нымад сты.

31 Уæдæ ма тæрсут: сымах бирæ сырдцонцъиутæй дæр зынаргъдæр стут.

Чырыстийыл æргомæй æууæндыны тыххæй

32 Мæныл кæй æууæнды, уый тыххæй адæмæн æргомæй чи зæгъа, уый Æз дæр мæхионыл банымайдзынæн Мæ Уæларвон Фыды раз.

33 Адæмы раз Мыл йæхи чи атигъ кæна, ууыл та Æз дæр Мæхи атигъ кæндзынæн Мæ Уæларвон Фыды раз.

Фидыд нæ, фæлæ цирхъ

34 Уый æнхъæл ма ут, æмæ зæхмæ фидыд æрхæссынмæ æрцыдтæн. Æз æрцыдтæн фидыд нæ, фæлæ цирхъ æрхæссынмæ.

35 Уымæн æмæ Æз æрцыдтæн фырты йæ фыдæй, чызджы йæ мадæй, чындзы йе 'фсинæй фæхицæн кæнынмæ;

36 Æмæ адæймагæн йæ хæдзаронтæ суыдзысты йе знæгтæ.

37 Йæ фыды кæнæ йæ мады Мæнæй фылдæр чи уарзы, уый Мæн аккаг нæу. Йæ фырты кæнæ йæ чызджы Мæнæй фылдæр чи уарзы, уый дæр Мæн аккаг нæу.

38 Йæ дзуар чи нæ райса æмæ Мæ фæдыл чи нæ рацæуа, уый Мæн аккаг нæу.

39 Йæ цард чи бахъахъхъæна, уый йæ фесафдзæн; йæ цард Мæ сæраппонд чи фесафа, уый та йæ ссардзæн.

Хæрзиуæг

40 Сымахыл зæрдиаг чи у, уый Мæныл у зæрдиаг; Мæныл зæрдиаг чи у, уый та Мæ Рарвитæгыл у зæрдиаг.

41 Пехуымпар пехуымпар кæй у, уый сæраппонд ыл зæрдиаг чи у, уый хорзæхджынгонд уыдзæн пехуымпарау. Рæстгæнæг рæстгæнæг кæй у, уый сæраппонд ыл зæрдиаг чи у, уый дæр хорзæхджынгонд уыдзæн рæстгæнæгау.

42 Мæ ахуыргæнинаг кæй у, уый сæраппонд ацы кæстæртæй иуæн æрмæст уазал доны къус чи ратта, уый, æцæг уын зæгъын, æнæ хæрзиуæгæй нæ баззайдзæн».

11 Сæр

1 Йесо Йæ дыууадæс ахуыргæнинагæн уыдæттæ куы бафæдзæхста, уæд уырдыгæй ацыди бæстæйы сахартæм амонынмæ æмæ фарны уац хъусын кæнынмæ.

Аргъауæг Иоанны минæвæрттæ

2 Иоанн ахæстоны куы фехъуыста Чырыстийы хъуыддæгты тыххæй, уæд Æм йæ ахуыргæнинæгты рарвыста бафæрсынмæ:

3 «Æрцæуинаг Чи у, Уый Ды дæ, æви æндæрмæ æнхъæлмæ кæсæм?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Цæут æмæ зæгъут Иоаннæн, цы хъусут æмæ цы уынут, уый:

5 Куырмытæ райдыдтой уынын, къуылыхтæ – цæуын, хъотырджынтæ дзæбæх кæнынц, къуырматæ райдыдтой хъусын, мæрдтæ æгас кæнынц, мæгуыртæ хъусынц фарны уац.

6 Æмæ тæхудиаг у, Мæныл чи нæ фæкæла, уый».

7 Уыдон куы ацыдысты, уæд Йесо адæмæн райдыдта Иоанны тыххæй дзурын: «Цы уынынмæ цыдыстут æдзæрæг бæстæмæ? Дымгæ кæй æнкъусы, уыцы хъæз уынынмæ?

8 Уæддæр цы уынынмæ цыдыстут? Зынаргъ дарæс кæуыл ис, ахæм лæджы уынынмæ? Зынаргъ дарæс галуанты цæрынц.

9 Фæлæ уæддæр цы уынынмæ цыдыстут? Пехуымпары? О, зæгъын уын, пехуымпарæй дæр уæлдæры.

10 Иоанн у, Сыгъдæг Фыст афтæ кæй тыххæй зæгъы: „Мæнæ Æз Мæ фидиуæджы æрвитын Дæ разæй, æмæ Дын уый æрцæттæ кæндзæни Дæ развæндаг".

11 Æцæг уын зæгъын: сылгоймагæй чи райгуырд, уыдонæй ничи уыд Аргъауæг Иоаннæй уæддæр, фæлæ Уæларвон Паддзахады тæккæ къаддæр Иоаннæй уæлдæр у.

12 Аргъауæг Иоанны заманæй фæстæмæ Уæларвон Паддзахад райсыныл архайын хъæуы, æмæ чи архайы, уыдон Æй райсынц*.

13 Уымæн æмæ пехуымпартæ сеппæт дæр æмæ Моисей дæр Иоанны заманы онг пехуымпариуæг кодтой.

14 Æмæ уæ кæд баууæндын фæнды, уæд æрцæуинаг чи уыд, Иоанн уыцы Илиа у.

15 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!

16 Фæлæ кæуыл абарон ацы фæлтæр? Сывæллæтты хуызæн у, сахары фæзы чи бады æмæ се 'мбæлттæн афтæ чи зæгъы:

17 „Мах уын уадындзæй цагътам, æмæ сымах нæ кафыдыстут; мах уын хъарджытæ кодтам, æмæ сымах нæ дзынæзтат".

18 Уымæн æмæ æрцыд Иоанн, нæдæр хæргæ кæны, нæдæр нуазгæ, æмæ дзы зæгъынц: „Хæйрæджджын у".

19 Æрцыд Адæймаджы Фырт, хæры æмæ нуазы, æмæ Дзы зæгъынц: „Мæнæ гуыбындзæл æмæ расыггæнаг, хъалонисджыты æмæ тæригъæдджынты лымæн". Фæлæ Хуыцауы уæлзонд цы хъуыддæгтæ аразы, йæ растгæнæг уыдон сты».

«Сар дæ сæр, Хоразин!»

20 Уæд Йесо уайдзæф кæнын райдыдта, фылдæр диссæгтæ кæм равдыста, фæлæ фæсмон чи нæ фæкодта, уыцы сахартæн:

21 «Сар дæ сæр, Хоразин! Сар дæ сæр, Вифсаидæ! Уымæн æмæ сымахмæ кæй равдыстæуыд, уыцы диссæгтæ Тир æмæ Сидоны куы равдыстæуыдаид, уæд уыцы сахартæ, хъисын скæнгæйæ æмæ сæ сæртыл фæнык байзæрдгæйæ, раджы æрфæсмон кодтаиккой.

22 Фæлæ уын зæгъын: Тир æмæ Сидонæн тæрхоны бон сымахæй æнцондæр уыдзæн.

23 Æмæ дæу, Капернаум, уæларвмæ систæуыдзæни? Нæ, дæлдзæхмæ ныххаудзынæ. Уымæн æмæ дæуæн кæй равдыстæуыд, уыцы диссæгтæ Содомы куы равдыстæуыдаид, уæд ма цæрид абон дæр.

24 Фæлæ уын зæгъын: Содомы зæххæн тæрхоны бон дæуæй æнцондæр уыдзæн».

Фыд æмæ Фырт

25 Уæд Йесо загъта: «Стауын Дæ, Мæ Фыд, арв æмæ зæххы Хицау, Ды адæттæ зондджынтæ æмæ æмбаргæтæй кæй басусæг кодтай æмæ сæ сывæллæттæн кæй раргом кодтай, уый тыххæй.

26 О, Мæ Фыд, Дæу афтæ бафæндыд.

27 Мæ Фыдæй Мын лæвæрд у æппæт дæр. Фыды йеддæмæ Фырты ничи зоны, æмæ Фыды дæр ничи зоны – зоны Йæ æрмæстдæр Фырт æмæ, Уый Йæ Фыды раргом кæнын кæмæн фæнды, уыдон.

Фæлмæцыдтæн – удæнцой

28 Æрцæут Мæм, æппæт фæлмæцыдтæ æмæ уаргъджынтæ, æмæ уын Æз ратдзынæн æнцой.

29 Сæвæрут Ме 'фсондз уæхиуыл æмæ сахуыр ут Мæнæй – Æз сабыр æмæ æвæлмас дæн, æмæ ссардзыстут удæнцой.

30 Уымæн æмæ æнцонхæссæн у Ме 'фсондз, æмæ рог у Мæ уаргъ».

* 11:12 Ацы бынатæн бамбарæн ис афтæ дæр: Аргъауæг Иоанны заманæй фæстæмæ Уæларвон Паддзахады ныхмæ тох кæнынц, æмæ йæм чи лæбуры, уыдон архайынц йæ бацахсыныл.

12 Сæр

Йесо æмæ сабат

1 Уыцы рæстæг Йесо сабаты фæцæйцыд æфсирджын хуымты. Йæ ахуыргæнинæгтæ сыстонг сты, райдыдтой æфсиртæ тонын æмæ хæрын.

2 Фарисейтæ уый куы федтой, уæд Йесойæн загътой: «Кæс-ма, Дæ ахуыргæнинæгтæ кæнынц, сабаты цы нæ фæччы, уый».

3 Йесо сын дзуапп радта: «Давид йе 'мбæлттимæ куы сыстонг, уæд цы бакодта, уый тыхæй нæ кастыстуг, æви?

4 Бацыди Хуыцауы хæдзармæ æмæ бахордта, йæхицæн дæр æмæ йе 'мбæлттæн дæр бахæрын кæй не 'мбæлд, уыцы нывонд дзултæ – æрмæстдæр сауджынтæм уыди уыдон хæрыны бар.

5 Кæнæ Моисейы Æгъдауы, мыййаг, нæ бакастыстут, алы сабат дæр сауджынтæ сабаты фæтк Кувæндоны куыд халынц, фæлæ аххосджын кæй не сты, уый тыххæй?

6 Фæлæ уын зæгъын, ам ис, Кувæндонæй уæлдæр Чи у, Уый.

7 „Нывонд Мæ нæ хъæуы, фæлæ уарзæгой зæрдæ" – уымæн йæ мидис куы зониккат, уад æназымты нæ фæзылын кодтаиккат.

8 Уымæн æмæ Адæймаджы Фырт сабатæн йæ хицау у».

Цæнкуыл сдзæбæх

9 Йесо уырдыгæй куы рацыд, уæд баздæхти синагогæмæ.

10 Уыди дзы, йæ къух хуыскъ кæмæн уыд, ахæм адæймаг. Æмæ цæмæй Йесойы фæзылын кæной, уый тыххæй Йæ бафарстой: «Сабаты дзæбæх кæнын æмбæлы æви нæ?»

11 Уый сын загъта: «Искæмæ уæ иу фыс куы уа, æмæ йын сабаты уæрмы куы ныххауа, уæд æй уырдыгæй не сласдзæн, æви?

12 Адæймаг та цас зынаргъдæр у фысæй! Уæдæ сабаты хорз кæнын æмбæлы».

13 Æмæ уыцы лæгæн загъта: «Радар дæ къух». Уый радардта йæ къух, æмæ йын сдзæбæх, сси иннæ къухы хуызæн.

14 Фарисейтæ рацыдысты æмæ уынаффæ кодтой, Йесойы цы амалæй амарой, ууыл. Фæлæ сын Йесо сæ фæнд базыдта, æмæ ацыди уырдыгæй.

Æвзæрст Лæггадгæнæг

15 Йæ фæдыл цыди бирæ адæм, æмæ Уый сдзæбæх кодта æппæт рынчынты дæр,

16 Фæлæ сын карзæй бафæдзæхста, цæмæй Йын Йæ кой ма кæной.

17 Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, Исай-пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый:

18 «Мæнæ Мæ уарзон Лæггадгæнæг – Кæй сæвзæрстон æмæ Кæуыл аудын, Уый. Бахай Йын кæндзынæн Мæ Удæй, æмæ адæмтæн фехъусын кæндзæн Мæ рæстдзинад.

19 Быцæу æмæ хъæр нæ кæндзæн, Йæ хъæлæс ын ничи фехъусдзæн уынгты.

20 Цъæл хъæз нæ асæтдзæн, гæзæмæ судзгæ цырагъ нæ ахуыссын кæндзæн, цалынмæ рæстдзинад уæлахизмæ æркæна, уæдмæ.

21 Æмæ æппæт адæмтæ Йæ номæй уыдзысты ныфсджын».

Куырм æмæ æгомыг хæйрæджджын сдзæбæх

22 Уæд Йесомæ æркодтой куырм æмæ æгомыг хæйрæджджыны. Йесо йæ сдзæбæх кодта, æмæ æгомыг райдыдта дзурын æмæ уынын.

23 Адæм иууылдæр дисы бафтыдысты æмæ дзырдтой: «Уый Давиды Фырт нæу?»

24 Фарисейтæ уый куы фехъуыстой, уæд загътой: «Уый дæлимонты æрмæстдæр дæлимонты æлдар веелзевулы хъаруйæ суры».

25 Фæлæ сын Йесо зыдта сæ хъуыдытæ, æмæ сын загъта: «Алы паддзахад дæр куы ныддихтæ уа æмæ йæ адæм кæрæдзи ныхмæ куы фæуой, уæд федзæрæг уыдзæн; æмæ алы сахар кæнæ хæдзар дæр куы ныддихтæ уа æмæ йæ цæрджытæ кæрæдзи ныхмæ куы фæуой, уæд уый дæр нæ фæлæудзæн.

26 Уæдæ кæд хæйрæг хæйрæджы суры, уæд йæхи ныхмæ тох кæны. Æмæ афтæмæй куыд фæлæудзæн йæ паддзахад?

27 Кæд Æз дæлимонты веелзевулы хъаруйæ сурын, уæд сæ уæ фæдонтæ та кæй хъаруйæ сурынц? Уымæ гæсгæ уын уыдон уыдзысты тæрхонгæнджытæ.

28 Фæлæ кæд Æз Хуыцауы Уды хъаруйæ сурын дæлимонты, уæд уæм, бæгуыдæр, æрхæццæ Хуыцауы Паддзахад.

29 Кæнæ искæмæн йæ бон куыд бауыдзæн тыхджыны хæдзармæ бацæуын æмæ йын йæ дзауматæ рахæссын, раздæр уал тыхджыны куы нæ сбæтта, уæд? Æрмæст ын уæд фæкъахдзæн йæ хæдзар.

30 Мемæ чи нæу, уый Мæ ныхмæ у; æмæ Мемæ чи не 'мбырд кæны, уый хæлæттаг кæны.

31 Уымæ гæсгæ уын зæгъын: алы тæригъæд æмæ фауын адæмæн уыдзысты хатыргонд, фæлæ Сыгъдæг Уды фауын хатыргонд нæ уыдзæн.

32 Исчи Адæймаджы Фырты куы рафауа, уæд ын уыдзæни хатыр; фæлæ Сыгъдæг Уды чи рафауа, уымæн хатыр нæ уыдзæни нæдæр ацы дунейы, нæдæр фидæны дунейы.

Дзуапп æнæууылд ныхасы тыххæй

33 Бæласæн йæхи дæр æмæ йæ дыргъ дæр кæнæ хорзыл банымайут, кæнæ та йын йæхи дæр æмæ йæ дыргъ дæр æвзæрыл банымайут. Уымæн æмæ бæлас йæ дыргъæй бæрæг вæййы.

34 Калмы цот! Фыдзæрдæтæ куы стут, уæд уæ бон куыд у хорз дзурын? Уымæн æмæ зæрдæ цæмæй дзаг вæййы, дзыхæй дæр уый рацæуы.

35 Хорз адæймаг хорз хæзнадонæй рахæссы хорзæх; фыдзæрдæ адæймаг та фыдæхы къæбицæй рахæссы фыдæх.

36 Зæгъын уын: алы æнæууылд ныхасы тыххæй дæр адæм тæрхоны бон ратдзысты дзуапп.

37 Дæ ныхæстæ дæ сраст кæндзысты, йе та дæ ныхæсты тыххæй тæрхонгонд уыдзынæ».

Йесойæ домынц æвдисæйнаг

38 Уæд динамонджытæй æмæ фарисейтæй иуæй-иутæ загътой Йесойæн: «Ахуыргæнæг, исты æвдисæйнаг нын куы равдисис, уый нæ фæнды».

39 Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауы ныууадзæг хæлд фæлтæр æвдисæйнаг домы, фæлæ йын Ионæ-пехуымпары диссагæй дарддæр æндæр æвдисæйнаг нæ рардæуыдзæн.

40 Уымæн æмæ Ионæ стыр кæсаджы гуыбыны æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы куыд фæци, афтæ Адæймаджы Фырт дæр æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы уыдзæни зæххы зæрдæйы.

41 Ниневиæгта тæрхоны бон рацæудзысты ацы фæлтæры ныхмæ æмæ йæ фæзылын кæндзысты, уымæн æмæ уыдон Ионæйы ныхасæй æрфæсмон кодтой; ныр та ам ис, Ионæйæ уæлдæр Чи у Уый.

42 Хуссары ус-паддзах тæрхоны бон рацæудзæн ацы фæлтæры ныхмæ æмæ йæ фæзылын кæндзæн, уымæн æмæ зæххы кæронæй æрцыди Соломоны зондджын ныхæстæм байхъусынмæ; ныр та ам ис, Соломонæй уæлдæр Чи у, Уый.

Æнæзæгъинаг æрбаздæхы йæ раздæры бынатмæ

43 Æнæзæгъинаг адæймагæй куы рацæуы, уад æнцой агурæг фæзилы æнæдон рæтты, фæлæ йæ не ссары.

44 Уæд фæзæгъы „Раздæхон, цы хæдзарæй рацыдтæн, уырдæм". Æмæ куы æрцæуы, уæд æй æрæййафы афтидæй, марзт æмæ æфснайдæй.

45 Уæд ацæуы æмæ йемæ æркæны æндæр авд æнæзæгъинаджы, йæхицæй фыддæрты, бацæуынц уырдæм æмæ дзы æрцæрынц; æмæ уыцы адæймаг бахауы, раздæр цы уыди, уымæй ноджы æвзæрдæр уавæры. Афтæ уыдзæн ацы фыдзæрдæ фæлтæры хабар дæр».

Йесойы Мад æмæ æфсымæртæ

46 Йесо ма адæмимæ куы ныхас кодта, уæд Йæ Мад æмæ Йе 'фсымæртæ лæууыдысты æдде, æмæ сæ фæндыди Йемæ аныхас кæнын.

47 Æмæ Йын чидæр загъта: «Дæ Мад æмæ Де 'фсымæртæ лæууынц æдде, Демæ аныхас кæнын сæ фæнды».

48 Уый зæгъæгæн Йесо дзуапп радта: «Чи у Мæ мад, æмæ чи сты Ме 'фсымæртæ?»

49 Æмæ, Йæ къухæй Йæ ахуыргæнинæгтæм бацамонгæйæ, загъта: «Мæнæ Мæ мад æмæ Ме 'фсымæртæ.

50 Уымæн æмæ Мæ Уæларвон Фыды фæндон чи æххæст кæны, уый у Ме 'фсымæр, Мæ хо æмæ Мæ мад».

13 Сæр

Фæсномыг ныхас тауæджы тыххæй

1 Уыцы бон Йесо рацыди хæдзарæй æмæ æрбадти денджызы был.

2 Уыйас бирæ адæм æрæмбырд, æмæ Уый бахызти бæлæгъмæ æмæ дзы æрбадт; адæм та иууыдцæр лæууыдысты былгæрон.

3 Бирæ сын амыдта фæсномыг ныхæстæй: «Мæнæ тауæг рацыди тауынмæ.

4 Таугæ-тауын иуæй-иу нæмгуытæ æрхаудысты фæндаггæрон, æртахтысты мæргътæ æмæ сæ рауыгътой.

5 Иуæй-иутæ дзы æрхаудысты, сыджыт бирæ кæм нæ уыд, ахæм дурджын ран, æмæ уайтагъд сæвзæрдысты, уымæн æмæ зæхх арф нæ уыд.

6 Æмæ хур куы скаст, уæд сæ басыгъта æмæ бахус сты, уымæн æмæ сын уидаг нæ уыд.

7 Иуæй-иутæ дзы æрхаудысты сындзыты æхсæн, сындзытæ сзадысты æмæ сæ ныххурх кодтой.

8 Иуæй-иутæ та дзы æрхаудысты бæзнаг мæрыл æмæ радтой: иу – фондзыссæдз хатты, иннæ – æртиссæдз хатты, аннæ – дæс æмæ ссæдз хатты фылдæр тыллæг.

9 Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!»

Цæй тыххæй амоны фæсномыг ныхæстæй?

10 Йесомæ бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йæ бафарстой: «Цæй тыххæй сын амоныс фæсномыг ныхæстæй?»

11 Йесо сын дзуапп радта: «Уый тыххæй, æмæ Уæларвон Паддзахады сусæгдзинæдтæ зонын сымахæн лæвæрд у, уыдонæн та лæвæрд нæу.

12 Кæмæ ис, уымæн рардæуыдзæн æмæ йæм уыдзæни бирæ; кæ-мæ нæй, уымæй та ист æрцæудзæн, цы йæм ис, уый дæр.

13 Фæсномыг ныхæстæй сын уый тыххæй дзурын, æмæ уыдон „кæсынц, фæлæ нæ уынынц, хъусынц, фæлæ сæм нæ хъуысы, æмæ не 'мбарынц".

14 Уыдоныл æрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусæй хъусдзыстут, фæлæ нæ бамбардзыстут, цæстæй кæсдзыстут, фæлæ нæ фендзыстут.

15 Уымæн æмæ ацы адæмæн сæ зæрдæ ныддур, хъусæй зынтæй хъусынц, сæхгæдтой сæ цæстытæ, цæмæй цæстæй ма феной, хъусæй ма фехъусой, зæрдæйæ ма бамбарой, ма раздæхой Мæнмæ æмæ сæ Æз ма сдзæбæх кæнон".

16 Сымахæн та тæхудиаг сты уæ цæстытæ – уынгæ чи кæны; æмæ уæ хъустæ – хъусгæ чи кæны.

17 Æцæг уын зæгъын: бирæ пехуымпартæ æмæ рæстгæнджытæ тæхуды кодтой, сымах цы уынут, уый фенынмæ, фæлæ йæ нæ федтой; сымах цы хъусут, уый фехъусынмæ, фæлæ йæ нæ фехъуыстой.

18 Сымах та байхъусут, тауæджы тыххæй фæсномыг ныхас цы амоны, уымæ.

19 Хуыцауы Паддзахады тыххæй ныхас чидæриддæр фехъусы æмæ йæ нæ бамбары, уымæ æрцæуы хæйрæг æмæ аскъæфы, уымæн йæ зæрдæйы цы байтыдæуыд, уый. Уыцы адæймаг у, фæндаггæрон кæй бай-тыдæуыд, ахæм нæмыгау.

20 Дурджын ран кæй байтыдæуыд, уый ахæм у: фехъусы ныхас æмæ йæ уыйадыл цингæнгæ айсы йæ зæрдæмæ,

21 Фæлæ æнæуидаг у æмæ бирæ нæ бафæразы. Тыхст рæстæг куы ралæууы, кæнæ Хуыцауы ныхасы тыххæй æфхæрын куы райдайынц, уæд уайтагъд ныууадзы йæ уырнындзинад.

22 Сындзыты æхсæн кæй байтыдæуыд, уый та ахæм у: фехъусы ныхас, фæлæ зæххон царды мæт æмæ мулчы бæллиц ныххурх кæнынц уыцы ныхас, æмæ пайда нæ ратты.

23 Бæзнаг мæрыл кæй байтыдæуыд, уыдон ахæмтæ сты: фехъусынц ныхас æмæ йæ бамбарынц; æмæ сæ иу ратты фондзыссæдз хатты, иннæ – æртиссæдз хатты, аннæ та – дæс æмæ ссæдз хатты фылдæр пайда».

Фæсномыг ныхас мæгъæлдайы тыххæй

24 Йесо ма сын радзырдта æндæр фæсномыг ныхас дæр: «Уæларвон Паддзахад у йæ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, уыцы адæймаджы хуызæн.

25 Адæм куы бафынæй сты, уад æрцыд йе знаг, мæнæуы æхсæн байтыдта мæгъæлда æмæ ацыди.

26 Мæнæу куы равзæрд æмæ æфсир куы рафтыдта, уæд фæзынд мæгъæлда дæр.

27 Хуымы хицаумæ æрцыдысты йæ цагъартæ æмæ йын загътой: „Хицау, дæ хуымы хорз мыггаг куы байтыдтай, уæд дзы мæгъæлда куыд фæзынди?"

28 Сæ хицау сын дзуапп радта: „Уый знаг бакодта". Цагъартæ йæ бафарстой: „Фæнды дæ, уæд мах ацæуæм æмæ сæ срæдувæм?"

29 Фæлæ сын уый загъта: „Нæ хъæуы, мыййаг, мæгъæлдаимæ мæнæу дæр куы срæдуват.

30 Сæ иуы дæр æмæ сæ иннæйы дæр ныууадзут хуымгæрдæнтæм. Æмæ хуымгæрдæнты рæстæг æз зæгъдзынæн хуымгæрдджытæн: фыццаг æрæмбырд кæнут мæгъæлда, скæнут дзы куыристæ æмæ сæ басудзут; мæнæу та бафснайут мæ хордоны"».

Фæсномыг ныхас хъыцъыйы нæмыджы тыххæй

31 Йесо ма сын радзырдта æндæр фæсномыг ныхас дæр: «Уæларвон Паддзахад у, адæймаг йæ хуымы кæй байтыдта, уыцы хъыцъыйы нæмыгау.

32 Кæд уый æппæт мыггæгтæн сæ къаддæр у, уæддæр куы сзайы, уæд цæхæрадоны иннæ зайæгойтæй фæбæрзонддæр вæййы. Ахæм бæлас дзы рауайы, æмæ йæм æртæхынц уæларвон мæргътæ æмæ йæ къалиутыл саразынц ахстæттæ».

Фæсномыг ныхас æнхъизæны тыххæй

33 Йесо ма сын радзырдта æндæр фæсномыг ныхас дæр: «Уæларвон Падцзахад у, сылгоймаг ссады æртæ сасирыл кæй бафтыдта æмæ хыссæ æгасæй дæр кæмæй сæнхъызт, уыцы æнхъизæнау».

34 Æппæт уыдæттæ Йесо адæмæн дзырдта фæсномыг ныхæстæй, æнæ фæсномыг ныхæстæй та сын ницы дзырдта.

35 Афтæмæй хъуамæ сæххæст уыдаид, пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый: «Дзурдзынæн фæсномыг ныхæстæй; фехъусын кæндзынæн, дуне сфæлдисынæй нырмæ сусæг цы уыди, уый».

Йесо æмбарын кæны фæсномыг ныхас

36 Йесо ауагъта адæмы æмæ бахызти хæдзармæ. Уæд Æм бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Бамбарын нын кæн фæсномыг ныхас хуымы тыд хæмпæлгæрдæджы тыххæй».

37 Йесо сын дзуапп радта: «Хорз мыггаг тауæг Адæймаджы Фырт у.

38 Хуым у дуне, хорз мыггаг – Хуыцауы Паддзахады хъæбултæ, хæмпæлгæрдæг та – хæйрæджы хъæбултæ.

39 Хæмпæлгæрдæг байтауæг знаг у хæйрæг, хуымгæрдæнтæ сты дунейы кæрон, хуымгæрдджытæ та – зæдтæ.

40 Хæмпæлгæрдæг куыд æмбырд кæнынц æмæ йæ арты куыд басудзынц, афтæ уыдзæн, дунейæн йæ кæрон куы æрцæуа, уæд дæр:

41 Адæймаджы Фырт рарвитдзæн Йæ зæдты, æмæ Йын Йæ Паддзахадæй æрæмбырд кæндзысты, тæригъæды æфтыд чи уыди æмæ иннæты дæр тæригъæды чи æфтыдта, уыдоны иууыддæр;

42 Æмæ сæ баппардзысты судзгæ пецы. Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс.

43 Уæд рæстытæ хурау сæрттивдзысты сæ Фыды Паддзахады. Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!

Фæсномыг ныхæстæ æмбæхст хæзна æмæ зынаргъ налхъуыты тыххæй

44 Уæларвон Паддзахад у быдыры ныгæд хæзнайы хуызæн. Адæймаг æй ссардта, фæстæмæ йæ баныгæдта, цингæнгæ ацыд, æмæ йæм цыдæриддæр уыди, уый ауæй кодта æмæ балхæдта уыцы быдыр.

45 Уæларвон Паддзахад ма у хорз налхъуыт агурæг сæудæджеры хуызæн.

46 Уый иу зынаргъ налхъуыт куы ссардта, уæд ацыд æмæ йæм цыдæриддæр уыди, уый ауæй кодта æмæ йæ балхæдта.

Фæсномыг ныхас кæсагахсæн хызы тыххæй

47 Уæларвон Паддзахад ма у, денджызмæ кæй баппæрстой æмæ алыхуызон кæсæгтæ чи æрцахста, ахæм хызы хуызæн дæр.

48 Хыз куы байдзаг, уæд æй раластой былмæ, стæй æрбадтысты æмæ кæсæгтæн сæ дзæбæхтæ нывæрдтой чыргъæдты, æвзæрты та аппæрстой.

49 Афтæ уыдзæни, дунейæн йæ кæрон куы æрцæуа, уæд дæр: æрцæудзысты зæдтæ, тæригъæдджынты фæхицæн кæндзысты рæстытæй

50 Æмæ сæ баппардзысты судзгæ пецы. Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс».

51 Йесо Йæ ахуыргæнинæгты бафарста: «Æппæт уыдæттæ бамбæрстат æви нæ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Хицау».

52 Йесо та сын загъта: «Уæдæ Уæларвон Паддзахады ахуыргæнинаг чидæриддæр сси, уыцы динамонæг у, йæ хæзнадонæй ног æмæ зæронд хæзнатæ чи райсы, ахæм хæдзары хицауы хуызæн».

Назареты синагогæйы

53 Йесо уыцы фæсномыг ныхæстæ дзырд куы фæци, уæд ацыди уырдыгæй.

54 Æрцыд Йæ сахармæ æмæ адæмæн амыдта синагогæйы. Уыдон дисы æфтыдысты æмæ дзырдтой: «Кæцæй Йæм ис ахæм зонд, ахæм диссæгтæ аразын Йæ бон куыд у?

55 Ай хъæддæсныйы фырт нæу, мыййаг? Йæ Мад Мариа нæ хуыйны? Иаков, Иосиф, Симон æмæ Иудæ Йе 'фсымæртæ не сты?

56 Йæ хотæ дæр иууылдæр не 'хсæн не сты, æви? Гъемæ Йын уæдæ æппæт адæттæ кæцæй сты?»

57 Æмæ Йыл не 'ууæндыдысты. Йесо сын загъта: «Пехуымпар йæ фыдыбæстæ æмæ йæ хæдзарæй дарддæр æгад никуы вæййы».

58 Æмæ уым бирæ диссæгтæ нæ сарæзта, уырнындзинад сæм кæй нæ уыд, уый тыххæй.

14 Сæр

Аргъауæг Иоанны мæлæт

1 Уыцы рæстæг æлдариуæггæнæг Ирод фехъуыста Йесойы кой,

2 Æмæ йæ фæсдзæуинтæн загъта: «Уый Аргъауæг Иоанн у. Мæрдтæй райгас æмæ уый тыххæй аразы диссæгтæ».

3 Уымæй размæ Ирод йе 'фсымæр Филиппы ус Иродиадæйы тыххæй æрцахста Иоанны, сбаста йæ рæхыстæй, æмæ йæ бакодта ахæстоны.

4 Уымæн æмæ йын Иоанн дзырдта: «Нæ дын æмбæлы уыимæ цæрын».

5 Ироды фæндыд Иоанны амарын, фæлæ тарст адæмæй, уымæн æмæ йæ пехуымпарыл нымадтой.

6 Фæлæ Иродæн йæ райгуырæн бон куы уыд уæд Иродиадæйы чызг кафыд уазджыты раз. Уымæй Ироды зæрдæ балхæдта,

7 Æмæ Ирод расомы кодта, цы ракура, уый йын раттыны тыххæй.

8 Чызг йæ мады ардыдæй загъта: «Гъертæккæ мын ардæм тæбæгъы Аргъауæг Иоанны сæр æрбахæсс».

9 Паддзах фенкъард, фæлæ йæ сомымæ гæсгæ æмæ йемæ минасгæнджыты æфсæрмæй радта йæ курдиат ын сæххæст кæныны бардзырд.

10 Арвыста Иоаннмæ, æмæ йын ахæстоны акъуырын кодта йæ сæр.

11 Иоанны сæр æрбахастой тæбæгъы æмæ йæ радтой чызгмæ, уый та йæ ахаста йæ мадмæ.

12 Иоанны ахуыргæнинæгтæ æрцыдысты, ахастой йын йæ мард æмæ йæ баныгæдтой, стæй ацыдысты æмæ уый тыххæй радзырдтой Йесойæн.

Йесо бафсæста фондз мин лæджы

13 Йесо уый куы фехъуыста, уæд уырдыгæй бæлæгъы иунæгæй ацыд хибар ранмæ. Адæм уый куы базыдтой, уæд сахартæй фистæгæй ацыдысты Йæ фæдыл.

14 Йесо былмæ куы рахызт, уæд федта бирæ адæм æмæ сын фæтæригъæд кодта æмæ сдзæбæх кодта сæ рынчынты.

15 Куы баизæр, уæд Æм æрбацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ загътой: «Ам фæсвæд ран у, ноджы банафон. Ауадз адæмы, ацæуой хъæутæм æмæ сæхицæн хæринаг балхæной».

16 Фæлæ сын Йесо загъта: «Цæуын сæ нæ хъæуы. Сымах сын раттут хæринаг».

17 Дзуапп Ын радтой: «Ам махмæ ис æрмæстдæр фондз дзулы æмæ дыууæ кæсаджы».

18 Уый сын загъта: «Ардæм Мæм сæ рахæссут».

19 Йесо адæмы æрбадын кодта кæрдæгыл, стæй райста фондз дзулы æмæ дыууæ кæсаджы, скаст уæларвмæ, арфæ ракодта, асаста дзултæ æмæ сæ радта ахуыргæнинæгтæм, уыдон та сæ байуæрстой адæмæн.

20 Сеппæт дæр бахордтой æмæ бафсæстысты. Æмæ ма цы уæлдæйттæ баззад, уыдонæй байдзаг дыууадæс чыргъæды.

21 Хæргæ чи кодта, уыдон та, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты нæ нымайгæйæ, уыдысты фондз мин лæджы бæрц.

Йесо къахæй цæуы денджызыл

22 Йесо ахуыргæнинæгты уайтагъд сбадын кодта бæлæгъы æмæ сæ Йæ разæй арвыста денджызы иннæ фарсмæ; Йæхæдæг уал баззади, цалынмæ адæмы ауадза, уæдмæ.

23 Æмæ адæмы куы ауагъта, уæд хибарæй бакувынмæ ссыди хохмæ, æмæ куы баизæр, уæд дæр ма уым уыд иунæгæй.

24 Бæлæгъ та уыцы рæстæг адард и денджызы былæй, æмæ йæ уылæнтæ хостой, уымæн æмæ цыди дымгæйы ныхмæ.

25 Боныцъæхты размæ сæм Йесо денджызыл бацыди къахæй.

26 Æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæ денджызыл цæугæ куы федтой, уæд фæтарстысты æмæ дзырдтой: «Уый цæстылуайæн у». Æмæ сæ фыртæссæй ныхъхъæр кодтой.

27 Фæлæ сæм Йесо уайтæккæ сдзырдта: «Фидар фæлæуут, уый Æз дæн! Ма тæрсут».

28 Петр Ын загъта: «Хицау, кæд уый Ды дæ, уæд мын зæгъ, цæмæй Дæм доныл къахæй бацæуон».

29 Йесо йын дзуапп радта: «Рацу». Петр рахызти бæлæгъæй, къахæй араст доныл, æмæ бацыд Йесомæ.

30 Фæлæ дымгæ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уæд фæтарсти, райдыдта дæлдон кæнын æмæ хъæр систа: «Хицау, фервæзыы мæ кæн!»

31 Йесо йæм уайтагъд Йæ къух бадардта, ныххæцыд ыл æмæ йын загъта: «Лæмæгъ уырнæг, цæмæн фæдызæрдыг дæ?»

32 Æмæ бæлæгъмæ куы бахызтысты, уæд дымгæ банцади.

33 Бæлæгъы чи уыд, уыдон æрзоныгыл сты Йесойы раз æмæ Йын загътой: «Ды æцæгæй Хуыцауы Фырт дæ».

Йесо Геннисареты сдзæбæх кодта рынчынты

34 Бахæццæ сты денджызы иннæ фарсмæ, Геннисареты цурмæ.

35 Уымы адæм Йесойы куы базыдтой, уæд фехъусын кодтой æппæт алфамбылайы дæр. Æрхастой Йæм æппæт рынчынты,

36 Хатыдысты Йæм, цæмæй сæ бауадза уæд та Йæ пæлæзы коцорайыл бандзæвын; æмæ-иу чидæриддæр бандзæвыд, уыдон-иу сдзæбæх сты.

15 Сæр

Фыдæлты агъдæуттæ

1 Уæд Иерусалимæй Йесомæ æрцыдысты фарисейтæ æмæ динамонджытæ, æмæ Йын загътой:

2 «Дæ ахуыргæнинæгтæ цæмæн халынц фыдæлты æгъдау? Сæ къухтæ не 'хсынц, афтæмæй хæрынц».

3 Йесо сын дзуапп радта: «Æмæ сымах та уæхи æгъдауы сæраппонд цæмæн халут Хуыцауы фæдзæхет?

4 Уымæн æмæ Хуыцау загъта: „Нымай дæ фыд æмæ дæ мады", æмæ: „Йæ фыды кæнæ йæ мады æфхæрæг амæлæд".

5 Сымах та дзурут: „Йæ фыдæн кæнæ йæ мадæн афтæ чи зæгъа, мæнæй цы хъуамæ айстаис, уый мын Хуыцауæн лæвар у, зæгъгæ,

6 Уыцы адæймаджы йæ фыды кæнæ йæ мады нымайыны сæр нал хъæуы". Афтæмæй Хуыцауы ныхас баивтат уæхи æгъдауæй.

7 Цæстмæхъустæ! Сымах тыххæй Исай-пехуымпар хорз загъта:

8 „Ацы адæм Мын кад кæнынц дзыхæй, сæ зæрдæ та дард у Мæнæй.

9 Дзæгъæлы Мæм кувынц; цæуыл ахуыр кæнынц, уыдон адæймаджы æрхъуыдыгонд æгъдæуттæ сты"».

10 Йесо басидт адæммæ æмæ сын загъта: «Байхъусут æмæ бамбарут!

11 Дзыхмæ цы цæуы, уый нæ чъизи кæны адæймаджы, фæлæ дзыхæй цы рацæуы, уый йæ кæны чъизи».

12 Уæд Æм æрбацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Дæ ныхæстæ фарисейтæн кæй фæхъыг сты, уый зоныс?»

13 Йесо сын дзуапп радта: «Мæ Уæларвон Фыд кæй нæ ныссагъта, уыцы зайæгой рæдывд æрцæудзæн æд уидæгтæ.

14 Ныууадзут сæ, уыдон куырмыты куырм фæтæгтæ сты. Æмæ куырм куырмы куы хона, уæд сæ дыууæ дæр ныххаудзысты уæрмы».

15 Уæд Æм Петр бахатыд: «Бамбарын нын кæн ацы фæсномыг ныхас».

16 Йесо загъта: «Ау, сымах дæр ныр дæр ма афтæ æнæмбаргæ стут?

17 Æви йæ нæ зонут, дзыхмæ цыдæриддæр бацæуы, уый гуыбынмæ кæй ныфты, стæй æддæмæ кæй рацæуы?

18 Дзыхæй цы рацæуы, уый та зæрдæйæ радæуы, æмæ уый чъизи кæны адæймаджы.

19 Уымæн æмæ зæрдæйæ рацæуынц фыдвæндтæ, марын, хæтын, давын, мæнгæвдисæн лæууын, хахуыр.

20 Æппæт уыдæттæ чъизи кæнынц адæймаджы, æнæхсад къухтæй хæрын та йæ нæ кæны чъизи».

Муртат усы чызг сдзæбæх

21 Йесо араст уырдыгæй, æмæ æрцыд Тир æмæ Сидоны зæхмæ.

22 Рацыд Æм уырдыгон ханаанаг сылгоймаг æмæ хъæр кодта: «Батæригъæд мын кæн, Хицау, Давиды Фырт! Мæ чызг хæйрæджджын у æмæ удхар кæны».

23 Фæлæ йын Йесо иу ныхасæй дæр дзуапп нæ лæвæрдта. Уæд Æм бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йæм æрхатыдысты: «Байхъус æм, æмæ ацæуа, науæд нæ фæдыл бафтыд æмæ хъæр кæны».

24 Йесо дзуапп радта: «Æз æрмæстдæр Израилы адæммæ, сæфт фыстæм, æрвыст дæн».

25 Фæлæ Йæм сылгоймаг бацыд, æрзоныгыл Йæ разы æмæ загъта: «Хицау, баххуыс мын кæн».

26 Йесо йын дзуапп радта: «Хорз нæу сывæллæтты къæбæр райсын æмæ йæ куыйтæн аппарын».

27 Сылгоймаг загъта: «О, Хицау, фæлæ куыйтæ дæр, сæ хицæутты фынгæй цы муртæ æрхауы, уыдон фæхæрынц».

28 Уæд ын Йесо дзуапп радта: «Хорз ус, стыр у дæ уырнындзинад! Сæххæст уæд дæ фæндон». Æмæ йæ чызг уайтæккæ сдзæбæх.

Йесо сдзæбæх кодта рынчынты

29 Йесо араст уырдыгæй, æрцыди Галилейы денджызмæ, ссыди хохмæ æмæ уым æрбадти.

30 Æрбацыд Æм дзæвгар адæм къуылыхтимæ, куырмытимæ, цæнкуылтимæ, æгомыгтимæ æмæ бирæ æндæр рынчынтимæ, æрæвæрдтой сæ Йесойы къæхты цур, æмæ сæ Уый сдзæбæх кодта.

31 Адæм куы федтой æгомыгты дзургæйæ, цæнкуылты æнæнизæй, къуылыхты цæугæйæ æмæ куырмыты сæ цæстæй ракæсгæйæ, уæд дисы бафтыдысты, æмæ кад кодтой Израилы Хуыцауæн.

Йесо бафсæста цыппар мин лæджы

32 Йесо басидт Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сын загъта: «Тæригъæд кæнын ацы адæмæн, ныр æртæ боны дæргъы Мемæ сты, æмæ цы бахæрой, уый сæм нæй. Æххормагæй сæ ауадзон, уый та Мæ нæ фæнды, науæд бастайдзысты фæндагыл».

33 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Утæппæт адæм бафсадыны фаг дзултæ ам, æдзæрæг ран, куыд самал кæнæм?»

34 Йесо сæ бафарста: «Цал дзулы уæм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд, стæй ма цалдæр гыццыл кæсаджы».

35 Уæд Йесо адæмы æрбадын кодта зæххыл,

36 Райста авд дзулы æмæ кæсæгтæ, арфæ ракодта, асаста сæ æмæ сæ радта Йæ ахуыргæнинæгтæм, ахуыргæнинæгтæ та сæ байуæрстой адæмæн.

37 Сеппæт дæр бахордтой æмæ бафсæстысты. Æмæ ма цы уæлдæйттæ баззад, уыдонæй байдзаг авд чыргъæды.

38 Хæргæ чи кодта, уыдон та, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты нæ нымайгæйæ, уыдысты цыппар мин лæджы.

39 Уæд Йесо ауагъта адæмы, бахызт бæлæгъмæ, æмæ æрцыди Магдалæйы зæхмæ.

16 Сæр

Йесойæ домынц æвдисæйнаг

1 Йесомæ бацыдысты фарисейтæ æмæ саддукейтæ, æмæ Дзы Йæ бафæлварыны тыххай домдтой уæларвæй сын æвдисæйнаг равдисын.

2 Йесо сын дзуапп радта: «Изæрæй сымах фæзæгъут: „Боныхъæд хорз уыдзæн – арв сырху".

3 Райсомæй та фæзæгъут „Къæвда уыдзæн абон – арв сырх æмæ хъуынтъыз у". [Цæстмæхъустæ!] Арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уæд ацы рæстæджы цаутæ раиртасын нæ фæразут?

4 Хуыцауы ныууадзæг хæлд фæлтæр æвдисæйнаг домы, фæлæ йын Ионæйы диссагæй дарддæр æндæр æвдисæйнаг нæ рардæуыдзæн». Уыйадыл сæ ныууагъта æмæ ацыд уырдыгæй.

Фарисейты æмæ саддукейты æнхъизæн

5 Йæ ахуыргæнинæгтæ бæлæгъы бацыдысты денджызы иннæ фарсмæ. Семæ сæ дзултæ райсын ферох.

6 Йесо сын загъта: «Хъусут, уæхи хизут фарисейты æмæ саддукейты æнхъизæнæй».

7 Æмæ ахуыргæнинæгтæ кæрæдзийæн дзырдтой: «Дзул нæ райстам немæ».

8 Йесо сæ бамбæрста, æмæ сын загъта: «Цæмæн дзурут, лæмæгъ уырнджытæ, дзул уæм кæй нæй, уый тыххæй?

9 Ау, нæма йæ бамбæрстат? Фондз мин лæгæн фондз дзулы куыд сфаг æмæ цал чыргъæды байдзаг кодтат, уый уæ зæрдыл нал лæууы?

10 Цыппар минæн авд дзулы куыд сфаг æмæ уæлдæйттæй цал чыргъæды байдзаг кодтат, уый дæр уæ ферох?

11 Ау, Мæ ныхас дзулы тыххæй кæй нæ уыд, уый куыд нæ æмбарут? Уæхи хизут фарисейты æмæ саддукейты æнхъизæнæй».

12 Уæд бамбæрстой: Йесо сын дзырдта дзулы æнхъизæнæй нæ, фæлæ фарисейты æмæ саддукейты ахуырадæй сæхи бахизыны тыххæй.

Петр Йесойы схуыдта Хуыцауы Фырт

13 Йесо Филиппы Кесарийы зæхмæ куы æрцыди, уæд бафарста Йæ ахуыргæнинæгты: «Мæн, Адæймаджы Фырты, адæм кæуыл нымайынц?»

14 Уыдон Ын загътой: «Иутæ – Аргъауæг Иоанныл, иннæтæ – Илиайыл, аннæтæ та – Иеремийыл кæнæ пехуымпартæй иуыл».

15 Йесо сæ бафарста: «Сымах та Мæ кæуыл нымайут?»

16 Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дæ, цардæгас Хуыцауы Фырт».

17 Уад ын Йесо загъта: «Тæхудиаг дæ, Ионæйы фырт Симон, уымæн æмæ дын уый адæймаг нæ раргом кодта, фæлæ Мæ Уæларвон Фыд.

18 Æз дын зæгъын: ды дæ Петр*, æмæ уыцы дурыл Æз сараздзынæн Мæ аргъуан, æмæ йæ зындоны тыхтæ нæ басæтдзысты.

19 Æз дæм ратдзынæн Уæларвон Паддзахады дæгъæлтæ. Зæххыл бар цæмæн нæ раттай, уымæн уæлæрвты дæр бар лæвæрд нæ уыдзæн; зæххыл бар цæмæн раттай, уымæн та уæлæрвты дæр рардæуыдзæн бар».

20 Уæд Йесо бафæдзæхста Йæ ахуыргæнинæгтæн, цæмæй макæмæн зæгъой, Уый Чырысти кæй у, уый тыххæй.

Йесо зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæ райгасы тыххæй

21 Уæдæй фæстæмæ Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн æргом кæнын райдыдта: хъуамæ ацæуа Иерусалиммæ æмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзара адæмы хистæртæ, алчертæ æмæ динамонижыты къухтæй; амардæйæуыдзæн æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн.

22 Уæд Æй Петр фæхибар кодта æмæ Йын райдыдта уайдзæф кæнын: «Хуыцау Дæ уымæй бахизæд, Хицау! Уыцы бæллæх дыл ма æрцæуæд!»

23 Йесо разылд æмæ Петрæн загъта: «Фесæф Мæ цурæй, хæйрæг! Ды Мын цæлхдур дæ, уымæн æмæ дæ хъуыдытæ, Хуыцауы фæндон цы у, ууыл нæ, фæлæ адæймаджы фæндон цы у, ууыл сты».

Куыд цæугæ у Йесойы фæдыл

24 Уæд Йесо Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта: «Мæ фæдыл цæуын кæй фæнды, уый йæхи ферох кæнæд, райсæд йæ дзуар æмæ рацæуæд Мæ фæдыл.

25 Уымæн æмæ йæ цард бахъахъхъæнын кæй фæнды, уый йæ фесафдзæн; йæ цард Мæ сæраппонд чи фесафа, уый та йæ ссардзæн.

26 Адæймаг æгас дуне йæхи куы бакæна, йæ уд та куы фесафа, уæд ын уый цы пайда у? Кæнæ йæм цы разындзæн, йæ уд цæмæй балхæна, ахæмæй?

27 Уымæн æмæ Адæймаджы Фырт æрцæудзæн Йæ Фыды намысимæ, Йæ зæдтимæ, æмæ алкæмæн дæр ратдзæн йæ хъуыддæгтæм гæсгæ.

28 Æцæг уын зæгъын: ам чи лæууы, уыдонæй иуæй-иутæ нæ амæлдзысты, цалынмæ Адæймаджы Фырты паддзахы бартимæ æрцæугæ феной, уæдмæ».

  • 16:18 Петр бердзенагау амоны «дур».

17 Сæр

Йесо Йæ хуыз аивта

1 Æхсæз боны фæстæ Йесо Йемæ рахуыдта Петры, Иаковы æмæ уый æфсымæр Иоанны, скодта сæ бæрзонд хохмæ, æмæ уым уыдысты хибарæй.

2 Сæ разы Йæ хуыз аивта – Йæ цæсгом сæрттывта хурау, Йæ дарæс та рухсау фестади сæнтурс.

3 Фæзындысты сæм Моисей æмæ Илиа, авмæ ныхас кодтой Йемæ.

4 Уæд Петр загъта Йесойæн: «Хицау, ам кæй стæм, уый цы хорз у! Кæд Дæ фæнды, уæд ам саразон æртæ халагъуды: иу Дæуæн, иу Моисейæн, иу Илиайæн».

5 Петр йæ ныхас нæма фæци, афтæ сæ æрæмбæрзта рухскалгæ æврагъ, æмæ æврагъæй райхъуысти хъæлæс: «Ай, Кæуыл аудын, Мæ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Æм».

6 Ахуыргæнинæгтæ уый куы фехъуыстой, уæд фыртæссæй æрхаудысты дæлгоммæ.

7 Фæлæ сæм Йесо бацыди, бавнæлдта сæм æмæ сын загъта: «Сыстут, ма тæрсут».

8 Æмæ сæ цæстытыл куы схæцыдысты, уæд, Йесойы йеддæмæ, никæйуал федтой.

9 Хохæй куы æрцæйцыдысты, уæд сын Йесо бафæдзæхста: «Цы федтат, уый тыххæй макæмæн зæгъут, цалынмæ Адæймаджы Фырт мæрдтæй райгас уа, уæдмæ».

10 Уæд Æй Йæ ахуыргæнинæгтæ бафарстой: «Уæдæ динамонджытæ цæмæн афтæ дзурынц, Чырыстийы размæ Илиа хъуамæ æрцæуа, зæгъгæ?»

11 Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, Илиа хъуамæ æрцæуа æмæ æппæт дæр банывыл кæна.

12 Фæлæ уын зæгъын: Илиа æрцыди ныридæгæн, фæлæ йæ нæ базыдтой, æмæ сæ цы бафæндыд, уый йын бакодтой. Афтæ Адæймаджы Фыртæн дæр уыдон бавзарын кæндзысты хъизæмæрттæ».

13 Уæд ахуыргæнинæгтæ бамбæрстой, Йесо сын Аргъауæг Иоанны тыххæй кæй дзырдта, уый.

Æнахъом хæйрæджджын сдзæбæх

14 Адæммæ куы æрыздæхтысты, уæд Йесомæ бацыд иу лæг, æрзоныгыл Йæ разы

15 Æмæ загъта: «Хицау, батæригъæд кæн мæ фыртæн. Фæсур вæййы æмæ тынг удхар кæны; арæх йæхи æппары артмæ æмæ донмæ.

16 Æз æй æркодтон Дæ ахуыргæнинæгтæм, фæлæ йе сдзæбæх кæнын сæ бон нæ баци».

17 Йесо дзуапп радта: «Æнæуырнæг æмæ хæлд фæлтæр! Кæдмæ уыдзынæн уемæ? Кæдмæ уын быхсдзынæн? Ардæм Мæм æй æрбакæнут».

18 Йесо дæлимонæн радта бардзырд, дæлимон рацыди лæппуйæ, æмæ уый уайтæккæ сдзæбæх.

19 Уæд ахуыргæнинæгтæ хибарæй бацыдысты Йесомæ, æмæ Йын загътой: «Дæлимоны расурын нæ бон цæуылнæ баци?»

20 Йесо сын загъта: «Уæ уырнындзинад лæмæгъ кæй у, уый тыххæй. Æцæг уын зæгъын: хъыцъыйы гагайыйас уырнындзинад уæм куы уа æмæ ацы хохæн афтæ куы зæгъат: „Ардыгæй уæртæ уырдæм ацу», уæд ацæудзæн. Æмæ ахæмæй ницы уыдзæн, сымахæн цы нæ бантыса.

21 [Ацы уды мыггагæн та æрмæст кувын æмæ ком дарыны фæр-цы ис фæсурæн.]»

Йесо ногæй зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæ райгасы тыххæй

22 Йесо æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæ Галилейы куы æрæмбырд сты, уæд сын Йесо загъта: «Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæн адæмы къухтæм,

23 Амардзысты Йæ, æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн». Ахуыргæнинæгтæ тынг фенкъард сты.

Статир – кæсаджы дзыхæй

24 Капернауммæ куы æрцыдысты, уæд Кувæндонæн хъалон æмбырдгæнджытæ æрбацыдысты Петрмæ æмæ йын загътой: «Уæ Ахуыргæнæг дыууæ драхмæйы нæ ратдзæн, æви?»

25 Уый сын загъта: «Ратдзæн». Æмæ Петр хæдзармæ куы бацыди, уæд Йесо фæраздæр æмæ йын загъта: «Куыд дæм кæсы, Симон, зæххон паддзæхтæ фиддон кæнæ хъалон кæмæй исынц? Сæхи адæмæй æви æцæгæлæттæй?»

26 Симон Ын дзуапп радта: «Æцæгæлæттæй». Йесо йын загъта: «Уæдæ фырттæ сæрибар сты.

27 Фæлæ ныл цæмæй сæ зæрдæ ма фæхуда, уый тыххæй ацу денджызмæ, баппар æнгуыр æмæ, фыццаг цы кæсаг æрцахсай, уый райс. Æмæ йын йæ дзых куы байгом кæнай, уæд дзы ссардзынæ статир. Рахæсс æй æмæ сын æй ратт Мæн тыххæй æмæ дæхи тыххæй».

18 Сæр

Чи у уæлдæр?

1 Уыцы рæстæг ахуыргæнинæгтæ æрбацыдысты Йесомæ æмæ Йæ бафарстой: «Уæларвон Паддзахады уæлдæр чи у?»

2 Йесо басидти сывæллонмæ, æрлæууын æй кодта уыдоны раз,

3 Æмæ загъта: «Æцæг уын зæгъын, куы нæ аиват æмæ сывæллæтты хуызæн куы нæ суат, уæд Уæларвон Паддзахадмæ нæ бацæудзыстут.

4 Уæдæ йæхи чи æрныллæг кæна æмæ ацы сабийы хуызæн чи суа, уый уæддæр уыдзæн Уæларвон Паддзахады.

5 Æмæ иу ахæм сывæллоныл Мæ номы сæраппонд зæрдиаг чи уа, уый Мæныл у зæрдиаг.

6 Фæлæ ацы кæстæртæй – Мæныл æууæндджытæй – иуы дæр тæригъæды чи бафтауа, уымæн йæ бæрзæйыл куыройыфыд куы æрцауындзиккой æмæ йæ денджызы куы фæдæлдон кæниккой, уæд ын хуыздæр уаид.

Тæригъæдмæ мондаггæнæнтæ

7 Сар йæ сæр дунейæн, тæригъæдмæ мондаггæнæнтæ дзы кæй ис, уый тыххæй. Уыцы мондаггæнæнтæ æнæмæнг хъуамæ уой, фæлæ сар йæ сæр, кæй аххосæй æрцæуой, уыцы адæймагæн.

8 Дæ къух кæнæ дын дæ къах тæригъæды хос куы уа, уæд æй акъуыр æмæ йæ аппар: хуыздæр дын у æнæ къух кæнæ æнæ къахæй мыггагмæйы цардмæ бацæуын, цæйнæфæлтау дæ дыууæ къухы кæнæ дыууæ къахимæ баппæрстæуа æнæхуысгæ арты.

9 Кæнæ дын дæ цæст тæригъæды хос куы уа, уæд æй фелвас æмæ йæ аппар: хуыздæр дын у иу цæстимæ цардмæ бацæуын, цæйнæфæлтау дæ дыууæ цæстимæ баппæрстæуа зындоны арты.

Фæсномыг ныхас дзæгъæл фысы тыххæй

10 Хъусут, ацы кæстæртæй иунæгыл дæр æнæрвæссон ма ут. Зæгъын уын:уыдонæн сæ зæдтæ уæлæрвты æдзух уынынц Мæ Уавларвон Фыды цæсгом.

11 [Уымæн æмæ Адæймаджы Фырт æрцыди сæфтыты бацагурынмæ æмæ сæ фервæзын кæнынмæ.]

12 Куыд уæм кæсы? Искæмæ фондзыссæдз фысы куы уаид æмæ дзы иу куы фæдзæгъæл уаид, уад, мыййаг, йæ нудæс æмæ цыппарыссæдз фысы хæхты нæ ныууадзид æмæ йæ дзæгъæл фысы агурæг нæ ацæуид?

13 Æмæ йæ куы ссара, æцæг уын зæгъын, уæд чи нæ фæдзæгъæл, уыцы нудæс æмæ цыппарыссæдз фысæй ауыл тынгдæр фæцин кæндзæн.

14 Афтæ уæ Уæларвон Фыды дæр нæ фæнды ацы кæстæртæй иуы мæлæт дæр.

Де ‘фсымæр куы бацæуа дæ тæригъæды

15 Де ‘фсымæр дæ тæригъæды куы бацæуа, уæд бавдæл æмæ йын хибарæй бауайдзæф кæн. Æмæ дæм кæд байхъуса, уæд ногæй ссардтай де ‘фсымæры.

16 Кæд дæм нæ байхъуса, уæд та демæ акæн иу кæнæ дыууæ адæймаджы, цæмæй, алы ныхас дæр раст кæй у, уымæн уа дыууæ кæнæ æртæ æвдисæны.

17 Уыдонмæ дæр куы нæ байхъуса, уæд зæгъ аргъуанæн. Æмæ кæд аргъуанмæ дæр нæ байхъуса, уæд æм кæс, муртатмæ æмæ хъалонисæгмæ цы цæстæй кæсыс, ахæм цæстæй.

18 Æцæг уын зæгъын: зæххыл бар цæмæн нæ раттат, уымæн уæларвы дæр бар лæвæрд нæ уыдзæн; зæххыл бар цæмæн раттат, уымæн та уæларвы дæр рардæуыдзæн бар.

19 Ноджы ма уын зæгъын: сымахæй дыууæ адæймаджы куы сфæнд кæной зæххыл цавæрфæвды хъуыддаджы тыххæй дæр иумæ бакувыныл, уæд цы ракурой, уый сын лæвæрд уыдзæни Мæ Уæларвон Фыдæй.

20 Уымæн æмæ Мæ номыл дыууæ кæнæ æртæ адæймаджы кæм æрæмбырд уой, уым Æз дæр семæ уыдзынæн».

Фæсномыг ныхас æгъатыр цагъары тыххæй

21 Уæд Петр бацыди Йесомæ æмæ Йын загъта: «Хицау, мæ тæригъæды цы æфсымæр бацæуа, уымæн цал хатты хъуамæ ныббарон? Авд хатты онг?»

22 Йесо йын загъта: «Авд хатты онг дын нæ зæгъын, фæлæ дæс æмæ æртиссæдзгæйттæй авд хатты онг.

23 Уымæн æмæ Уæларвон Паддзахад у, йæ цагъартæй дзы чи цас дары, уый банымайыны фæнд цы паддзах скодта, уый хуызæн.

24 Уый нымайын куы райдыдта, уæд æркодтой, дæс мин таланты дзы чи дардта, уыцы адæймаджы.

25 Æмæ цæмæй бафида, уый йæм кæй нæ уыди, уымæ гæсгæ паддзах радта хæзджынæн йæхи, йæ усы, йæ сывæллæтты, стæй ма йæм цыдæриддæр уыд, æппæт уыдæттæ ауæй кæныны æмæ хæс бафидыны бардзырд.

26 Уæд уыцы цагъар йæ разы æрхауд йæ зонгуытыл æмæ йын дзырдта: „[Ме 'лдар!] Банхъæлмæ кæс, æмæ дын дæ хæс æнæхъæнæй дæр бафиддзынæн».

27 Паддзах фæтæригъæд кодта уыцы цагъарæн, ауагъта йæ æмæ йын йæ хæс дæр ныууагъта.

28 Уыцы цагъар та рацыд æмæ ссардта, фондзыссæдз динары дзы чи дардта, йæ уыцы æмбалы, æрцахста йæ, ныххæцыд ын йæ хурхыл æмæ йын загътæ „Цы мæ дарыс, уый мын бафид».

29 Уæд йе ‘мбал йæхи уый къæхтæм æрæппæрста æмæ йын лæгъстæ кодта: „Банхъæлмæ кæс, æмæ дæ цы дарын, уый дын бафиддзынæн».

30 Фæлæ уый не сразы, ацыд æмæ йæ бакодта ахæстоны, цалынмæ йын йæ хæс бафида, уæдмæ.

31 Ацы хабар йе ‘мбæлттæ куы федтой, уæд сын тынг фæхъыг и. Æрцыдысты сæ паддзахмæ æмæ йын радзырдтой, цы æрцыди, уый.

32 Уæд æм паддзах басидт æмæ йын загъта: „Фыдзæрдæ цагъар! Ды мын балæгъстæ кодтай, æмæ дын æз дæ хæс æнæхъæнæй дæр куы ныббарстон,

33 Уæд дæуæн дæр не ‘мбæлд, æви, де ‘мбалæн батæригъæд кæнын, æз дын куыд батæригъæд кодтон, афтæ?»

34 Мæсты паддзах æй радта хъизæмарæй марынмæ, цалынмæ йæ хæс æнæхъæнæй бафида, уæдмæ.

35 Мæ Уæларвон Фыд дæр уын афтæ бакæндзæн, алчидæр уæ йе ‘фсымæрæн йæ тæригъæдтæ зæрдиагæй куы нæ ныббара, уæд».

19 Сæр

Ус ауадзыны тыххæй

1 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд араст Галилейæ, æмæ æрцыд Иудейæйы зæхмæ, Иорданы иннæ фарсмæ.

2 Йæ фæдыл ацыди бирæ адæм, æмæ сæ уым сдзæбæх кодта.

3 Бацыдысты Йæм фарисейтæ æмæ Йæ ракъахыны охыл бафарстой: «Алы азымы тыххæй æмбæлы лæгæн йæ усы ауадзын, æви нæ?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Сфæлдисæг тæккæ райдианæй уыдоны нæлгоймаг æмæ сылгоймагæй кæй сфæлдыста», уый тыххæй нæ бакастыстут, æви?

5 Æмæ Сфæлдисæг загъта: „Уымæ гæсгæ адæймаг ныууадздзæн йæ фыд æмæ йæ мады, баиу уыдзæн йæ усимæ, æмæ дыууæ уыдзысты иу буар».

6 Афтæмæй уыдон дыууæ нал сты, фæлæ сты иу буар. Уæдæ Хуыцау цы сиу кодта, уый адæймаг ма ахицæн кæнæд».

7 Уыдон Йесойæн загътой: «Уæдæ Моисей цæмæн бафæдзæхста уагъды æвдисæндар раттын æмæ усы ауадзын?»

8 Йесо сын дзуапп радта: «Хивæнд кæй стут, уый тыххæй уын радта Моисей уæ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтæ нæ уыди.

9 Фæлæ уын Æз зæгъын: хæтыны азым æм ма уæд, уымæй дарддæр йæ усы чи ауадза æмæ æндæр ус чи ракура, уый хæтгæ кæны. [Уагъд усы чи ракура, уый дæр хæтгæ кæны.]»

10 Йæ ахуыргæнинæгтæ Йын загътой: «Кæд йæ усы тыххæй лæгмæ ахæм хæс хауы, уæд хуыздæр у ус нæ ракурын».

11 Йесо сын загъта: «Æппæты бон нæу ацы ныхас æххæст кæнын, фæлæ Хуыцауæй лæвæрд кæмæн уа, уый йæ сæххæст кæндзæн.

12 Уымæн æмæ ис, мады гуыбынæй æрдызт чи рахаста, ахæмтæ. Ис, адæм кæй бардызтой, ахæм æрдызтытæ дæр. Ноджы ма ис, Уæларвон Паддзахады сæраппонд йæхи чи бардызта, ахæмтæ дæр. Ацы ныхас сæххæст кæнын кæй бон у, уый йæ сæххæст кæнæд».

Йесо Йæ арфæ æфтауы сывæллæттыл

13 Уæд Йесомæ æрхуыдтой сывæллæтты, цæмæй сыл æрæвæра Йæ къухтæ æмæ бакува, фæлæ сæ ахуыргæнинæгтæ нæ бауагътой.

14 Йесо сын загъта: «Æрбауадзут Мæм сывæллæтты, ма сæ хъыгдарут, уымæн æмæ Уæларвон Паддзахад уыдоны хуызæтты у».

15 Йесо сывæллæттыл Йæ къухтæ æрæвæрдта æмæ ацыди уырдыгæй.

Йесо æмæ хъæздыг лæппу

16 Йесомæ æрбацыд иу лæппу æмæ Йæ бафарста: «Ахуыргæнæг, мыггагмæйы цард райсынæн хорзæй цы саразон?»

17 Йесо йын дзуапп радта: «Цæмæн Мæ фæрсыс хорз саразынæй? Иунæг Хуыцауы йеддæмæ хорз ничи у. Фæлæ дæ кæд мыггагмæйы цардмæ бацæуын фæнды, уæд сæххæст кæн фæдзæхстытæ»*.

18 Уый Йæ бафарста: «Цавæр фæдзæхстытæ?» Йесо йын дзуапп радта: «„Ма амар», „Ма хæт», „Ма дав», „Мæнгæвдисæн ма ныллæуу»,

19 „Нымай дæ фыд æмæ дæ мады» æмæ „Уарз хионы, дæхи куыд уарзыс, афтæ»».

20 Лæппу Йын загъта: «Æппæт уыдæттæ сæххæст кодтон. Ноджы ма мæ цы бакæнын хъæуы?»

21 Йесо йын зæгъы: «Кæд дæ фæнды, æмæ æнаипп уай, уæд ацу, ауæй кæн дæ мулк, ратт æй мæгуыртæн, æмæ дын уæлæрвты уыдзæни хæзна. Стæй-иу раздæх æмæ цу Мæ фæдыл».

22 Лæппу уый куы фехъуыста, уæд ацыд æнкъардæй, уымæн æмæ йæм бирæ мулк уыд.

23 Йесо загъта Йæ ахуыргæнинæгтæн: «Æцæг уын зæгъын: зын у хъæздыгæн Уæларвон Паддзахадмæ бацæуын.

24 Ноджы ма уын зæгъын: хъæздыгæн Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуынæй теуайæн судзины быны иннæрдæм ахизын æнцондæр у».

25 Ахуыргæнинæгтæ уый куы фехъуыстой, уæд сæм тынг диссаг фæкаст, æмæ загътой: «Уæдæ уæд чи фервæздзæн?»

26 Йесо сæм бакаст æмæ сын загъта: «Уый адæмы бон нæу, фæлæ Хуыцауæн Йæ бон æппæт дæр у».

27 Уад Ын Петр загъта: «Мæнæ мах ныууагътам алцыдæр æмæ рацыдыстæм Дæ фæдыл. Цы нæм æнхъæлмæ кæсы?»

28 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг уын зæгъын: Адæймаджы Фырт ног дунейы Йæ намысджын бынаты куы сбада, уæд сымах дæр, Мæ фæдыл рацæуджытæ, сбаддзыстуг дыууадæс бадæны Израилы дыууадæс хæдзарвæндагæн тæрхон кæнынмæ.

29 Æмæ Мæ номы сæраппонд йæ хæдзæрттæ, кæнæ йе ‘фсымæрты, кæнæ йæ хоты, кæнæ йæ фыды, кæнæ йæ мады, кæнæ йæ усы, кæнæ йæ сывæллæтты, кæнæ йæ зæххытæ чи ныууадза, уый райсдзæни фондзыссæдз хатты фылдæрæй, æмæ схайджын уыдзæн мыггагмæйы цардæй.

30 Фæлæ фыццæгтæй бирæтæ уыдзысты фæстæгтæ, фæстæгтæй та бирæтæ уыдзысты фыццæгтæ.

  • 19:17 Фæстæдæры къухфыстыты 16-17 бынæттæ сты афтæ: Йесомæ æрбацыд иу лæппу æмæ Йæ бафарста: «Хорз Ахуыргæнæг, мыггагмæйы цард райсынæн хорзæй цы саразон?» Йесо йын дзуапп радта: «Цæмæн Мæ хоныс хорз? Иунæг Хуыцауы йеддæмæ хорз ничи у. Фæлæ дæ кæд мыггагмæйы цардмæ бацæуын фæнды, уæд сæххæст кæн фæдзæхстытæ».

20 Сæр

Фæсномыг ныхас сæнæфсирдоны кусджыты тыххæй

1 Уымæн æмæ райсомæй раджы йæ сæнæфсирдонмæ кусджытæ æххуырсынмæ чи рацыд, Уæларвон Паддзахад уыцы хицауы хуызæн у.

2 Уый кусджытимæ бафидыдта бон фæйнæ динарыл, æмæ сæ арвыста йæ сæнæфсирдонмæ.

3 Æртыккæгæм сахатмæ* хæстæг та рацыд æмæ федта, сахары фæзы æгуыстæй чи лæууыд, ахæмты.

4 Æмæ уыдонæн дæр загъта: „Ацæут сымах дæр мæ сæнæфсирдонмæ, æмæ цы æмбæла, уый уын бафиддзынæн». Уыдон ацыдысты.

5 Ноджы рацыд æмбисбонмæ хæстæг, стæй фарæстæм сахатмæ хæстæг, æмæ та баххуырста æндæрты.

6 Æппынфæстаг рацыд иуæндæсæм сахатмæ хæстæг, федта та æндæр æгуыст адæм æмæ сæ бафарста: „Ам æнæхъæн бон æгуыстæй цы лæуут?»

7 Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нæ баххуырста», Уый сын загъта: „Ацæут сымах дæр мæ сæнæфсирдонмæ [æмæ цы æмбæлы, уый райсдзыстут]«.

8 Куы баизæр, уæд сæнæфсирдоны хицау йæ исбонæн уынаффæгæнæгæн загъта: „Басид кусджытæм æмæ сын мызд ратт; фæстæдæр чи æрбацыди, уыдонæн раздæр бафид, раздæр чи æрбацыди, уыдонæн та – фæстæдæр».

9 Иуæндæсæм сахатмæ хæстæг чи æрбацыд, уыдон райстой фæйнæ динары.

10 Раздæр чи æрбацыд, уыдон æнхъæл уыдысты, фылдæр райсдзысты, зæгъгæ, фæлæ уыдон дæр райстой фæйнæ динары.

11 Æмæ мызд куы райстой, уæд сæнæфсирдоны хицауыл райдыдтой бустæ кæнын.

12 Уыдон дзырдтой: „Фæстæдæр кæй баххуырстай, уыдон иунæг сахат бакуыстой, фидгæ та сын махимæ æмхуызон бакодтай, мах та æнæхъæн бон æнтæфы фæфыдæбон кодтам».

13 Уæд ай сæ иуæн ахæм дзуапп радта: „Хæлар, æз дæ хъыджы нæ бацыдтæн. Мемæ динарыл нæ бафидыдтай?

14 Цы дæм æмбæлы, уый айс æмæ ацу. Дæуæн цас радтон, мæн та фæстæдæр æрбацæуæгæн дæр уыйбæрц раттын фæнды.

15 Мæн цы у, ууыл мæ бар нæ цæуы? Æви æз рæдау кæй дæн, уый дæ цæст нæ уарзы?»

16 Афтæ фæстæгтæ уыдзысты фыццæгтæ, фыццæгтæ та уыдзысты фæстæгтæ. [Уымæн æмæ хуындтытæ бирæ сты, æвзæрстытæ та – чысыл.]»

Йесо æртыккаг хатт зæгъы Йæ мæлæт æмæ Йæ райгасы тыххæй

17 Йесо Иерусалиммæ куы цыди, уæд фæццагыл фæхибар кодта дыууадæсы æмæ сын загъта:

18 «Ныр мах цæуæм Иерусалиммæ, æмæ Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæн алчертæм æмæ динамонджытæм. Рахæсдзысты Йын марыны тæрхон

19 Æмæ Йæ ратдзысты муртаттæм, цæмæй Дзы уыдон фæхынджылæг кæной, ехсæй Йæ фæнæмой æмæ Йæ байтындзой, æмæ æртыккаг бон райгас уыдзæн».

Зеведейы усы курдиат

20 Уæд Æм бацыди Зеведейы ус йæ фырттимæ, Йæ разы æрзоныгыл æмæ Йæм хатыди цæйдæр тыххæй.

21 Йесо йæ бафарста: «Цы дæ хъæуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цæмæй Дæ Паддзахады мæ ацы дыууæ лæппуйæ иу сбада Дæ рахиз фарс, иннæ та – Дæ галиу фарс».

22 Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уæхæдæг дæр не ‘мбарут. Æз цы хъизæмæртты кæхц нуаздзынæн, уый баназын [кæнæ Мæныл цы аргъуыдæй аргъуыдæуы, ахæм аргъуыд райсын] суыдзæн уæ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзæн».

23 Уый сын загъта: «Мæ хъизæмæртты кæхц нуаздзыстут [æмæ Мæныл цы аргъуыдæй аргъуыдæуы, уымæй уыл саргъуыдæуыдзæн). Мæ рахиз фарс æмæ Мæ галиу фарс сбадын та Мæнæй аразгæ нæу, фæлæ уыцы бынæттæ Мæ Фыд кæмæн æрцæттæ кодта, уыдон дзы сбаддзысты».

24 Уый дæс ахуыргæнинаджы куы фехъуыстой, уæд смæсты сты дыууæ æфсымæрмæ.

25 Йесо басидти сеппæтмæ дæр æмæ сын загъта: «Сымах зонут, æлдæрттæ адæмтæн кæй хицауиуæг кæнынц, æмæ хицæуттæ адæмтыл барджын кæй сты, уый.

26 Сымахмæ та афтæ ма уæд. Фæлæ уæ уæлдæр уæвын кæй фæнды, уый уын уæд лæггадгæнæг;

27 Æмæ уæ фыццаг уæвын кæй фæнды, уый уын уæд цагъар.

28 Адæймаджы Фырт дæр уый тыххæй не 'рцыд, æмæ Йын лæггад кæной, фæлæ цæмæй Йæхæдæг балæггад кæна æмæ бирæты ссæрибары сæраппонд ратта Йæ цард».

Дыууæ куырмы цæстæй ракастысты

29 Иерихонæй куы рараст сты, уæд Йесойы фæдыл цыди бирæ адæм.

30 Дыууæ куырмы бадтысты фæндаггæрон. Йесо сæ рæзты кæй æрцæуы, уый куы фехъуыстой, уæд ныхъхъæр кодтой: «Батæригъæд нын кæн, Хицау, Давиды Фырт!»

31 Адæм уыдонæй домдтой, цæмæй ныссабыр уой, фæлæ ноджы тынгдæр хъæр кодтой: «Батæригъæд нын кæн, Хицау, Давиды Фырт!»

32 Йесо æрлæууыди, басидти сæм æмæ сæ бафарста: «Цы уæ фæнды? Цы уын саразон?»

33 Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фæнды нæ цæстытæй ракæсын».

34 Йесо фæтæригъæд кодта куырмытæн æмæ сын бавнæлдта сæ цæстытæм. Уыдон уайтæккæ ракастысты сæ цæстытæй æмæ ацыдысты Йæ фæдыл.

  • 20:3 Сахæттæ амынд сты рагон нымадæй (кæс дзырдуаты).

21 Сæр

Йесо æрцыд Иерусалиммæ

1 Иерусалиммæ сæ бирæ нал хъуыд. Елеоны хохы фахсыл чи ис, уыцы Виффагимæ куы бахæццæ сты, уæд Йесо арвыста дыууæ ахуыргæнинаджы,

2 Æмæ сын загъта: «Ацæут, уæ ныхмæ цы хъæу ис, уырдæм. Уым уайтæккæ ссардзыстут баст хæрæджы къæлæуимæ. Суадзут сæ æмæ сæ æркæнут Мæнмæ.

3 Исчи уын исты куы зæгъа, уæд дзуапп раттут, уыдон Хицауы хъæуынц, зæгъгæ, æмæ уын сæ уайтæккæ ратдзысты».

4 Æппæт уыдæттæ æрцыдысты, цæмæй сæххæст уа, пехуымпары дзыхæй цы загъдæуыд, уый:

5 «Зæгъут Сионы чызгæн: мæнæ дæм дæ æвæлмас Паддзах фæцæуы хæрæгыл æмæ æрыгон къæлæуыл – кусæг хæрæджы лæппыныл – бадгæйæ».

6 Ахуыргæнинæгтæ ацыдысты æмæ бакодтой Йесо сын куыд бафæдзæхста, афтæ.:

7 Æркодтой хæрæг æмæ къæлæуы, æрæвæрдтой сыл сæ дарæстæ, æмæ Йесо сæ уæлæ сбæдти.

8 Бирæ адæм сæ дарæстæ байтыдтой фæндагыл, иннæтæ та лыг кодтой бæлæсты къалиутæ æмæ сæ калдтой фæндагмæ.

9 Йесойæн Йæ разæй æмæ Йæ фæстæ цы адæм цыд, уыдон хъæр кодтой: «Осаннæ Давиды Фыртæн! Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй Æрцæуæг! Осаннæ уæлæрвты!»

10 Йесо Иерусалиммæ куы бахæццæ, уæд æгас сахар дæр базмæлыд æмæ фарстой: «Уый Чи у?»

11 Адæм та дзырдтой: «Уый Йесо-пехуымпар у, галилейаг Назаретæй».

Йесо сыгъдæг кæны Кувæндон

12 Йесо Кувæндонмæ бацыд æмæ – уæйгæнæгæй, æлхæнæгæй – сеппæты дæр ратардта, æхцаивджытæн афæлдæхта сæ фынгтæ, бæлæттæ уæйгæнджытæн та – сæ бандæттæ.

13 Æмæ сын загъта: «Фыст у: „Мæ хæдзар кувæн хæдзар схуындæуыдзæн"; сымах та дзы абырджыты лæгæт аразут».

14 Кувæндоны Йæм бацыдысты куырмытæ æмæ къуылыхтæ, æмæ сæ Уый сдзæбæх кодта.

15 Йесо цы диссæгтæ сарæзта, уыдæттæ алчертæ æмæ динамонджытæ куы федтой, стæй Кувæндоны «Осаннæ Давиды Фыртæн!», зæгъгæ, чи хъæр кодта, уыцы сывæллæтты, уæд смæсты сты,

16 Æмæ Йын загътой: «Хъусыс, цытæ дзурынц?» Йесо сын дзуапп радта: «Хъусын! Ау, никуы бакастыстут:, Ды бакодтай афтæ, æмæ сабитæ æмæ дзидзидайтæ стауынц Дæу"?»

17 Йесо сæ ныууагъта, сахарæй ацыди Вифанимæ æмæ Йе 'хсæв арвыста уым.

Æлгъыст легъуибæлас

18 Райсомæй раджы сахармæ куы здæхтысты, уæд Йесо сыстонг.

19 Фæндаггæрон федта иу легъуибæлас, бацыд æм, фæлæ йыл сыфтæрты йеддæмæ ницы ссардта. Уæд ын загъта: «Нырæй фæстæмæ дыл мыггагмæ иу гага дæр мауал æрзайæд». Æмæ легъуибæлас уайтæккæ бахус.

20 Ахуыргæнинæгтæ уый куы федтой, уæд сæм диссаг фæкаст æмæ дзырдтой: «Легъуибæлас уайтæккæ куыд бахус?»

21 Йесо сын дзуапп радта: «Æцæг уын зæгъын: уырнындзинад уæм куы уа æмæ куы нæ фæгуырысхо уат, уæд бакæндзыстут, легъуибæласыл цы æрцыд, æрмæст уый нæ, фæлæ ацы хохæн дæр куы зæгъат: „Фæхицæн у зæххæй æмæ денджызы дæхи баппар", – уæд уыдзæн афтæ.

22 Æмæ уæм уырнындзинад куы уа, уæд уæ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут».

Йесойæн ахæм бар чи радта

23 Йесо Кувæндонмæ куы æрцыд æмæ адæмы куы ахуыр кодта, уæд Æм бацыдысты алчертæ æмæ адæмы хистæртæ, æмæ Йæ бафарстой: «Ды цавæр хъаруйæ кæныс æппæт уыдæттæ? Уыцы бар Дын чи радта?»

24 Йесо сын дзуапп радта: «Æз дæр уæ бафæрсдзынæн цæмæйдæр, æмæ Мын дзуапп куы раттат, уæд уын зæгъдзынæн, цавæр хъаруйæ сæ кæнын, уый.

25 Иоанн цы аргъуыдæй аргъуыдта, уый кæмæй уыд: уæларвæй æви адæмæй?» Уыдон кæрæдзийæн дзырдтой: «„Уæларвæй" куы зæгъæм, уæд бафæрсдзæн: „Уæдæ цæуылнæ баууæндыдыстут Иоанныл?"

26 „Адæмæй" куы зæгъæм, уæд та нын адæмæй тæссаг у, уымæн æмæ сеппæт дæр Иоанны пехуымпарыл нымайынц».

27 Æмæ дзуапп радтой Йесойæн: «Нæ зонæм». Йесо дæр сын загъта: «Уæдæ уын Æз дæр нæ зæгъдзынæн, цавæр хъаруйæ сæ кæнын, уый.

Фæсномыг ныхас дыууæ фырты тыххæй

28 Куыд уæм кæсы? Иу лæгæн уыди дыууæ фырты. Бацыди сæ иумæ æмæ йын загъта: „Мæ хъæбул, ацу æмæ абон бакус мæ сæнæфсирдоны".

29 Уый дзуапп радта: „Нæ мæ фæнды", фæлæ фæстæдæр æрхудт йæхиуыл æмæ ацыди.

30 Бацыд иннæ фыртмæ, æмæ уымæн дæр загъта афтæ. Уый йын дзуапп радта: „Фæцæуын, ме 'лдар", фæлæ нæ ацыди.

31 Уыцы дыууæйæ йæ фыды фæндон чи сæххæст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Йесо сын загъта: «Æцæг уын зæгъын, хъалонисджытæ æмæ хъахбайтæ уæ разæй цæуынц Хуыцауы Паддзахадмæ.

32 Уымæн æмæ Иоанн æрцыди сымахæн раст фæндаг бацамонынмæ, æмæ йыл нæ баууæндыдыстут, хъалонисджытæ æмæ йыл хъахбайтæ та баууæндыдысты. Сымах уый федтат, фæлæ уæдцæр не 'рфæсмон кодтат æмæ йыл нæ баууæндыдыстут.

Фæсномыг ныхас фыдзæрдæ æххуырстыты тыххæй

33 Байхъусут æндæр фæсномыг ныхасмæ. Иу хицау ныссагъта сæнæфсирдон, йæ алыварс ын сарæзта æмбонд, скъахта дзы сæндуцæн, самадта дзы мæсыг, радта йæ æххуырст кусджытæм æмæ ацыди балцы.

34 Гагадыргъты рæгъæдафон куы æрхæстæг, уæд йæ цагъарты йæ сæнæфсир райсынмæ арвыста æххуырст кусджытæм.

35 Æххуырст кусджытæ йын æрцахстой йæ цагъарты, æмæ дзы кæй нæмгæ фæкодтой, кæй дзы маргæ акодтой, кæй та дзы дуртæй фæхостой.

36 Арвыста сæм æндæр цагъарты – фыццæгтæй фылдæр. Æмæ уыдонæн дæр бакодгой афтæ.

37 Æппынфæстаг сæм арвыста йæ фырты; загътæ, мæ фыртæй мын фефсæрмы уыдзысты, зæгъгæ.

38 Фæлæ йын æххуырст кусджытæ йæ фырты куы федтой, уæд кæрæдзийæн загътой: „Уый йæ бындар у. Цом, амарæм æй, æмæ йын йæ бынтæ нæхи бакæнæм",

39 Æмæ йæ æрцæхстой, раппæрстой йæ сæнæфсирдонæй æмæ йæ амардтой.

40 Ныр сæнæфсирдоны хицау куы æрцæуа, уæд цы бакæндзæн уыцы æххуырст кусджытæн?»

41 Йесойæн дзуапп радтой: «Уыцы фыдгæнджыты амардзæни хъизæмары мæлæтæй; сæнæфсирдон та ратдзæн æндæр æххуырст кусджытæм, афоныл ын сæнæфсир чи дæтта, ахæмтæм».

42 Йесо сын загъга: «Ау, Сыгъдæг Фысты никуы бакастыстут: „Аразджытæ цы дурыл нæ барвæссыдысты, уый сси сæрæвæрæн. Уый Хуыцауы фæндæй у, æмæ уыцы диссаг мах уынæм?"

43 Уымæ гæсгæ уын зæгъын, сымахæй ист æрцæудзæни Хуыцауы Паддзахад æмæ лæвæрд уыдзæни, пайда чи дæтты, уыцы адæмæн.

44 Уыцы дурыл чи æрхауа, уый ныппырх уыдзæн, йæхæдæг кæуыл æрхауа, уый та ныцъцъæл кæндзæн».

45 Алчертæ æмæ фарисейтæ Йесойы фæсномыг ныхæстæ куы фехъуыстой, уæд бамбæрстой, уыдоны тыххæй кæй дзырдта, уый.

46 Æмæ Йæ хъавыдысты æрцахсынмæ, фæлæ адæмæй нæ бауæндыдысты, уымæн æмæ Йæ адæм пехуымпарыл нымадтой.

22 Сæр

Фæсномыг ныхас чындзæхсæвы тыххæй

1 Йесо сын фæсномыг ныхæстæй дзырдта дарддæр:

2 «Йæ фыртæн чындзæхсæв чи сарæзта, Уæларвон Паддзахад уыцы паддзахы хуызæн у.

3 Уый йæ цагъарты арвыста хуындтыты чындзæхсæвмæ æрхонынмæ, фæлæ уыдоны æрцæуын нæ бафæндыди.

4 Ноджы арвыста æндæр цагъарты æмæ сын загъта: „Зæгъут хуындтытæн: мæнæ æз æрæвæрдтон фынгтæ, мæ галтæ æмæ мæ хаст фос æргæвст сты, алцыдæр цæттæ у, рацæут чындзæхсæвмæ".

5 Фæлæ йæ уыдон ницæмæ æрдардтой æмæ ацыдысты – чи йæ хуыммæ, чи та сæудæджер кæнынмæ.

6 Иннæтæ та йын æрцахстой йæ цагъарты, бафхæрдтой сæ æмæ сæ амардтой.

7 Паддзах смæсты, арвыста йе 'фсад, ныццагъта уыцы лæгмарты æмæ сын сæ сахар басыгъта.

8 Уæд йæ цагъартæн загъта: „Чындзæхсæвы фынг цæттæ у, фæлæ хуындтытæ аккаг нæ разындысты.

9 Уæдæ ацæут фæндæгты тигътæм, æмæ-иу кæйдæриддæр фенат, уыдоны æрхонут чындзæхсæвмæ".

10 Уыцы цагъартæ ацыдысты фæндæгтæм æмæ æрбахуыдтой, кæуылдæриддæр сæмбæлдысты, уыдоны – фыдзæрдæты дæр æмæ хæрзгæнджыты дæр. Æмæ чындзæхсæв байдзаг фынгыл бадæг адæмæй.

11 Паддзах фынджы адæмы фенынмæ куы бацыд, уæд дзы бафиппайдта, бæрæгбоны дарæс кæуыл нæ уыд, ахæм адæймаджы,

12 Æмæ йын загъта: „Мæ хæлар, æнæ бæрæгбоны дарæсæй ардæм куыд æрбацыдтæ?" Уый ныхъхъус и.

13 Уæд падцзах загъта йæ фæсдзæуинтæн: „Сбæттут ын йæ къухтæ æмæ йæ къæхтæ æмæ йæ аппарут æддæмæ, талынгмæ: уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс".

14 Уымæн æмæ хуындтытæ бирæ сты, æвзæрстытæ та – чысыл».

Хъалон кесæрæн

15 Уæд фарисейтæ ацыдысты æмæ бауынаффæ кодтой, цæмæй Йесойы ракъахой æмæ Йын Йæ ныхæстæ Йæхи ныхмæ фæцаразой.

16 Æмæ Йæм барвыстой сæ ахуыргæнинæгты Ироды фарсдарджытимæ, æмæ Йын уыдон загътой: «Ахуыргæнæг, мах зонæм, Ды раст кæй дæ æмæ Хуыцауы фæндаг æцæгадмæ гæсгæ кæй амоныс; искæй зæрдæ балхæныныл нæ архайыс, уымæн æмæ никæй хъулон кæныс.

17 Уæдæ нын зæгъ: куыд Дæм кæсы? Кесæрæн хъалон фидын æмбæлы æви нæ?»

18 Фæлæ сын Йесо бамбæрста сæ фыдвæнд æмæ загъта: «Цы Мæ къахут, цæстмæхъустæ?

19 Равдисут Мæм, хъалон цы æхцайæ фидынц, уый». Уыдон Æм æрбахастой динар.

20 Æмæ сын загъта: «Кæй ныв æмæ йыл кæй ном ис?»

21 Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесæры». Уæд сын Йесо загъта: «Уæдæ кесæры цы у, уый дæттут кесæрæн, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауæн».

22 Уый куы фехъуыстой, уад сæм диссаг фæкасти, ныууагътой Йæ æмæ ацыдысты.

Мæрдты райгасы тыххæй

23 Уыцы бон Йесомæ æрбацыдысты саддукейтæ (саддукейтæ дзурынц, мæрдтæ нæ райгас уыдзысты, зæгъгæ), æмæ Йæ бафарстой:

24 «Ахуыргæнæг, Моисей загъта: „Исчи æнæзæнæгæй куы амæла, уæд ын йе 'фсымæр ракурæд йæ усы æмæ цот рауадзæд йе 'фсымæрæн",

25 Махмæ уыд авд æфсымæры. Хистæр æрхаста ус, амард æнæзæнæгæй æмæ йæ ус баззади йе 'фсымæрæн.

26 Афтæ рауад сæ хабар дыккаг æмæ æртыккагæн дæр, стæй иннæтæн дæр суанг æвдæм æфсымæрмæ.

27 Сеппæты фæстæ ус дæр амард.

28 Ныр мæрдтæ куы райгас уой, уæд уыцы авд æфсымæрæй уый кæй ус уыдзæни? Сеппæты ус дæр куы уыд».

29 Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рæдийут, нæдæр Сыгъдæг Фыст, нæдæр Хуыцауы тых кæй нæ зонут, уымæ гæсгæ.

30 Уымæн æмæ мæрдтæ куы райгас уой, уæд нæдæр ус курдзысты, нæдæр мой кæндзысты, фæлæ уыдзысты уæларвон зæдтау.

31 Мæрдты райгасы тыххæй уын Хуыцау цы загъта, уый нæ бакастыстут, æви:

32 Æз дæн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау æмæ Иаковы Хуыцау"? Хуыцау мæрдты Хуыцау нæу, удæгæсты Хуыцау у».

33 Адæм уый куы фехъуыстой, уæд дисы æфтыдысты Йесойы ахуырадыл.

Тæккæ ахсджиагдæр фæдзæхст

34 Йесо Йæ дзырдæй саддукейты кæй басаста, уый фарисейтæ куы фехъуыстой, уæд æрæмбырд сты иумæ.

35 Уыдонæй иу, динамонæг, Йесойы къахгæйæ, загъта:

36 «Ахуыргæнæг, Моисейы Æгъдауы сæйрагдæр фæдзæхст кæцы у?»

37 Йесо йын дзуапп радта: «„Уарз дæ Хицау Хуыцауы æппæт зæрдæйæ, æппæт удæй æмæ æппæт зондæй".

38 Уый у фыццаг æмæ сæйрагдæр фæдзæхст.

39 Дыккаг дæр уый хуызæн у: „Уарз хионы, дæхи куыд уарзыс, афтæ".

40 Моисейы æппæт Æгъдауæн æмæ пехуымпарты ахуырадæн ацы дыууæ фæдзæхсты сты сæ бындур».

Кæй байзæддаг у Чырысти?

41 Фарисейтæ куы æрæмбырд сты, уæд сæ Йесо бафарста:

42 «Цы хъуыды кæнут Чырыстийы тыххæй? Кæй байзæддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».

43 Йесо сын загъта: «Уæдæ Йæ Давид, Сыгъдæг Удæй разæнгардæй, цæмæн хоны Хицау? Мæнæ афтæ куы дзуры:

44 „Хуыцау загъта мæ Хицауæн: сбад Мæ рахиз фарс, цалынмæ Дын Де знæгты Дæ къæхты бын æрæвæрон, уæдмæ"?

45 Уæдæ Йæ кæд Давид Хицау хоны, уæд Уый йæ байзæддаг куыд у?»

46 Æмæ Йесойæн никæй бон уыди дзуапп раттын. Уыцы бонæй фæстæмæ Йæм бафæрсынмæ йæ ныфс ничиуал хаста.

23 Сæр

Цæстмæхъус динамонджытæ æмæ фарисейтæ

1 Уæд Йесо дзурын райдыдта адæмæн æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæн:

2 «Моисейы бадæны æрбадтысты динамонджытæ æмæ фарисейтæ.

3 Æмæ уын цы зæгъынц, уый кæнут, фæлæ сын сæ хъуыддæгтæ ма фæзмут, уымæн æмæ уыдон цы фæзæгъынц, уый сæхæдæг нæ кæнынц.

4 Бæттынц уæззау, зынхæссæн уæргътæ æмæ сæ æвæрынц адæмы æккой, сæхæдæг та сæм сæ ныхы кæронæй дæр не 'вналынц.

5 Сæ алы хъуыддаг дæр адæмы цæстмæ кæнынц. Æфтауынц се 'вæрæнты уæрхыл æмæ сæ дарæсы коцоратыл*;

6 Уарзынц минасы фынгтыл уæле æмæ синагогæты раззаг бынæтты бадын;

7 Уарзынц, цæмæй сын сахарты фæзты адæм кæной арфæтæ æмæ сæ хоной: „Ахуыргæнæг! Ахуыргæнæг!"

8 Сымах та ахуыргæнджытæ ма хонæнт, уымæн æмæ уын ис иу Ахуыргæнæг – Чырысти, сымах та уеппæт дæр æфсымæртæ стут.

9 Æмæ зæххыл уæ фыд дæр макæй хонут, уымæн æмæ уын иу фыд ис – Уæларвон Фыд.

10 Зондамонджытæ дæр уæ ма хонæнт, уымæн æмæ уын ис иу Зондамонæг – Чырысти.

11 Уе 'хсæн уæлдæр чи у, уый уын уæд лæггадгæнæг.

12 Уымæн æмæ йæхи чи бæрзонд кæны, уый æрныллæг уыдзæни. Йæхи чи ныллæг кæны, уый та сбæрзонд уыдзæни.

13 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Адæмæн æхгæнут Уæларвон Паддзахадмæ дуар; уæхæдæг дæр æм нæ цæут, æмæ йæм бацæуын кæй фæнды, уыдоны дæр нæ уадзут.

14 [Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах хæрут идæдзты хæдзæрттæ æмæ бирæ кувут цæстмæ. Уый тыххæй баййафдзыстут карз æфхæрд.]

15 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах æрзилут денджыз æмæ зæххыл, цæмæй иу адæймаджы уæддæр раздахат уæ динмæ, æмæ уый Уæ къухы куы бафты, уæд дзы скæнут зындоны хъæбул – уæхицæй дыууæ хатты æвзæрдæр.

16 Сар уæ сæр, куырм фæтæгтæ! Сымах дзурут: „Исчи Кувæндонæй куы басомы кæна, уæд уый ницы у, фæлæ Кувæндоны сызгъæринæй чи басомы кæна, уый йæ сомы ма басæттæд».

17 Æнæзæндтæ æмæ куырмытæ! Ахсджиагдæр цы у, сызгъæрин æви Кувæндон – сызгъæрин сыгъдæггæнæг?

18 Ноджы фæзæгъут: „Нывондхæссæнæй Исчи куы басомы кæна, уæд уый ницы у, фæлæ нывондхæссæныл цы нывонд ис, уымæй чи басомы кæна, – уый йæ сомы ма басæттæд».

19 [Æдылытæ æмæ] куырмытæ! Ахсджиагдæр цы у, нывонд æви нывондхæссæн – нывонд сыгъдæггæнæг?

20 Уæдæ нывондхæссæнæй сомыгæнæг сомы кæны нывондхæссæнæй дæр æмæ йыл цы æвæрд ис, æппæт уыдæттæй дæр.

21 Кувæндонæй сомыгæнæг сомы кæны кувæндондай, стæй дзы Чи цæры, Уымæй дæр.

22 Арвæй сомыгæнæг сомы кæны Хуыцауы бадæнæй æмæ уыцы бадæны Бадæгæй.

23 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Моисейы ‘Æгъдаумæ гæсгæ суанг битъына, хъонтхора æмæ зирайы дæсæймаг хай дæттут, йæ ахъаззæгтæ – рæстдзинад, иннæйы барæвдауын æмæ уырнындзинад та ницæмæ дарут. Сымахæн æмбæлд адæттæ кæнын æмæ уыдæттæ дæр рохуаты нæ ныууадзын.

24 Куырм фæтæгтæ, къогъойы чи фæрсудзы æмæ теуайы чи ныхъуыры!

25 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах къус æмæ тæбæгъ æддейæ сыгъдæг кæнут; дзаг цæмæй сты, уый та уæ къухы бафтыд, кæрæф æмæ æнæфсис кæй стут, уый руаджы.

26 Куырм фарисей! Фыццаг уал къус æмæ тæбæгъ ссыгъдæг кæн мидæгæй, æмæ уæд æддейæ дæр уыдзысты сыгъдæг.

27 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Сымах чъырæйцагъд зæппæдзты хуызæн стут – уыдон æддейæ рæсугъд зынынц, мидæгæй та дзаг сты мæрдты стджытæ æмæ алы чъизитæй.

28 Афтæ сымах дæр уæ бакастæй адæммæ рæстгæнджытæ кæсут, мидæгæй та дзаг стут цæстмæми æмæ тæригъæдæй.

29 Сар уæ сæр, динамонджытæ æмæ фарисейтæ, цæстмæхъустæ! Пехуымпартæн аразут зæппæдзтæ, рæсугъд кæнут рæстыты цыртытæ,

30 Æмæ фæзæгъуг. „Нæ фыдæлты рæстæг куы цардаиккам, уæд пехуымпарты туг ныккалджытимæ æмдзæхдон нæ уыдаиккам».

31 Афтæмæй æвдисæн лæуут уæхи ныхмæ, пехуымпарты марджыты байзæддаг кæй стут, уый тыххæй.

32 Уæдæ бафтаут уæ фыдæлты азымыл.

33 Кæлмытæ æмæ калмы цот! Куыд фервæздзыстут зындонмæ уæ ныппарыны тæрхонæй?

34 Уый тыххæй уæм мæнæ Æз æрвитын пехуымпарты, зондджынты æмæ динамонджыты. Иуты дзы амардзыстут æмæ байтындздзыстут, иннæты нæмдзыстут ехсæй уæ синагогæты æмæ сæ сурдзыстут иу сахарæй иннæ сахармæ.

35 Уымæ гæсгæ уын, зæххыл цы рæстаг туг фæкалд, уый иууылдæр фидинаг у: рæстгæнæг Авелы тугæй, Кувæндонæй нывондхæссæны æхсæн кæй амардтат, уыцы Варахийы фырт Захарийы туджы онг.

36 Æцæг уын зæгъын, æппæт уыцы фыдракæндты тыххæй æфхæрд баййафдзæн ацы фæлтæр.

Йесо кæуы Иерусалимыл

37 Иерусалим, Иерусалим, пехуымпарты марæг æмæ дæумæ æрвыстыты дуртæй цæгъдæг! Цал хатты Мæ фæндыди, маргъ йæ лæппынты йæ базырты бын куыд бакæны, афтæ дæ хъæбулты æрæмбырд кæнын, фæлæ сымах нæ бафæндыди!

38 Ныр уын уæ хæдзар уагъдæуы æнæхицау æмæ афтидæй.

39 Уымæн æмæ уын зæгъын, цалынмæ афтæ зæгъат: „Арфæгонд уæд Хуыцауы номæй Æрцæуæг!», уæдмæ Мæ нал фендзыстут».

  • 23:5 Æвæрæнтæ – чыссæтæ Моисейы Æгъдауæй ист дзырдтæ æвæрынæн. Кувыны афон сæ иудейтæ фæбæттынц сæ тæрныхтыл æмæ сæ къухтыл.Коцоратæ дарынц Æгъдауы домæнмæ гæсгæ.

24 Сæр

Пехуымпар ныхас Кувæндоны тыххæй

1 Йесо Кувæндонæй куы рацæйцыд, уæд Æм бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ, цæмæй Йын фенын кæной Кувæндоны бæстыхæйттæ.

2 Йесо сын загъта: «Уынут æппæт уыдæттæ? Æцæг уын зæгъын: афтæ ныппырх уыдзысты, æмæ дзы ам дур дурыл нал баззайдзæн».

Бæллæхты райдайæн

3 Йесо Елеоны хохыл куы бадт, уæд Æм Йæ ахуыргæнинæгтæ хибарæй бацыдысты æмæ Йæ бафарстой: «Зæгъ-ма нын, уый кæд уыдзæн æмæ цæмæй бæрæг уыдзæни Де ‘рцыды æмæ дунейы фæуды афон?»

4 Йесо сын дзуапп радта: «Уæхи хизут, цæмæй уæ мачи фæсайа.

5 Уымæн æмæ бирæтæ æрцæудзысты æмæ дзурдзысты: „Æз Чырысти дæн», æмæ бирæты фæсайдзысты.

6 Ноджы ма фехъусдзыстут æввахс æмæ дард хæстыты тыххæй. Ма тæрсут – æппæт уыдæттæн æнæрцæугæ нæй, фæлæ уый кæрон нæма уыдзæни.

7 Сыстдзысты адæм адæмы ныхмæ æмæ паддзахад паддзахады ныхмæ, ранæй-рæтты скæндзæни стонг рæстæг, уыдзæни зæххæнкъуыстытæ.

8 Æппæт уыдæттæ арæг сылгоймаджы хъизæмæртты райдайæнау уыдзысты.

9 Уад уæ æгъатырæй æфхæрдзысты æмæ уæ мардзысты, æмæ Мæ номы тыххæй æппæт адæмтæн уыдзыстут æнæуынон.

10 Уæд бирæтæ ныууадздзысты уырнындзинад, кæрæдзийыл рацæудзысты гадзрахатæй æмæ кæрæдзийæ уындзысты се сæфт.

11 Фæзындзæни бирæ мæнгпехуымпартæ æмæ бирæты асайдзысты.

12 Æмæ тæригъады сарæхы аххосæй бирæтæн бамынæг уыдзæни сæ уарзондзинад.

13 Фæлæ кæронмæ чи бафæраза, уый фервæздзæн.

14 Æмæ ацы фарны уац фæхæццæ уыдзæни дунейы æппæт кæрæттæм, æппæт адæмтæ дæр фехъусдзысты Уæларвон Паддзахады тыххæй, æмæ уæд æрцæудзæни кæрон.

Æрцæуинаг бæллæхтæ

15 Уæдæ Даниил-пехуымпары дзыхæй Хуыцау куыд загъта, афтæ Сыгъдæг Бынаты „æлгъаг гæныстон» куы фенат, – чиныгкæсæг æй бамбарæд, –

16 Уæд Иудейæйы чи уа, уыдон лидзæнт хæхтæм.

17 Уæлхæдзар чи уа, уый йæ хæдзармæ ма æрхизæд уырдыгæй исты рахæссынмæ.

18 Быдыры чи уа, уый дæр ма раздæхæд йæ дарæс рахæссынмæ.

19 Уæд додоййаг уыдзысты сывæрджынтæ æмæ дзидзидарджытæ.

20 Кувут, цæмæй уæ ма бахъæуа зымæджы кæнæ сабаты лидзын.

21 Уымæн æмæ уæд уыдзæни, Хуыцау дуне куы сфæлдыста, уæдæй нырмæ чи нæма уыд æмæ нал уыдзæн, ахæм стыр бæллæх.

22 Æмæ уыцы бонтæ Хуыцау куы нæ фæцыбыр кодтаид, уæд иу адæймаг дæр нæ фервæзтаид. Фæлæ æвзæрстыты сæраппонд Хуыцау уыцы бонтæ фæцыбыр кæндзæн.

23 Уæд уын исчи куы зæгъа: „Мæнæ ам ис Чырысти», кæнæ: „Уым ис», – ма уæ бауырнæд.

24 Уымæн æмæ фæзындзысты мæнгчырыститæ æмæ мæнгпехуымпартæ, равдисдзысты стыр æвдисæйнæгтæ æмæ диссæгтæ, цæмæй, гæнæн æмæ амалæй, асайой æвзæрстыты дæр.

25 Ныр уын уыдæтты тыххæй загътон рагацау.

26 Уæдæ уын куы зæгъой: „Чырысти æдзæрæг ран ис», – ма ацæут, кæнæ: „Мæнæ рæбинаг уаты ис Уый», – ма уæ бауырнæд.

27 Уымæн æмæ, æрвæрттывд скæсæнæй суанг ныгуылæнмæ куыд фæзыны, афтæ уыдзæн Адæймаджы Фырты æрцыд дæр.

28 Холы кæм уа, уым æрæмбырд уыдзысты цæргæстæ.

Адæймаджы Фырты æрцыд

29 Уыцы бæллæхты хæдуæлвæд баталынг уыдзæни хур, мæй нал ратдзæн йæ рухс, стъалытæ æрхаудзысты арвæй, æмæ уæларвон тыхтæ нынкъуысдзысты.

30 Уæд арвыл фæзындзæн Адæймаджы Фырты æвдисæйнаг. Скæудзысты æппæт зæххон адæмтæ æмæ Адæймаджы Фырты фендзысты стыр тых æмæ намысимæ уæларвон æврæгътыл æрцæйцæугæ.

31 Сыкъауадындз хъæрæй ныууасдзæн, æмæ Адæймаджы Фырт рарвитдзæн Йæ зæдты, æмæ Йын Йе ‘взæрстыты æрæмбырд кæндзысты алы рæттæй – арвы иу кæронæй иннæ кæронмæ.

Фæсномыг ныхас легъуибæласы тыххæй

32 Райсут цæвиттонæн легъуибæлас: йæ къалиутæ куы сфæлмæн вæййынц æмæ сыфтæр куы рафтауынц, уæд фæзонут, сæрд кæй æрæввахс.

33 Уæдæ сымах æппæт уыдæттæ куы фенат, уæд-иу зонут, афон кæй æрæввахс, ныридæгæн къæсæрыл кæй ис, уый.

34 Æцæг уын зæгъын: ацы фæлтæр нæма аивгъуыйдзæни, цалынмæ æппæт уыдæттæ æрцæуой.

35 Арв æмæ зæхх нал уыдзысты, Мæ ныхæстæ та мыггагмæ дæр уыдзысты сæ тыхы.

Бон æмæ сахат ничи зоны

36 Уыцы бон æмæ сахаты тыххæй ничи зоны: нæдæр уæларвон зæдтæ, нæдæр Фырт – æрмæст æй Фыд зоны.

37 Фæлæ Нойы бонты куыд уыдис, афтæ уыдзæн Адæймаджы Фырты æрцыды рæстæг дæр.

38 Цалынмæ Ной наумæ нæ бацыд æмæ доны хъаймæт нæ райдыдта, уæдмæ хордтой æмæ нуæзтой, хастой устытæ æмæ цыдысты моймæ.

39 Æмæ æнхъæл нæ уыдысты, цалынмæ доны хъаймæт æрцыд æмæ сеппæты дæр фесæфта, уæдмæ. Адæймаджы Фырты æрцыд дæр афтæ уыдзæн.

40 Уæд дыууæ лæджы уыдзысты быдыры – сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.

41 Дыууæ сылгоймаджы æрмгуыройыл сдзысты хор – сæ иу ист æрцæудзæн, иннæ та баззайдзæн.

42 Уæдæ къæрцхъус ут, уымæн æмæ уæ Хицау кæд æрцæудзæн, уый нæ зонут.

43 Сымахæн зындгонд у: хуыснæг кæцы сахатыл æрцæудзæн, уый хæдзары хицау куы зыдтаид, уæд уыдаид къæрцхъус æмæ йæ хæдзар фæкъахын нæ бауагътаид.

44 Уымæ гæсгæ сымахдæр цæттæ ут, уымæн æмæ æнхъæл кæд нæ уат, уæд æрцæудзæн Адæймаджы Фырт.

Хорз æмæ æвзæр цагъар

45 Чи у иузæрдион æмæ зондджын цагъар? Хæринаг сын афоныл дæттыны тыххæй хæдзары хицау йæ цагъартæн хистæрæй кæй сæвæрдзæн?

46 Тæхудиаг уыдзæн уыцы цагъар, йæ хицау куы æрцæуа, уæд афтæмæй кæй æрæййафа.

47 Æцæг уын зæгъын, йеппæт исбон бакæндзæн уый бар.

48 Фæлæ уыцы цагъар фыдзæрдæ куы уа æмæ хинымæр афтæ куы зæгъа: „Мæ хицау рæхджы не ‘рцæудзæн»,

49 Æмæ куы байдайа йе ‘мбæлтты нæмын, расыггæнджытимæ хæрын æмæ нуазын,

50 Уæд уыцы цагъарæн йæ хицау æрцæудзæн, кæд æм не ‘нхъæлмæ кæса, уыцы бон, æмæ æнхъæл кæд нæ уа, уыцы сахат,

51 Æгъатырæй йæ бафхæрдзæн æмæ йын цæстмæхъусты хал ахæрын кæндзæн. Уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс.

25 Сæр

Фæсномыг ныхас дæс чызджы тыххæй

1 Уæд Уæларвон Паддзахад уыдзæн, сæ цырæгътæ семæ чи рахаста æмæ сиахсаджы размæ чи рацыди, уыцы дæс чызджы хуызæн.

2 Уыдонæй фондз зондджынтæ уыдысты, фондз та – æнæзонд.

3 Æнæзонд чызджытæ сæ цырæгътæ бæргæ рахастой, фæлæ зети семæ нæ райстой!

4 Зондджынтæ та цырæгътимæ сæ дурынты рахастой зети дæр.

5 Æмæ сиахсаг куы афæстиат, уæд чызджыты хуыссæг æрцахста æмæ сеппæт дæр бафынæй сты.

6 Фæлæ æмбисæхсæв райхъуыст хъæр: „Сиахсаг æрбацæуы; йæ размæ рацæут».

7 Уæд уыцы чызджытæ сеппæт дæр сыстадысты, æрцæттæ кодтой сæ цырæгътæ.

8 Æнæзонд чызджытæ зондджынтæн загътой: „Раттут нын уæ зетийæ, кæннод нæ цырæгътæ фæхуыссынц».

9 Зондджынтæ сын дзуапп радтой: „Цæмæй мах дæр æмæ сымах дæр зетийæ ма схъуаг уæм, уый тыххæй фæлтау ацæут уæйгæнджытæм æмæ балхæнут уæхицæн».

10 Уыдон æлхæнынмæ куы ацыдысты, уæд æрхæццæ сиахсаг, цæттæ чызджытæ йемæ бацыдысты чындзæхсæвмæ, æмæ дуар сæхгæдæуыд.

11 Уæдмæ æрцыдысты иннæ чызджытæ дæр æмæ загътой: „Хицау, Хицау, дуар нын бакæн!»

12 Фæлæ сын уый дзуапп радта: „Æцæг уын зæгъын: нæ уæ зонын».

13 Уæдæ къæрцхъус ут, уымæн æмæ нæ зонут [Адæймаджы Фырт кæд æрцæудзæни,] нæдæр уыцы бон, нæдæр уыцы сахат.

Фæсномыг ныхас талантты тыххæй

14 Цæвиттон, иу лæг балцы ацæуыны размæ басидт йæ цагъартæм æмæ сын бафæдзæхста йæ исбон.

15 Сæ иуæн радта фондз таланты, иннæмæн – дыууæ, æртыккагæн – иу, алкæмæн дæр – йæ арæхстдзинадмæ гæсгæ. Æмæ ацыди.

16 Фондз таланты чи райста, уый уайтæккæ ацыди, спайда сæ кодта æмæ ма ноджыдæр бакуыста фондз таланты.

17 Дыууæ таланты чи райста, уый дæр бакуыста дыууæ таланты.

18 Иу талант чи райста, уый та ацыди, скъахта уæрм æмæ дзы йæ хицауы æвзист баныгæдта.

19 Бирæ рæстæджы фæстæ æрцыд уыцы цагъарты хицау æмæ сæ дзуапп æрдомдта.

20 Фондз таланты чи райста, уый бацыди, бахаста йæм иннæ фондз таланты дæр æмæ загъта: „Хицау, ды мын радтай фондз таланты, æз сæ спайда кодтон æмæ ма сæм мæнæ бафтыдтон фондз таланты».

21 Йæ хицау ын загъта: „Хорз, мæ дзæбæх æмæ иузæрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы уыдтæ иузæрдион, стыр хъуыддаг дын бабар кæндзынæн. Рацу мидæмæ æмæ цин кæн дæ хицауимæ».

22 Дыууæ таланты чи райста, уый дæр æм бацыд æмæ йын загъта: „Хицау, ды мын радтай дыууæ таланты, æз сæ спайда кодтон æмæ ма сæм мæнæ бафтыдтон дыууæ таланты».

23 Йæ хицау ын загъта: „Хорз, мæ дзæбæх æмæ иузæрдион цагъар! Гыццыл хъуыддаджы уыдтæ иузæрдион, стыр хъуыддаг дын бабар кæндзынæн. Рацу мидæмæ æмæ цин кæн дæ хицауимæ».

24 Иу талант чи райста, уый дæр бацыд æмæ йын загъта: „Хицау, æз зыдтон, ды карз лæг кæй дæ, уый. Кæм нæ байтыдтай, уым кæрдыс, кæм нæ байдзæгътай, уым æмбырд кæныс.

25 Æмæ фæтарстæн, ацыдтæн æмæ дын дæ талант баныгæдтон зæххы. Мæнæ айс дæхион».

26 Йæ хицау ын загъта: „Æвзæр æмæ зивæггæнаг цагъар! Кæм нæ байтыдтон, уым кæй кæрдын, æмæ кæм нæ байдзæгътон, уым кæй æмбырд кæнын, кæд уый зыдтай,

27 Уæд дын æмбæлди ме ‘взист сæудæджертæм раттын, куы æрцыдтæн, уæд æй æфтиагимæ куыд райстаин, афтæ.

28 Уæдæ йын райсут йæ талант æмæ йæ раттут, дæс таланты кæмæ ис, уымæн.

29 Уымæн æмæ кæмæ ис, уымæн рардæуыдзæн æмæ йæм уыдзæни бирæ; кæмæ нæй, уымæй та ист æрцæудзæн, цы йæм ис, уый дæр.

30 Ницæйаг цагъары та аппарут æддæмæ, талынгмæ: уым уыдзæни кæуын æмæ дæндæгты хъыс-хъыс»». [Уыцы ныхæсты фæстæ Йесо хъæрæй загъта: «Хъустæ кæуыл ис, уый хъусæд!»]

Фæсномыг ныхас фысты æмæ сæгъты тыххæй

31 «Адæймаджы Фырт æппæт зæдтимæ намысджынæй куы æрцæуа, уæд сбаддзæн Йæ намысджын бынаты.

32 Йæ разы æрæмбырд уыдзысты æппæт адæмтæ æмæ иуты ахицæн кæндзæн иннæтæй, фыййау фысты сæгътæй куыд ахицæн кæна, афтæ.

33 Фысты æрлæууын кæндзæн Йæ рахиз фарс, сæгъты та – Йæ галиу фарс.

34 Уад Йæ рахиз фарс чи ис, уыдонæн Паддзах зæгъдзæн: „Æрцæут, Мæ Фыды арфæйæ хайджынтæ, æмæ райсут, дуне сфæлдисынæй нырмæ уын цæттæгонд цы Паддзахад у, уый.

35 Уымæн æмæ уыдтæн стонг, æмæ Мæ бафсæстат. Дойны Мын уыд, æмав Мын радтат дон. Бæлццон уыдтæн, æмæ Мæ суазæг кодтат.

36 Уыдтæн бæгънæг, æмæ Мыл скодтат дарæс. Уыдтæн рынчын, æмæ Мыл батыхстыстут. Уыдтæн ахæстоны, æмæ Мæм æрцыдыстут».

37 Уæд Ын рæстытæ зæгъдзысты: „Хицау, кæд Дæ федтам стонгæй æмæ Дæ кæд бафсæстам? Кæнæ Дæ кæд федтам дойныйæ, æмæ Дын дон кад радтам?

38 Кæд Дæ федтам бæлццонæй, æмæ Дæ кæд суазæг кодтам? Кæнæ Дæ кæд федтам бæгънæгæй, æмæ Дыл дарæс кæд скодтам?

39 Кæд Дæ федтам рынчынæй, кæнæ ахæстоны, æмæ Дæм кæд æрцыдыстæм?»

40 Æмæ сын Паддзах дзуапп ратдзæн: „Æцæг уын зæгъын: кæд уый Мæ ацы кæстæр æфсымæртæй иуæн бакодтат, уæд æй Мæнæн бакодтат».

41 Уæд Йæ галиу фарс чи ис,уыдонæн та зæгъдзæн: „Ацæут Мæнæй, æлгъыстытæ, хæйрæгæн æмæ йæ зæдтæн цæттæгоцд цы мыггагмæйы арт ис, уырдæм.

42 Уымæн æмæ уыдтæн стонг, æмæ Мын хæринаг нæ радтат. Дойны Мын уыд, æмæ Мын дон нæ радтат.

43 Уыдтæн бæлццон, æмæ Мæ не суазæг кодтат. Уыдтæн бæгънæг æмæ Мыл дарæс не скодтат. Уыдтæн рынчын æмæ ахæстоны, æмæ Мыл нæ батыхстыстут».

44 Уæд Ын уыдон дæр зæгъдзысты: „Хуыцау, кæд Дæ федтам стонгæй, кæнæ дойныйæ, кæнæ бæлццонæй, кæнæ бæгънæгæй, кæнæ рынчынæй, кæнæ ахæстоны æмæ Дын кæд нæ балæггад кодтам?»

45 Æмæ сын Паддзах дзуапп ратдзæн: „Æцæг уын зæгъын: кæд уый ацы кæстæртæй иуæн нæ бакодтат, уæд æй Мæнæн нæ бакодтат».

46 Æмæ уыдон ацæудзысты мыггагмæ удхар кæнынмæ, рæстытæ та – мыггагмæйы цардмæ».

26 Сæр

Сусæгвæнд Йесойы ныхмæ

1 Йесо Йæ ныхас куы фæци, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæн загъта:

2 «Сымах зонут: дыууæ боны фæстæ уыдзæни Куадзæн, æмæ Адæймаджы Фырт лæвæрд æрцæудзæни байтындзынмæ».

3 Уыцы рæстæг алчертæ æмæ адæмы хистæртæ æрæмбырд сты алчер Каиафæйы галуанмæ,

4 Æмæ рахастой Йесойы хинæй æрцахсыны æмæ Йæ амарыны уынаффæ.

5 Фæлæ дзырдтой: «Æрмæст бæрæгбоны нæ, науæд адæм сызмæнтдзысты».

Йесойы байсæрстæуыди хæрздæфгæнæнæй

6 Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хæдзары.

7 Уым Æм æрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хæрздæфгæнæнæй дзаг дурынимæ, æмæ Йесо фынгыл куы бадт, уæд Ын хæрздæфгæнæн райдыдта Йæ сæрыл уадзын.

8 Йæ ахуыргæнинæгтæ уый куы федтой, уæд смæсты сты æмæ дзырдтой: «Цæмæн хъуыди уыйбæрц хардз кæнын?

9 Ацы хæрздæфгæнæнæн уыди стыр аргъыл ауæйгæнæн æмæ æхца мæгуыртæн раттæн».

10 Йесо уый бамбæрста æмæ сын загъта: «Цæмæн къæмдзæстыг кæнут сылгоймаджы? Уый Мын хорз хъуыддаг сарæзта.

11 Мæгуыртæ æдзух уæ фарсмæ сты, Æз та æдзух уемæ нæ уыдзынæн.

12 Ацы хæрздæфгæнæн Мæ буарыл кæй ауагъта, уымæй Мæ æрцæттæ кодта ныгæнынмæ.

13 Æцæг уын зæгъын: ацы фарны уац æппæт дунейы хъуыстгонд кæмдæриддæр уа, уым ацы сылгоймаджы æрымысынæн загъдæуыдзæн, цы сарæзта, уый тыххæй».

Гадзрахат

14 Уæд дыууадæс ахуыргæнинагæй иу, Иудæ Искариот, ацыди алчертæм

15 Æмæ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уæ къухы уын Æй куы бафтын кæнон, уæд?» Уыдон ын радтой дæс æмæ ссæдз æвзист æхцайы.

16 Æмæ уæдæй фæстæмæ Иудæ агуырдта Йесойы сын сæ къухтæм раттыны фадат.

Куадзæны æхсæвæр

17 Донгонд дзулты бæрæгбоны фыццаг бон Йесомæ бацыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ Йын загътой: «Куыд Дæ фæнды, кæм Дын æрæвæрæм Куадзæны фынг?»

18 Уый сын загъта: «Ацæут сахармæ, иу адæймагмæ, æмæ йын зæгъут: „Ахуыргæнæг зæгъы: Мæ рæстæг хæстæг у. Куадзæн Мæ ахуыргæнинæгтимæ дæ хæдзары бæрæг кæндзынæн»».

19 Ахуыргæнинæгтæ бакодтой, Йесо сын куыд загъта, афтæ, æмæ æрæвæрдтой Куадзæны фынг.

20 Куы баизæр, уæд Йесо æрбадти фынгыл Йæ дыууадæс ахуыргæнинагимæ.

21 Æмæ хæргæ куы кодтой, уæд Йесо загъта: «Æцæг уын зæгъын, уæ иу Мыл рацæудзæни гадзрахатæй».

22 Уыдон тынг æрæнкъард сты æмæ Йын радыгай райдыдтой дзурын: «Уый æз уыдзынæн, мыййаг, Хицау?»

23 Йесо сын загъта: «Цæхдоны Мемæ йæ къæбæр чи стылдта, уый Мыл рацæудзæни гадзрахатæй.

24 Æниу, Адæймаджы Фырт фæивгъуыйы, Сыгъдæг Фыст Дзы куыд зæгъы, афтæ. Фæлæ сар йæ сæр, Адæймаджы Фыртыл гадзрахатæй цы адæймаг рацæуа, уымæн. Уыцы адæймаг фæлтау куы нæ райгуырдаид, уæд ын хуыздæр уыдаид».

25 Уæд Йæ уæйгæнæг Иудæ дæр загъта: «Уый æз уыдзынæн, мыййаг, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс».

26 Хæргæ куы кодтой, уæд Йесо райста дзул, арфæ ракодта, асаста йæ, радта йæ ахуыргæнинæгтæн æмæ загъта: «Айсут æмæ хæрут – уый Мæ Буар у».

27 Стæй райста сæны кæхц, арфæ ракодта, радта сын æй æмæ загъта: «Уеппæт дæр дзы баназут,

28 Уымæн æмæ уый Мæ Туг у – уымæй фидаргонд цæуы ног фидыд, æмæ акæлдзæни бирæтæн сæ тæригъæдтæ ныббарыны сæраппонд.

29 Зæгъын уын, нырæй фæстæмæ нал баназдзынæн ацы сæнæфсиры сæнæй; цалынмæ Мæ Фыды Паддзахады уемæ ног сæн баназон, уæдмæ».

30 Стæй азарыдысты арфæйы зарæг æмæ ацыдысты Елеоны хохмæ.

Йесо Петры тыххæй

31 Уæд сын Йесо загъта: «Ахсæв Мæ уеппæт дæр ныууадздзыстут, уымæн æмæ Сыгъдæг Фыст зæгъы: „Амардзынæн фыййауы, æмæ ныххæлиу уыдзæни фысты дзуг».

32 Фæлæ Мæ райгасы фæстæ уæ разæй ацæудзынæн Галилеймæ».

33 Петр афта бакодта: «Сеппæт дæр Дæ куы ныууадзой, уæддæр Дæ æз никуы ныууадздзынæн».

34 Йесо йын загъта: «Æцæг дын зæгъын, ахсæв уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи».

35 Петр Ын загъта: «Демæ мæ амæлын куы бахъæуа, уæддæр Дыл мæхи нæ атигъ кæндзынæн». Афтæ дзырдтой иннæ ахуыргæнинæгтæ дæр.

Йесо кувы Гефсиманийы

36 Уый фæстæ Йесо ахуыргæнинæгтимæ æрцыди, Гефсимани чи хуыйны, уыцы бынатмæ, æмæ сын загъта: «Цалынмæ ацæуон æмæ бакувон, уæдмæ уал ам абадут».

37 Йемæ ахуыдта Петры, стæй Зеведейы дыууæ фырты, æмæ райдыдта хъынцъым æмæ æрхæндæг кæнын.

38 Æмæ сын загъта: «Мæ уд мæлæтон хъынцъым кæны; фæлæуут ам Мæ фарсмæ, ма-иу бафынæй ут».

39 Иучысыл æддæдæр рацыд, зæххыл дæлгоммæ æрхауд æмæ куывта: «Мæ Фыд, кæд гæнæн ис, уæд Мæ ацы хъизæмæртты кæхцæй бахиз. Æниу, Мæн куыд фæнды, афтæ нæ, фæлæ Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд».

40 Йесо бацыд Йæ ахуыргæнинæгтæм, æмæ сæ фынæйæ куы баййæфта, уæд Петрæн загъта: «Ау, æнæ фынæйæ иу сахат Мемæ нæ бафæрæзтат?

41 Ма ныффынæй ут æмæ кувут, цæмæй фæлварæны ма бахауат. Уд цæрдæг у, буар та – æдых».

42 Ногæй та фæхибар æмæ куывта: «Мæ Фыд, кæд Мын ацы хъизæмæртты кæхцæн æнæ баназгæ нæй, уæд Дæу куыд фæнды, афтæ фæуæд».

43 Бацыди сæм æмæ та сæ баййæфта фынæйæ, уымæн æмæ сæ цæстытæ æруæззау сты.

44 Æмæ та сæ ныууагъта, фæхибар æмæ бакуывта æртыккаг хатт, уымæй размæ куыд куывта, афтæ.

45 Уæд бацыд Йæ ахуыргæнинæгтæм æмæ сын загъта: «Ныр дæр ма фынæй кæнут æмæ уæ фæллад уадзут? Мæнæ æрцыди рæстæг, æмæ Адæймаджы Фырт лæвæрд цæуы тæригъæдджынты къухтæм.

46 Сыстут æмæ цæуæм. Мæнæ æрбаввахс и Мæ уæйгæнæг».

Йесойы æрцахстой

47 Йесо Йæ ныхас нæма фæци, афтæ æрбацыд Иудæ, дыууадæс ахуыргæнинагæй иу. Алчертæ æмæ йын адæмы хистæртæ йемæ рарвыстой бирæ адæм кæрдтæ æмæ хъилтимæ.

48 Йесойы уæйгæнæг сын радта ахæм нысан: «Кæмæн аба кæнон, Уый у, æмæ Йæ æрцахсут».

49 Æмæ уайтæккæ бацыд Йесомæ æмæ Йын загъта: «Дзæбæх у, Равви!» Æмæ Йын аба кодта.

50 Йесо йын загъта: «Хæлар, цæй тыххæй æрбацыдтæ?» Уæд бацыдысты Йесомæ, фæлæбурдтой Йæм æмæ Йæ æрцахстой.

51 Йесоимæ чи уыд, уыдонæй иу фелвæста йæ кард, ныццавта дзы алчеры цагъары æмæ йын йæ хъус ахауын кодта.

52 Уæд ын Йесо загъта: «Нывæр дæ кард йæ кæрддзæмы, уымæн æмæ кард чи сиса, уыдон сеппæт дæр кардæй бабын уыдзысты.

53 Æви афтæ æнхъæл дæ, æмæ ныртæккæ Мæ Фыдæй куы ракурин, уæд Мын Уый дыууадæс легионæй фылдæр зæдтæ нæ рарвитид?

54 Уæдæ куыд сæххæст уыдзæн, æппæт уыдæтты æрцыды тыххæй Сыгъдæг Фыст цы зæгъы, уый?»

55 Уæд Йесо адæмæн загъта: «Цыма абырæджы ахсут, уыйау Ме ‘рцахсынмæ кæрдтæ æмæ хъилтимæ куы рацыдыстут. Æз æрвылбон Кувæндоны [уемæ] бадтæн, ахуыр кодтон адæмы, æмæ Мæ нæ ахстат.

56 Æппæт уыдæттæ та уымæн цæуынц, цæмæй сæххæст уа, пехуымпартæ цы ныффыстой, уый». Уæд Æй ахуыргæнинæгтæ сеппæт дæр ныууагътой æмæ фæлыгъдысты.

Йесо – синедрионы

57 Йесойы чи æрцахста, уыдон Æй акодтой алчер Каиафæмæ. Уым æрæмбырд сты динамонджытæ æмæ адæмы хистæртæ.

58 Петр дæрддзæф цыди Йæ фæдыл æмæ бацыд алчеры кæртмæ. Уым æрбадти хъахъхъæнджытимæ, цæмæй фена, хъуыддаг цæуыл ахицæн уыдзæн, уый.

59 Алчертæ æмæ æппæт синедрион Йесойы ныхмæ агуырдтой мæнг æвдисæйнæгтæ, цæмæй Йын рахæссой амарыны тæрхон,

60 Фæлæ не ссардтой, кæд бирæ мæнгæвдисæнтæ æрбацыд, уæддæр. Æппынфæстаг, æрбацыди дыууæ мæнгæвдисæны

61 Æмæ загътой: «Уый дзырдта: „Мæ бон у Хуыцауы Кувæндон фехалын æмæ йæ æртæ бонмæ саразын»».

62 Уæд алчер сыстад æмæ Йесойæн загъта: «Дæ ныхмæ Дын цы æвдисæнтæ хæссынц, уыдонæн ницы дзуапп дæттыс?»

63 Йесо ныхъхъус. Алчер Ын загъта: «Ард бахæр цардæгас Хуыцауы раз, раст нын кæй зæгъдзынæ, уый тыххæй: Ды дæ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»

64 Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс. Фæлæ уын зæгъын: нырæй фæстæмæ Адæймаджы Фырты уындзыстут Æппæтхъомысы рахиз фарс бадгæ æмæ уæларвон æврæгътыл æрцæйцæугæ».

65 Уæд алчер арæмыгъта йæ дарæс æмæ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цæй æвдисæнтæ ма нæ хъæуы? Мæнæ уæхæдæг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый!

66 Цы хъуыды уæм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Зылын у, хъуамæ амæла».

67 Уæд Ын тутæ кодтой Йæ цæсгомыл, цавтой Йæ; Иннæтæ та Йæ дзæхстытæ кодтой

68 Æмæ Йын дзырдтой: «Чырысти, кæд пехуымпар дæ, уæд Дæ чи ныццавта, уый базон».

Петр йæхи атигъ кодта Йесойыл

69 Ныр Петр та кæрты бадт. Бацыд æм иу лæггадгæнæг сылгоймаг æмæ загъта: «Ды дæр Галилейаг Йесоимæ уыдтæ».

70 Фæлæ Йыл Петр сеппæты раз атигъ кодта йæхи: «Цы дзурыс, уый нæ зонын».

71 Петр кулдуармæ куы рацыд, уæд æй федта æндæр лæггадгæнæг сылгоймаг, æмæ уым чи уыд, уыдонæн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимæ уыди».

72 Петр та Йыл атигъ кодта йæхи æмæ расомы кодта: «Æз уыцы Адæймаджы нæ зонын».

73 Уым чи лæууыд, уыдон чысыл фæстæдæр бацыдысты Петрмæ æмæ йын загътой: «Ды дæр бæлвырд уыдонæй дæ – де ‘взаджы здæхт дыл комдзог цæуы».

74 Уæд Петр райдыдта ард хæрын æмæ Хуыцауæй сомы кæнын: «Æз уыцы Адæймаджы нæ зонын». Æмæ уыйадыл уасæг ныууасыд.

75 Æмæ Петры зæрдыл æрлæууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасæг нæма ныууасдзæн, афтæ Мыл æртæ хатты атигъ кæндзынæ дæхи». Петр рацыд æддæмæ æмæ судзаг цæссыгтæй ныккуыдта.

27 Сæр

Йесойы æркодтой Пилатмæ

1 Куы сбон, уæд алчертæ æмæ адæмы хистæртæ сеппæт дæр бауынаффæ кодтой Йесойы тыххæй, цæмæй Йæ раттой амарынмæ.

2 Уæд Æй сбастой, акодтой Йæ æмæ Йæ радтой иудейаг бæстæйы хицау Пилаты къухтæм.

Иудæ æрхудт йæхиуыл

3 Йесойæн кæй стæрхон кодтой, уый Йæ уæйгæнæг Иудæ куы базыдта, уæд æрхудт йæхиуыл, дæс æмæ ссæдз æвзист æхцайы фæстæмæ радта алчертæм æмæ адæмы хистæртæм,

4 Æмæ загъта: «Æз фæтæригъæдджын дæн, æназым туг кæй ауæй кодтон, уымæй». Фæлæ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмæ нæ хауы. Дæхи хъуыддаг у».

5 Иудæ æвзист æхцатæ аппæрста Кувæндоны, рацыд æмæ йæхи æрцауыгъта.

6 Алчертæ систой æвзист æхцатæ æмæ загътой: «Кувæндоны хæзнадоны сын нывæрын нæ фæччы, уымæн æмæ туджы аргъ сты».

7 Бауынаффæ кодтой æмæ дзы бæлццæтты ныгæнынæн балхæдтой, дурынгæнæджы зæхх кæй хуыдтой, уый.

8 Уымæ гæсгæ уыцы зæхх абон дæр хуыйны «Туджы зæхх».

9 Уæд сæххæст, Иереми-пехуымпар цы загъта, уый: «Æмæ райстой дæс æмæ ссæдз æвзист æхцайы – израилæгтæ Йын цы аргъ скодтой, уый.

10 Æмæ сæ бафыстой дурынгæнæджы зæххыл, Хуыцау мын куыд загъта, афтæ».

Йесо æмæ Пилат

11 Ныр Йесо та æрлæууыди бæстæйы хицауы раз. Бæстæйы хицау Æй бафарста: «Ды дæ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дæхæдæг æй куы зæгъыс».

12 Æмæ Йæ алчертæ æмæ адæмы хистæртæ куы зылын кодтой, уæд сын Йесо ницы дзуапп радта.

13 Уæд Ын Пилат загъта: «Дæ ныхмæ куыд бирæ æвдисæн кæнынц, уый нæ хъусыс?»

14 Йесо йын йæ иу фарстæн дæр дзуапп нæ радта, æмæ бæстæйы хицау стыр дисы бафтыд.

Марыны тæрхон

15 Бæстæйы хицаумæ уыд æгъдау: бæрæгбоны-иу рауагъта, адæмы-иу кæй бафæндыд, иу ахæм ахæсты,

16 Уыцы рæстæг сæм уыди зындгонд ахæст, йæ ном – Вараввæ.

17 Æмæ адæм куы æрæмбырд сты, уæд сын Пилат загъта: «Куыд уæ фæнды, кæй уын рауадзон: Вараввæйы, æви Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойы?»

18 Пилат зыдта, Йесойы йын йæ къухтæм сæ хæлæгæй кæй радтой, уый.

19 Æмæ ма Пилат тæрхонгæнæджы бынаты куы бадти, уæд æм йæ ус барвыста зæгъынмæ: «Мацы Йын ракæн, уымæн æмæ уыцы Рæстгæнæджы тыххæй дысон бирæ фæудхар кодтон мæ фыны».

20 Фæлæ алчертæ æмæ адæмы хистæртæ сардыдтой адæмы, цæмæй ракурой Вараввæйы, Йесойы та амарын кæной.

21 Бæстæйы хицау сæ бафарста: «Куыд уæ фæнды, ацы дыууæйæ уын кæй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввæйы».

22 Пилат сæ бафарста: «Æмæ уæд Чырысти Чи хуыйны, уыцы Йесойæн та цы бакæнон?» Сеппæт дæр ын загътой: «Дзуарыл тыгъд æрцæуæд!»

23 Пилат бафарста: «Уагæр æвзæрæй цы ракодта?» Фæлæ уыдон тынгдæр хъæр кодтой: «Дзуарыл тыгъд æрцæуæд!»

24 Пилат федта, адæммæ кæй ницы хъары, уый; нæ фæлæ ма змæнтын дæр райдыдтой. Уæд райста дон, цæхсадта йæ къухтæ адæмы раз æмæ загъта: «Æз аххосджын нæ дæн ацы тугкалды. Уæ бар уæхи».

25 Адæм иууылдæр дзуапп радтой: «Йæ туг махæн æмæ нæ зæнæгæн фидинаг фæуæд»;

26 Уæд сын рауагъта Вараввæйы, Йесойы та ехсæй фæнæмын кодта æмæ Йæ радта дзуарыл байтындзынмæ.

Æфсæддонтæ æфхæрынц Йесойы

27 Уæд бæстæйы хицауы æфсæддонтæ Йесойы акодтой уый галуанмæ, æмæ Йыл æрæмбырд кодтой æгас æфсæддон хай.

28 Раластой Йын Йæ дарæс æмæ Йыл скодтой сырх пæлæз.

29 Сбыдтой сындзын кадыхуд æмæ Йын æй æркодтой Йæ сæрыл, Йæ рахиз къухмæ та Йын радтой лæдзæг. Йæ разы æрлæууыдысты сæ зонгуытыл æмæ Йыл худтысты: «Æгас цæуæд иудейаг Паддзах!»

30 Фæтутæ Йыл кодтой, стæй райстой лæдзæг æмæ Йын цавтой Йæ сæр.

31 Куы Йæ бафхæрдтой, уæд пæлæз раластой, скодтой Йыл Йæхи дарæс æмæ Йæ акодтой байтындзынмæ.

Йесойы байтыгътой

32 Куы рацыдысты, уæд сæмбæлдысты иу кириниаг лæгыл, йæ ном – Симон; æмæ йын ахæссын кодтой Йесойы дзуар.

33 Голгофæ (ома, Сæргæхцы бынат) чи хуыйны, уырдæм куы бахæццæ сты,

34 Уæд Ын нуазынæн радтой сæн мастимæ хæццæйæ. Фæлæ дзы куы ацахуыста, уад æй нæ бакуымдта.

35 Дзуарыл Æй чи байтыгъта, уыдон Ын хæлттæ сæппæрстой Йæ дарæстыл æмæ сæ се ‘хсæн байуæрстой.

36 Стæй сбадтысты æмæ Йæ хъахъхъæдтой.

37 Йæ сæрмæ Йын дзуарыл ныххуыдтой фæйнæг; фыст ыл уыди Йæ азым: «Ай у Йесо, иудейаг Паддзах».

38 Уæд Ын Йемæ байтыгътой дыууæ абырæджы, иуы рахизырдыгæй, иннæйы та галиуырдыгæй.

39 Йæ цурты чи цыди, уыдон тылдтой сæ сæртæ æмæ Йæ фаудтой:

40 «Кувæндон халæг æмæ йæ æртæ бонмæ аразæг! Кæд Хуыцауы Фырт дæ, уæд Дæхи фервæзын кæн æмæ дзуарæй æрхиз».

41 Афтæ Дзы хынджылæг кодтой алчертæ дæр динамонджытимæ æмæ адæмы хистæртимæ:

42 «Иннæты ирвæзын кодта, Йæхи фервæзын кæнын та Йæ бон нæу! Израилы Паддзах у; ныртæккæ дзуарæй æрхизæд, æмæ Йыл баууæнддзыстæм.

43 Хуыцауыл Йæ зæрдæ дардта, æмæ Йæ ныр фервæзын кæнæд, кæд Хуыцауæн фæндон у, уæд. Уымæн æмæ афтæ загъта: „Æз Хуыцауы Фырт дæн»».

44 Йемæ тыгъд абырджытæ дæр Æй фаудтой.

Йесойы мæлæт

45 Æхсæзæм сахатæй фарæстæм сахаты онг бæстæ æгасæй дæр баталынг.

46 Фарæстæм сахатмæ хæстæг Йесо хъæрæй ныууынæргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мæ Хуыцау, Мæ Хуыцау, цæмæн Мæ ныууагътай?»

47 Уым чи лæууыд, уыдонæй чидæртæ уый фехъуыстой æмæ дзырдтой: «Илиамæ дзуры».

48 Сæ иу уайтæккæ азгъордта, губкæ стылдта туаг сæны, æрсагъта йæ лæдзæгыл æмæ йæ Йесомæ бадардта баназынмæ.

49 Иннæтæ та дзырдтой: «Фæлæуу-ма, бакæсæм, кæддæра Йæм Илиа фервæзын кæнынмæ æрцæуид».

50 Йесо та ноджы хъæрæй ныууынæргъыдта æмæ Йæ уд систа.

51 Æмæ Кувæндоны мидæг æмбæрзæн дыууæ дихы фæци уæлейæ бынмæ. Зæхх нынкъуыст, æмæ къæдзæхтæ ныскъуыдтæ сты.

52 Ингæнтæ байгом сты, æмæ чи амард, уыцы сыгъдæджытæй бирæтæ райгас сты,

53 Æмæ Йесойы райгасы фæстæ сыстадысты сæ ингæнтæй, сыгъдæг сахармæ бацыдысты, æмæ сæ бирæтæ федтой.

54 Сæдæйыхицау, стæй уыимæ Йесойы чи хъахъхъæдта, уыдон зæххæнкъуыст æмæ, цы æрцыди, æппæт уыдæттæ куы федтой, уæд тынг фæтарстысты æмæ дзырдтой: «Уый æцæгæй Хуыцауы Фырт уыди».

55 Уым уыдысты æмæ дæрддзæфæй кастысты, Йесойæн лæггад кæнынмæ Галилейæ Йæ фæдыл чи рацыд, уыцы сылгоймæгтæ дæр;

56 Уыдонимæ – магдалæйаг Мариа, Иаковы æмæ Иосифы мад Мариа, стæй Зеведейы фыртты мад.

Йесойы баныгæдтой

57 Куы баизæр, уæд æрцыд аримафейаг хъæздыг лæг Иосиф. Уый дæр Йесойы ахуыргæнинаг уыди.

58 Бацыди Пилатмæ æмæ дзы куырдта Йесойы мард. Пилат радта мард раттыны бардзырд.

59 Иосиф райста марды, батыхта йæ сыгъдæг уæздан кæттаджы

60 Æмæ йæ бавæрдта, къæдзæхы кæй скъахта, йæ уыцы ног зæппадзы. Зæппадзмæ бацæуæныл бафæлдæхта стыр дур æмæ ацыди.

61 Магдалæйаг Мариа æмæ иннæ Мариа уыдысты уым æмæ бадтысты зæппадзæн йæ бакомкоммæ.

Хъахъхъæнынц зæппадз

62 Майрæмбоны фæстæ, дыккаг бон, алчертæ æмæ фарисейтæ æрæмбырд сты Пилатмæ,

63 Æмæ загътой: «Не ‘лдар, нæ зæрдыл æрлæууыд, уыцы фæливæг ма æгас куы уыд, уæд афтæ загъта: „Æртæ боны фæстæ райгас уыдзынæн».

64 Уæдæ ратт зæппадз æртыккаг бонмæ хъахъхъæныны бардзырд, цæмæй Йæ ахуыргæнинæгтæ ма æрцæуой, ма Йæ адавой æмæ адæмæн ма зæгъой: „Мæрдтæй райгас». Уæд фæстаг сайд фыццагæй æвзæрдæр уыдзæни».

65 Пилат сын загъта: «Акæнут æфсæддонтæ, ацæут æмæ уæ куыд фæнды, афтæ Йæ хъахъхъæнут».

66 Уыдон ацыдысты æмæ зæппадзмæ бацæуæны сæвæрдтой хъахъхъæнджытæ, дурыл та – мыхуыр.

28 Сæр

Чырысти райгас

1 Сабат куы аивгъуыдта, уæд, къуырийæн йæ фыццаг бон, магдалæйаг Мариа æмæ иннæ Мариа сæударæй æрцыдысты зæппадз фенынмæ.

2 Æвиппайды зæхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зæд арцыд уæларвæй, афæлдæхта дур æмæ йыл бадти.

3 Йæ хуыз уыдис арвæрттывдау, йæ дарæс – митау урс-урсид.

4 Хъахъхъæнджытæ фыртæссæй ныррызтысты æмæ мæрдтау фесты.

5 Зæд сылгоймæгтæн загъта: «Сымах ма тæрсут. Æз зонын, дзуарыл тыгъд Йесойы кæй агурут, уый.

6 Ам нæй: куыд загъта, афтæ райгас. Æрбацæут æмæ фенут, кæм æвæрд уыд, уыцы бынат.

7 Æмæ æвæстиатæй ацæут æмæ Йын зæгъут Йæ ахуыргæнинæгтæн, райгас мæрдтæй, уæ разæй цæуы Галилеймæ, æмæ Йæ уым фендзыстут, зæгъгæ. Гъеныр уын загътон мæ зæгъинаг».

8 Сылгоймæгтæ уайтæккæ рацыдысты зæппадзы цурæй, æмæ цинæмхæццæ тасимæ азгъордтой Йæ ахуыргæнинæгтæн фехъусын кæнынмæ.

9 Фæндагыл сыл æнæнхъæлæджы фембæлд Йесо æмæ сын загъта: «Цин кæнут!» Уыдон Æм базгъордтой, æрхаудтой сæ зонгуытыл æмæ Йын Йæ къæхтыл ныттыхстысты.

10 Уæд сын Йесо загъта: «Ма тæрсут. Ацæут, фехъусын кæнут Ме ‘фсымæртæн, цæмæй цæуой Галилеймæ; уым Мæ фендзысты».

Цы радзырдтой хъахъхъæнджытæ

11 Сылгоймæгтæ ма фæндагыл уыдысты, афтæ хъахъхъæнджытæй иуæй-иутæ бахæццæ сты сахармæ æмæ алчертæн радзырдтой, цы æрцыди, уый тыххæй.

12 Уыдон æрæмбырд сты адæмы хистæртимæ, бауынаффæ кодтой æмæ æфсæддонтæн радтой бирæ æхца,

13 Æмæ сын бафæдзæхстой: «Зæгъут афтæ: „Йæ ахуыргæнинæгтæ æрцыдысты æхсæвы æмæ Йæ адавтой, мах фынæй куы уыдыстæм, уæд».

14 Кæд уыцы хабар бæстæйы хицаумæ байхъуыса, уæд æй мах ууыл баууæндын кæндзыстæм æмæ уæ мастæй бахиздзыстæм».

15 Уыдон райстой æхца æмæ бакодтой, куыд сын бацамыдтой, афтæ. Æмæ уыцы хабар иудейты æхсæн хъуыстгонд у суанг абон дæр.

Йесойы фæдзæхст ахуыргæнинæгтæн

16 Иуæндæс ахуыргæнинаджы та ацыдысты Галилеймæ, Йесо сын цы хохмæ загъта, уырдæм.

17 Æмæ Йæ куы федтой, уæд Йæ разы æрхаудтой сæ зонгуытыл. Сæ иуæй-иутæ та фæгуырысхо сты.

18 Йесо сæм куы æрбахæстæг, уæд сын загъта: «Арв æмæ зæххыл æппæт бартæ Мæнмæ лæвæрд сты.

19 Уæдæ ацæут æмæ æппæт адæмты скæнут Мæ ахуыргæнинæгтæ. Аргъаут сыл Фыды, Фырты æмæ Сыгъдæг Уды номыл;

20 Сахуыр сæ кæнут, Æз уын цы бафæдзæхстон, æппæт уыдæттæ æххæст кæныныл. Æз та дунейы фæудмæ кæддæриддæр уыдзынæн уемæ».

«Распечатать» «Распечатать»

Оцени материал:

ВнизВверх (Пока не голосовали.)
Loading ... Loading ...

По теме:
]]> Rambler's Top100 ]]> Главная Карта сайта Обратная связь О Нас Архив опросов