Иоанны сыгъдæг Евангелийæ
Апрель 18, 2010
1 Сæр
1 Фыццаджыдæр уыди Дзырд, æмæ Дзырд уыдис Хуыцаумæ, æмæ Дзырд уыдис Хуыцау.
2 Уый уыд фыццаг Хуыцаумæ.
3 Æппæт Уый сæрты райдыдта уæвын, æмæ æнæ Уый ницы райдыдта уæвын, цы райдыдта уæвын.
4 Уымæ уыд цард, æмæ цард уыд адæймæгты рухс.
5 Æмæ рухс талынджы рухс кæны, æмæ йыл талынг нæ æрбатыхст.
6 Уыд адæймаг, Хуыцауæй æрвыст; йæ ном Иоанн.
7 Уый æрцыд æвдисæндзинады тыххæй, цæмæй æвдисæн лæууа Рухсы тыххæй, цæмæй æппæты бауырна уый сæрты.
8 Уый рухс нæ уыд, фæлæ æрвыст уыд, цæмæй æвдисæн лæууа Рухсы тыххæй.
9 Уыд æцæг Рухс, Кæцы рухс кæны алкæцы дунемæ æрцæуæг адæймаджы.
10 Дунейы уыд, æмæ дуне Уый сæрты райдыдта уæвын, æмæ Йæ дуне нæ базыдта.
11 Йæхионтæм æрцыд, æмæ Йæ йæхионтæ нæ райстой.
12 Фæлæ Йæ чи райста, уыдонæн, Йæ номыл уырнджытæн, Хуыцауы фырттæ уæвыны бар радта,
13 Кæцытæ нæ тугæй, нæдæр буары фæндонæй, нæдæр лæджы фæндонæй, фæлæ Хуыцауæй райгуырдысты.
14 Æмæ Дзырд буарджын ссис, æмæ цард махимæ, æххæст хорзлæвардзинад æмæ æцæгады; æмæ Йын мах федтам Йæ стырад, куыд Фыдæй иунæггуырды стырад.
15 Иоанн Уый тыххæй æвдисæн лæууы, æмæ хъæрæй зæгъы: Ай Уый уыд, æз Кæмæй загътон, мæ фæстæ Цæуæг мæ разæй фæцис, уымæн æмæ мæнæй раздæр уыд, зæгъгæ.
16 Æмæ Йæ æххæстдзинадæй мах неппæт райстам хорзлæвардзинад хорзлæвардзинадыл;
17 Цæмæйдæриддæр закъон лæвæрд у Мойсейы сæрты, хорзлæвардзинад та æмæ æцæгад рацыдысты Йесо Чырыстийы сæрты.
18 Хуыцауы никуы ничи федта; иунæггуырд Фырт, Фыды мидæг уæвæг, Уый Йæ равдыста.
19 Æмæ мæнæ Иоанны æвдисæндзинад, Иудейтæ йæм куы рарвыстой Иерусалимæй сауджынты æмæ левитты бафæрсынмæ: чи дæ ды?
20 Уый раргом кодта, æмæ сын раст æргомæй загъта: æз Чырысти нæ дæн.
21 Æмæ бафарстой уый: уæдæ цы? ды Илиа дæ? Уый загъта: нæ. Пехуымпар? Уый дзуапп лæвæрдта: нæ дæн.
22 Загътой уымæн: чи дæ ды? цæмæй радтæм мах дзуапп нæ рарвитджытæн: цы зæгъдзынæ дæхæдæг дæхи тыххæй?
23 Уый загъта: æз хъæргæнæджы хъæлæс æдзæрæг ран: сраст кæнут фæндаг Хицауæн, пехуымпар Исай куыд загъта, афтæ.
24 Æрвыстытæ та уыдысты фарисейтæй;
25 Æмæ йæ уыдон бафарстой: уæдæ ды цæмæн аргъауыс, кæд нæ Чырысти дæ, нæ Илиа, нæ пехуымпар?
26 Иоанн сын дзуаппæн загъта: æз доны аргъауын; фæлæ лæууы уе ‘хсæн Чидæр, Кæцыйы сымах нæ зонут:
27 Уый у мæ фæстæ Цæуæг, фæлæ Кæцы мæ разæй фæци; æз Уымæн йæ дзабыры бос сыхалын аккаг дæр нæ дæн.
28 Ай уыд Вифавары Иорданы цур, Иоанн кæм аргъуыдта, уым.
29 Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы йæхимæ æрбацæугæ, æмæ загъта: Мæнæ Хуыцауы Уæрыкк, дунейы тæригъæд Йæхиуыл чи исы.
30 Ай Уый у, æз Кæмæй загътон: «мæ фæстæ цæуы Лæг, Кæцы мæ разæй фæцис, уымæн æмæ Уый уыд мæнæй раздæр»;
31 Æз Æй нæ зыдтон; фæлæ доны аргъауынмæ уый тыххæй æрцыдтæн, цæмæй Уый раргом уа Израилæн.
32 Æмæ æвдисæн лæууыд Иоанн, дзургæйæ: æз федтон Уды, æрцæйцæугæ уæларвæй, куыд бæлоны, æмæ æрцæйбадгæ Уыуыл;
33 Æз Æй нæ зыдтон; фæлæ мæ доны аргъауынмæ Рарвитæг загъта мæнæн: «Уды æрцæугæ æмæ æрбадгæ Кæуыл фенай, Сыгъдæг Удæй аргъауæг Уый у»;
34 Æмæ æз федтон æмæ æвдисæн ныллæууыдтæн, Уый Хуыцауы Фырт кæй у, уыуыл.
35 Дыккаг бон ноджы лæууыд Иоанн æмæ йæ ахуыргæнинæгтæй дыууæ.
36 Æмæ, фенгæйæ Йесойы æрцæйцæугæ, загъта: мæнæ Хуыцауы Уæрыкк.
37 Уымæй ацы дзырдтæ куы фехъуыстой, уæд дыууæ ахуыргæнинаджы ацыдысты Йесойы фæдыл.
38 Йесо та, аздæхгæйæ æмæ фенгæйæ уыдон цæугæ, зæгъы уыдонæн: цы уæ хъæуы? Уыдон Уымæн загътой: Равви (ома ахуыргæнæг!) – кæм цæрыс?
39 Загъта сын: рацæут, æмæ фендзыстут. Уыдон ацыдысты æмæ федтой, Уый кæм цæры, æмæ уыцы бон Уымæ фесты. Уыд дæсæм сахатмæ æввахс.
40 Уыцы дыууæйæ, Иоаннæй Йесойы тыххæй чи фехъуыста, æмæ Йæ фæдыл чи ацыдысты, иу уыд Андрей, Симон Петры æфсымæр.
41 Уый фыццаджыдæр ссардта йæ æфсымæр Симоны, æмæ йын загъта: мах ссардтам Мессиайы, ома: «Чырыстийы».
42 Æмæ йæ æркодта Йесомæ. Йесо та, скæсгæйæ уымæ, загъта: ды – Симон, Ионайы фырт; дæ ном уыдзæн Кифæ, ома: «дур» (Петр).
43 Дыккаг бон Йесо Галилеймæ ацæуын фæнд кодта, æмæ ссардта Филиппы æмæ йын зæгъы: рацу Мæ фæдыл.
44 Филипп та уыд Вифсаидайæ, Андрей æмæ Петримæ иу сахарæй.
45 Филипп ссардта Нафанаилы, æмæ йын загъта: мах ссардтам Уый, Кæцыйы тыххæй фыста Мойсей закъоны æмæ пехуымпартæ, Иесойы Иосифы сырты, Назаретæй.
46 Фæлæ йын Нафанаил загъта: Назаретæй исты хорз æрцæудзæн, цы? Филипп ын загъта: рацу æмæ фен.
47 Йесо Нафанаилы Йæхимæ æрбацæйцæугæ куы федта, уæд уый тыххæй загъта: мæнæ раст Израилаг, хиндзинад кæмæ нæй.
48 Нафанаил зæгъы Уымæн: цæмæй зоныс Ды мæн? Йесо йын дзуаппæн загъта Филиппы бадзырды размæ дæ Æз федтон, ды легъви бæласы бын куы уыдтæ, уæд.
49 Нафанаил дзуапп лæвæрдта Уымæн: Равви! Ды дæ Хуыцауы Фырт, Ды – Израилы Паддзах.
50 Йесо йын дзуаппæн загъта: дæу уырны, уымæн-æмæ дын Æз загътон: «Æз федтон дæу легъви бæласы бын»; амæй фылдæр фендзынæ.
51 Æмæ йын загъта: æцæг, æцæг зæгъын сымахæн: нырæй фæстæмæ уындзыстут арв гомæй, æмæ Хуыцауы Зæдты ссæугæ æмæ æрцæугæ Адæймаджы Фыртмæ.
2 Сæр
1 Æртыккаг бон уыд чындзæхсæв Галилейаг Канæйы, æмæ Йесойы мад дæр уым уыд.
2 Хуынд уыдысты Йесо æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæ дæр чындзæхсæвмæ.
3 Æмæ сæнæй куы фæхъуаг сты, уæд Йесойы мад зæгъы Уымæн: сæн сæм нал ис.
4 Йесо Йын загъта: Мæн æмæ Дæуæн цы у, Усай? Мæ сахат нæма æрхæцца.
5 Йæ мад загъта кусджытæн: Уый уын цы зæгъа, уый бакæнут.
6 Уым та уыдис æхсæз донхæссæн дурыны, Иудейты сыгъдæг кæныны æгъдауæй, кæцыты цыд фæйнæ дыууæ, кæнæ æртæ барæны.
7 Йесо сын загъта: байдзаг кæнут мигæнæнтæ донæй. Æмæ сæ байдзаг кодтой сæ былтæм.
8 Ныр сæвгæнут æмæ йæ хæрд æмæ нозты æфсинмæ ахæссут. Æмæ ахастой.
9 Æмæ хæрд æмæ нозты æфсин доны, сæн чи фестад, уый ад куы федта, уый та нæ зыдта, кæцæй у ацы сæн, зыдтой йæ æрмæст кусджытæ, донæй мигæнæнтæ чи байдзаг кодта, уæд хæрд æмæ нозты æфсин æрбасидт сиахсмæ.
10 Æмæ йын загъта: алы адæймаг раздæр хорз сæн дæтты, æмæ сæ фаг куы баназынц, уæд та æвзæрдæр; ды та хуыздæр сæн бавæрдтай нырмæ.
11 Афтæ сæвæрдта Йесо райдайæн диссæгтæн Галилейаг Канæйы, æмæ раргом кодта Йе Стырад; æмæ Йыл баууæндыдысты Йæ ахуыргæнинæгтæ.
12 Уый фæстæ æрцыд Уый Капернауммæ, Йæхæдæг æмæ Йæ мад, æмæ Йæ æфсымæртæ, æмæ Йæ ахуыргæнинæгтæ, æмæ уым фесты иу чысыл бонтæ.
13 Æрæввахс Иудейты Куадзæн, æмæ Йесо æрцыд Иерусалиммæ.
14 Æмæ ссардта аргъуаны кæй уæй кодтой галтæ, фыстæ æмæ бæлæттæ, æмæ бадтысты æхца ивджытæ.
15 Æмæ синæгтæй ехс скодта, æмæ сеппæты ратардта аргъуанæй, æмæ фысты дæр, æмæ галты дæр; æмæ æхца ивджытæн сæ æхца ныххæлиукодта, æмæ сын сæ фынгтæ афæлдæхта;
16 Æмæ бæлæтты уæйгæнджытæн загъта: адон ардыгæй айсут, æмæ Мæ Фыды хæдзар ма кæнут базаргæнæн хæдзар.
17 Уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ æрæмысыдысты, фыст цы у: «Дæ хæдзарыл æнувыддзинад Мæ хæры».
18 Уыуыл Уымæн Иудейтæ загътой дзуаппæн: цы нысанæй нæ бауырнын кæндзынæ Ды, афтæ кæныны бар Дын кæй ис, уыуыл?
19 Йесо сын загъта дзуаппæн: фехалут ацы аргъуан, æмæ йæ Æз æртæ бонмæ самайдзынæн.
20 Уыуыл Уымæн Иудейтæ загътой: ацы аргъуан цыппор æхсæз азы амадтой, æмæ йæ Ды æртæ бонмæ самайдзынæ?
21 Уый та сын дзырдта Йæ Буары аргъуанæй.
22 Æмæ Уый мæрдтæй куы райгас, уæд Йæ ахуыргæнинæгтæ æрæмысыдысты, Уый ай кæй цзырдта, æмæ сæ бауырныдта Фыст, æмæ сын Йесо цы дзырд загъта, уый.
23 Æмæ Уый Куадзæны бæрæгбоны Иерусалимы куы уыдис, уæд бирæ адæм, Уый цы диссæгтæ кодта, уый куы федтой, уæд баууæндыдысты Уый номыл.
24 Фæлæ Йесо Йæхæдæг уыдоны бар нæ кодта Йæхи, уымæн æмæ сеппæты дæр зыдта,
25 Æмæ нæ уыд хъуагдзинады, цæмæй исчи æвдисæн лæууа адæймаджы тыххæй; цæмæйдæриддæр зыдта Йæхæдæг, цы ис адæймаджы мидæг.
3 Сæр
1 Фарисейты æхсæн уыд чидæр, йæ ном Никодим, Иудейты хицæуттæй иу.
2 Уый æрцыд Йесомæ æхсæвыгон æмæ Йын загъта: Равви! мах зонæм, Ды Хуыцауæй æрцæугæ Ахуыргæнæг кæй Дæ; цæмæйдæриддæр Ды цы хуызæн диссæгтæ кæныс, уыйхуызæн кæнын ничи фæразы, Хуыцау йæмæ куынæ уа, уæд.
3 Йесо йын загъта дзуаппæн: æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: уæлдæрæй чи нæ райгуыра, уый Хуыцауы Паддзахад фенын нæ бафæраздзæн.
4 Никодим Уымæн загъта: куыд хъуамæ райгуыра адæймаг, зæронд уæвгæйæ? дыккаг хатт йæ мады гуыбыны бацæуын бафæраздзæн мыййаг æмæ райгуырдзæн.
5 Йесо дзуапп лæвæрдта: æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: донæй æмæ Удæй чи нæ райгуыра, уый Хуыцауы Паддзахадмæ бацæуын нæ бафæраздзæн:
6 Буарæй гуырд у буар, Удæй гуырд та у уд.
7 Æз дын цы загътон, уыуыл ма дис кæн: уæлдæрæй райгуырын уыл æмбæлы.
8 Уд уылæфы, кæм æй фæнды, æмæ йын йæ хъæлæс хъусыс, фæлæ нæ зоныс, кæцæй æрцæуы æмæ кæдæм ацæуы: афтæ вæййы алкæцы Удæй райгуырæгимæ.
9 Никодим Уымæн загъта дзуаппæн: куыд уыдзæн ай?
10 Йесо дзуапп лæвæрдта æмæ йын загъта: ды – Израилы ахуыргæнæг, æмæ уый нæ зоныс?
11 Æцæг, æцæг зæгъын дæуæн: Мах цы зонæм, уый дзурæм, æмæ цы федтам, æвдисæн уыуыл лæууæм, фæлæ сымах Нæ æвдисæндзинад нæ исут;
12 Кæд уын Æз зæххон хъуыддаг загътон, æмæ уæ кад уый нæ уырны, уæд уын уæларвон хъуыдтаг куы зæгъон, уæд уæ уый куыд бауырндзæн?
13 Ничи ссыд арвмæ, æрмæст æрцæуæг арвæй, Адæймаджы Фырт, æрвты уæвæг;
14 Æмæ Мойсей куыд систа уæлæмæ æдзæрæг ран калмы, афтæ æмбæлы сисын уæлæмæ адæймаджы Фыртыл.
15 Цæмæй алкæцы,Уыуыл æууæндæг, ма фесæфа, фæлæ йын уа æнусон цард.
16 Цæмæйдæриддæр афтæ бауарзта Хуыцау дунейы, æмæ радта Йæ иунæггуырд Фырты, цæмæй алы, Уыуыл æууæндæг, ма фесæфа, фæлæ йын уа æнусон цард.
17 Цæмæйдæриддæр Хуыцау нæ рарвыста Йæ Фырты дунемæ тæрхон кæнынмæ, фæлæ цæмæй дуне Уый фæрцы фервæза.
18 Уый кæй уырны, уый тæрхонмæ нæ бахаудзæн, фæлæ Уый кæй нæ уырны, уымæн тæрхонгонд дæр ма фæцис, уымæн æмæ нæ баууæндыд Хуыцауы иунæггуырд Фырты номыл.
19 Тæрхон та уый у, æмæ рухс дунемæ æрцыд; фæлæ адæм рухсæй талынг фылдæр бауарзтой, уый тыххæй æмæ сæ хъуыддæгтæ уыдысты фыддзинад.
20 Цæмæйдæриддæр алы фыдгæнæгæн, æнæуынон у рухс æмæ нæ цæуы рухсмæ, цæмæй йæ хъуыддæгтæ ма раргом уой, уымæн, æмæ уыдон сты фыддзинад.
21 Фæлæ рæстдзинад чи кæны, уый рухсмæ цæуы, цæмæй йæ хъуыддæгтæ æргом уой, уымæн æмæ уыдон Хуыцаумæ гæсгæ конд сты.
22 Уый фæстæ æрцыд Йесо Йæ ахуыргæнинæгтимæ Иудейты бæстæм, æмæ уым цард уыдонимæ æмæ аргъуыдта.
23 Иоанн та афтæдæр аргъуыдта Еноны, Салиммæ хæстæг, уым дон бирæ кæй уыд, уый тыххæй; æмæ уырдæм цыдысты æмæ аргъуыдтой;
24 Цæмæйдæриддæр Иоанн талынгдоны конд нæма уыд.
25 Уæд Иоанны ахуыргæнинæгтæм рауад быцæу Иудейтимæ сыгъдæггæнындзинады тыххæй.
26 Æмæ æрцыдысты Иоаннмæ æмæ йын загътой: Равви! демæ Йорданы Чи уыд, æмæ ды æвдисæн Кæй, тыххæй лæууыдтæ, Уый дæр аргъауы æмæ Йæм иууылдæр цæуынц.
27 Иоанн сын дзуаппæн загъта: адæймаг йæхæдæг йæхимæ райсын ницы фæразы, уæларвæй йын лæвæрд куынæ уа, уæд.
28 Сымах мын уæхæдæг æвдисæнтæ стут, æз кæй загътон: æз Чырысти нæ дæн, фæлæ æз Йæ разы æрвыст дæн.
29 Чындз куырд кæмæн ис, уый у сиахс; сиахсы æмбал та, лæугæйæ æмæ уымæ хъусгæйæ, циндзинадæй цин кæны, сиахсы хъæлæс хъусгæйæ: мæ ацы циндзинад сæххæстис;
30 Уымæн æмбæлы рæзын, мæнæн та ныллæг кæнын.
32 Æмæ Уый цы федта æмæ цы фехъуыста, уый тыххæй æвдисæн лæууы; æмæ ничи исы Йæ æвдисæндзинад.
33 Йæ æвдисæндзинад райсæг уымæй мыхуыргонд у, хуыцау æцæг кæй у.
34 Цæмæйдæриддæр Уый, Кæцыйы рарвыста Хуыцау, дзуры Хуыцауы ныхæстæ; цæмæйдæриддæр Хуыцау Уды барæнæй нæ дæдты.
35 Фыд уарзы Фырты, æмæ Йын æппæтдæр Йæ къухы радта.
36 Фырт кæй уырны, уымæн æнусмæ цард ис; фæлæ Фырт кæй нæ уырны, уый нæ фендзæн цард, фæлæ Хуыцауы мастдзинад æрцæуы уыл.
Оцени материал:
