Матфейы Евангели
Апрель 25, 2010
1 Сæр
Йесойы хæдзарвæндаг
1 Йесо Чырыстийы – Авраам æмæ Давиды байзæддаджы – хæдзарвæндаг.
2 Авраамæй райгуырд Исаак; Исаакæй райгуырд Иаков; Иаковæй райгуырдысты Иудæ æмæ йе ‘фсымæртæ;
3 Иудæйæн Фамарæй райгуырдысты Фарес æмæ Зара; Фаресæй райгуырд Есром; Есромæй райгуырд Арам;
4 Арамæй райгуырд Аминадав; Аминадавæй райгуырди Наассон; Наассонæй райгуырди Салмон;
5 Салмонæн Рахавæй райгуырд Вооз; Воозæн Руфæй райгуырд Овид; Овидæй райгуырд Иессей;
6 Иессейæ райгуырди паддзах Давид; Давидæн Урийы усæй райгуырди Соломон;
7 Соломонæй райгуырди Ровоам; Ровоамæй райгуырд Ави; Авийæ райгуырд Аса;
Далее »
Хохаг куывд
Апрель 25, 2010
Хуыцау, дæу зонæм,
Æппæты хицау ды дæ,
Нæ кувинæгтæ нын ды райс адджынæн æмæ кадджынæн.
Хохы Уастырджи,
Нæ кувинæгтæ нын адджынæй райс.
Адæмы мад дæ, Мадымайрæм,
Нæ кувинæгтæ нын адджынæй райс,
Дæ ном дын адджынæй æмæ кадджынæй куыд арæм,
Цы чысылтæ дæттыс, уыдон дæр де уазæг,
Регахи рухс Аларды,
Нæ кувинæгтæ нын адджынæй райс.
Далее »
Иоанны сыгъдæг Евангелийæ
Апрель 18, 2010
1 Сæр
1 Фыццаджыдæр уыди Дзырд, æмæ Дзырд уыдис Хуыцаумæ, æмæ Дзырд уыдис Хуыцау.
2 Уый уыд фыццаг Хуыцаумæ.
3 Æппæт Уый сæрты райдыдта уæвын, æмæ æнæ Уый ницы райдыдта уæвын, цы райдыдта уæвын.
4 Уымæ уыд цард, æмæ цард уыд адæймæгты рухс.
5 Æмæ рухс талынджы рухс кæны, æмæ йыл талынг нæ æрбатыхст.
6 Уыд адæймаг, Хуыцауæй æрвыст; йæ ном Иоанн.
7 Уый æрцыд æвдисæндзинады тыххæй, цæмæй æвдисæн лæууа Рухсы тыххæй, цæмæй æппæты бауырна уый сæрты.
8 Уый рухс нæ уыд, фæлæ æрвыст уыд, цæмæй æвдисæн лæууа Рухсы тыххæй.
9 Уыд æцæг Рухс, Кæцы рухс кæны алкæцы дунемæ æрцæуæг адæймаджы.
10 Дунейы уыд, æмæ дуне Уый сæрты райдыдта уæвын, æмæ Йæ дуне нæ базыдта.
11 Йæхионтæм æрцыд, æмæ Йæ йæхионтæ нæ райстой.
12 Фæлæ Йæ чи райста, уыдонæн, Йæ номыл уырнджытæн, Хуыцауы фырттæ уæвыны бар радта,
13 Кæцытæ нæ тугæй, нæдæр буары фæндонæй, нæдæр лæджы фæндонæй, фæлæ Хуыцауæй райгуырдысты.
Далее »
Авдæнмæ фидыд
Февраль 2, 2010

АВДÆНМÆ ФИДЫД – афтæ хуындис, нырма-иу авдæны чи хуыссыдис, ахæм æнакъом лæппу æмæ чызджы фидæны æмкъайады тыххæй сæ ныййарджытæ куы бафидыдтой – «æхсыры» фидыд. Уыцы æгьдауы нысан уыдис, æнгом æмæ хæларæй чи цард, ахæм дыууæ хæдзары ахастдзинæдтæ хæстæгиуæджы бастдзинадмæ раивын, сывæллæтты ныййарджитæ-иу баныхас кодтой сæхæдæг æнæ æвдисæн; æрмæст-иу кæрæдзийæн дзырд радтой æмæ-иу сæ бад зырд бафидар кодтой, сывæллæтты авдæнты сæрхъæдтæ фæуыгард кæнгæйæ. Ирыстоны иуæй-иу æхсæнæдты фидæны усгуры-мойы фыд чызынывæрзæн æвæрдта топпыхосы чъисса нæмыгимæ (фæстæдæр та цуанон топпы, кæнæ та фондзæхстоны гилдз-нæмыг) Авдæнмæ-иу куы бафидыдтой, уæд ирæдæн уыдис символикон нысаниуæг. Авдæнмæ бафидауæг бинонтæй-иу иутæ сæ дзырд куы фæсайдтой, уæд-иу уыцы хъуыддаг туг расайдта. Ирон фольклоры чысыл не сты авдæнмæ фидыды цаутæ æмæ уыцы æгъдауимæ баст трагикон фæстиуджытæ.
Далее »
Ирон адæмы царды æгъдæуттæ
Февраль 2, 2010
Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты ‘хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл.
Цæмæндæр, ныхас ирон æгъдауыл куы рацæуы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастдзинæдтæ алыварс адæмимæ, сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау. Цæй æмæ мах дæр уыдонæй райдайæм.
Ирон æхсæнады æхæстдзинæдтæ
Куыд зонæм афтæмæй, паддзахадон закъонтæ (engl.-Laws) ирон цардмæ æрцыдысты Уæрæсейæ æрæджы, иу-дыууæ æнусы размæ. Æргом зæгъгæйæ та, æххæстæй абон дæр уыйбæрц нæ ахадынц æхсæнады царды, зæгъæм Ныгуылæн Европæйы æмæ Америчы куыд ахадынц афтæ. Æнусты дæргъы Иры дзыллæйæн æнæфæцудгæ уыдысты æндæр закъонтæ – Ирон Æгъдау, Æфсарм æмæ Фыдæлты Фарн. Æрмæстдæр уыдонмæ гæсгæ арæзтой сæ цард. Уыцы æгъдæуттæ уыдысты рæстдзинад æмæ æргомдзинады бындурыл, цардæн йæхи арæзт. Хъуыдыгонд дзы уыдысты алы адæймаджы сæрибардзинад, йæ хæстæ æмæ йæ бартæ дæр.
Далее »
Бынатыхицауы куывд
Январь 29, 2010
Ирон адæм тынг æууæндынц Бынатыхицауыл, уæлдайдæр хæхбæсты цæрæг адæм. Мæнæ исчи йæ фыстæ иу ранæй иннæ ранмæ куы аивы, æрмæст фондзыссæдз сардзины, уæддæр фæзæгъы, мæ Бынатыхицауы хорзæх мын хуыцау раттæд, зæгъгæ. Хæхты цы ирон адæм цæры, уыдонæй алчи дæр дары Бынаты-хицауæн хъуг нывонд, æмæ йын алы аз дæр йæ родаргæвдынд куывдæн. Цы нозтытæ æмæ хæрд сцæттæ кæнынц, уыдонæй никæмæн фæдæттынц æндæр хæдзары бинонтæй, нæ, дам, дзы фæтчы, зæгъгæ. Куы, дам, дзы радтæм, уæд ныл фыдмæ разилдзæн Бынатыхицау.
Бынатыхицауæн кусарт акæнын, йе род, йе сæныкк аргæвдын кæмæн нæ бантысы, уыдон æнæуи нозт æмæ дзыккатæ-йедтæй дæр скувынц, уæддæр сæ сæ Бынатыхицау рох нæу. Хъуг снывонд кæнын йæ амал кæмæн нæ вæййы, уыдон та фæиывонд кæнынц сæгъ.
Далее »
Ирон æвзаджы бынат ирайнаг æвзаджы къорды
Январь 27, 2010
Ирон æвзаг хауы ирайнаг æвзаджы стыр къордмæ. Уыцы къордмæ ма хауынц бирæ æндæр егъау æвзæгтæ, куыд, зæгъæм, персайнаг, афгайнаг (пушту), таджикаг, курдаг, белуджаг. Афтæ персайнаг æвзаг æмæ йе ‘нгæс æвзæгтыл ныхас кæны сæдæ милуанмæ ‘ввахс адæймаджы. Пуштунаг æвзаг мадæлон у 45 милуанмæ хæстæг адæймагæн. Курдаг æвзагыл ныхас кæны 35-40 милуанмæ хæстæг. Уыимæ ирайнаг æвзæгты къорды ‘хсæн ис, фыссынад кæуыл нæй, ахæм æвзæгтæ дæр. Зæгъæм, гилянаг кæнæ мазандарайнаг æвзагыл дзурынц милуантæ, фæлæ сæм фыссынад кæй нæй, уымæ гæсгæ пайда кæнынц персайнаг æвзагæй.
Персайнаг æвзагыл сырæзыдис диссаджы хъæздыг аивадон литературæ, уæлдайдæр – поэзи, дунейы æмбал кæмæн нæй, уыцы персайнаг поэзи.
Хъæздыг у сæ литературæ пуштунтæн æмæ курдæгтæн дæр. Таджикаг æмæ дари литературæ та йæ райдайæн исы классикон персайнаг литературæйæ, æмæ уыцы æвзæгтæ персайнаг æвзагмæ тынг хæстæг кæй сты, уый тыххæй сæ кæрæдзийæ хицæн нæ кæнæм.
Далее »
Oss-Bæhatyry mælæt (squdzag).(ОС)
Январь 5, 2010
Xoxy kæmty Patcax! Xoxy urs Særdar!
Oss-Bæhætyr Iræn, ud sa buc Ældar.
Iu bon racyd balcy, rævdz udi gærstæj…
Kartvely Patcaxmæ, dzag udi mæstæj.
Raxasta-cæ qalon.. – Dissadzy rassuhd…
Syhzæriny qultaj, dzag ud ælfaj xud.
« – Fidaun dæuimæ!» zaxta Kartvelag,
«Sijaxsy xundi racu! Skæ-ny dy akgag!…»
Далее »
Фыдыбæстæ, Зассеты Мераб.
Январь 5, 2010
Фыдыбæстæ, æз дæн дæуæн дæ тугисæг.
Дæ рыст æмæ дæ хъыг – мæнæн мæ низ.
Нæ ныббæрстон æз никæмæн дæ цæстысыг.
Мæ ныфс дæ уæд куы фæцæуа фæдис.
Фыдыбæстæ, дæ низыхатт куы бамбарин,-
æнæгъдауæн æз басæттин йæ тых.
Фыдæлты барæнæй мæ хъару абарин,
Дæ мастимæ фæбыцæу кæнин ных.
Далее »
Ирæттæ, Дыгуырæттæ, Алантæ..
Январь 3, 2010
Иу диссаджы чиныг бакастæн, æмæ дзы разынди цымыдисаг хабæрттæ Скифты æмæ Сæрмæтты царды тыххæй.
Чиныг хуыйны «Тайны империи Чингисхана». Ныффыста йæ Иоанн Горненский.
Мæнмæ афтæ кæсы, цыма Чингисханы архайдмæ æркæсын бахъæудзæн бынтон æндæр цæстæнгасæй.
Манголæн йæ фылдæр зæххытæ сты æдзæрæг. Чи сыл сæвæрдта ахæм бæлвырд ирон ном – Гоби (немой, глухонемой)?
Гобийы фæзтæ сты парахат, ахæццæ сты Китаймæ дæр.
С бæрзæнд хæццæ кæны 1200 метры онг. 5000 азы раздæр ис фыст китайаг æвзагыл ахæм хабар. Гобийы зæххытæ раздæр хуындысты Шасай – уыцы рæстæджы æдзæрæг нæ уыдысты. Уыдис дзы, цадтæ, сакъадахтæ, хъæдтæ, æмæ дзы цардысты алыхуызон Хуннаг адæмтæ.
Китайаг фыстытæм гæсгæ ам тынг раджы, уыцы рæстæгæй нымайгæйæ, æрцард цыдæр æнахуыр адæмыхатт. Уыцы нымадмæ гæсгæ удон æрцардысты ам 8000 азы размæ, кæнæ ноджы раздæр.
Хуыдтой сæ Ди æмæ Динлинтæ. Сæ хуыз уыдис европейаг, сæ цæсгом – урс, фæлурс цæстытæ æмæ урсбын сæрыхъуынтæ. Ныхас цæуы сæ ариаг хуызыл. Иутæ амонынц, Астæуккаг Азийы адæмтæ се ’ппæт дæр кæцæй равзæрдысты, ахæм бынат дам, у. Нæ рæстæджы бæлццæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Баян-Цаган-Уулы хæххон фæзыл (3457 метры бæрзæндыл) абон дæр цæры бæрзонд адæмы хатт, европейаг хуыз, урс цæсгом, даргъ дзыккуджынтæ, фæлæ, дам, никæмæ цæуынц хæстæг.
Далее »